Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

8 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

123 ЗАР Хуцауи ӕвӕрд уагӕ ӕма ӕгъдаубӕл федар хуӕцӕн

Йегови разамундмӕ алкӕддӕр игъосӕ

Йегови разамундмӕ алкӕддӕр игъосӕ

«Ӕз, Йеговӕ, дӕн дӕ Хуцау... ци надбӕл дӕ гъӕуй цӕун, уобӕл дӕ ка кӕнуй» (ИС. 48:17).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Йеговӕ абони ӕ адӕнӕн разамунд куд дӕттуй, ӕма имӕ ку игъосӕн, уӕд нин е ци пайда ’рхӕсдзӕй.

1. Йеговӕ нин ци над амонуй, уобӕл цӕмӕн гъӕуама цӕуӕн? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

 ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ, цума тар гъӕди фӕдздзӕгъӕл дӕ. Уоми дин алцӕмӕйдӕр тӕссаг ӕй. Тӕрсис гъӕддаг сирдтӕй, марггун зайӕгойтӕй ӕма ести къагъди ке ниххаудзӕнӕ, уомӕй. Еци рауӕн хуарз ка зонуй ӕма, дӕ бон куд ӕй дӕхе тӕссаг уавӕртӕй багъӕуай кӕнун, уой дин ка амудтайдӕ, уӕхӕн адӕймаг дӕ хӕццӕ ку адтайдӕ, уӕд си, ӕвӕдзи, хъӕбӕр боз адтайсӕ. Аци дуйне дӕр уӕхӕн тар гъӕди хузӕн ӕй. Ӕма не ’ууӕндундзийнадӕн берӕ цӕмӕйдӕрти тӕссаг ӕй. Фал нин ес алцӕмӕй ӕнхӕст ка ӕй, уӕхӕн Надамонӕг – Йеговӕ. Е нӕ гъӕуай кӕнуй ӕма нин ӕнхус кӕнуй ӕносон цардмӕ, гъома, нӕуӕг дуйнемӕ ка кӕнуй, еци надбӕл цӕунмӕ.

2. Йеговӕ нин разамунд куд дӕттуй?

2 Йеговӕ нин разамунд куд дӕттуй? Фиццагидӕр ӕ Дзурд Библий фӕрци. Удта ма адӕнӕй дӕр фӕппайда кӕнуй, зӕгъӕн, «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъарӕй». Еци цагъар нин дӕттуй ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг, ӕма уой фӕрци нӕ бон фӕууй раст унаффитӕ хӕссун (Матф. 24:45). Уомӕй уӕлдай ма нин Йеговӕ разамунд фӕддӕттуй ӕндӕр фӕлтӕрдгун нӕлгоймӕгти фӕрци дӕр. Зӕгъӕн, районон цӕстӕдаргутӕ кенӕ ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ. Етӕ нин нӕ нифс бафедар кӕнунцӕ, цӕмӕй нӕ бон уа зиндзийнӕдти сӕрти хезун. Мах хъӕбӕр боз ан, фӕстаг бӕнтти рӕстӕг нин уӕхӕн разамунд ке ес. Уой фӕрци нӕ бон ӕй, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уой багъӕуай кӕнун ӕма, цардмӕ ци над кӕнуй, уобӕл цӕун.

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Фал нин алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй Йегови разамундмӕ гӕсгӕ архайун, уӕлдайдӕр ба нин ӕй ӕнӕнхӕст адӕймаги фӕрци ку раттуй, уӕд. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нин алкӕд, фегъосун нӕ ци фӕффӕндуй, уой нӕ фӕззӕгъунцӕ. Кенӕ ба нӕмӕ уотӕ дӕр фӕккӕсуй, ӕма нин ци разамунд дӕттунцӕ, е зундбӕл дзорӕг нӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ Йеговӕй нӕ цӕуй. Уӕхӕн уавӕрти уӕлдай ӕхсидзгӕ фӕууй, цӕмӕй ма гурусхӕ кӕнӕн, еци разамунд Йеговӕй ке ӕй ӕма нин пайдайӕй ӕндӕр зиан ке не ’рхӕсдзӕй. Цӕмӕй уобӕл ма гурусхӕ кӕнӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн: 1) Йеговӕ рагидзаманти адӕнӕн разамунд куд лӕвардта, 2) абони махӕн разамунд куд дӕттуй ӕма 3) ӕ разамундмӕ алкӕддӕр игъосун хуарз цӕмӕн ӕй.

Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд лӕвардта е ’взурст нӕлгоймӕгти фӕрци (кӕсӕ 3 абзац)


ЙЕГОВӔ ИЗРАИЛӔГТӔН РАЗАМУНД КУД ЛӔВАРДТА

4, 5. Йеговӕ куд бавдиста, ӕ адӕнӕн разамунд Моисеййи фӕрци ке дӕттуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)

4 Йеговӕ Моисеййӕн баихӕс кодта, цӕмӕй израилӕгти Египетӕй ракодтайдӕ. Ӕма Моисей Йегови номӕй ке архайуй, уомӕн син бӕлвурдгӕнӕн равардта. Зӕгъӕн, бонӕй уидтонцӕ мегъи «хузӕн цӕгиндзӕ», «ӕхсӕвӕ ба – арти хузӕн содзгӕ цӕгиндзӕ» (Рац. 13:21). Моисей еци цӕгиндзи фӕдбӕл цудӕй, ӕма сӕ е ӕрбакодта Сурх денгизи размӕ. Фал адӕн фӕттарстӕнцӕ. Уотӕ сӕмӕ фӕккастӕй ӕма скъӕппӕги бахаудтӕнцӕ. Сӕ разӕй адтӕй денгиз, сӕ фӕсте ба – Египети ӕфсад. Израилӕгтӕмӕ уотӕ фӕккастӕй, ӕма сӕ Моисей Сурх денгизи размӕ ке ӕрбакодта, уомӕй фӕррӕдудӕй. Фал е рӕдуд н’ адтӕй (Рац. 14:2). Йегови фӕндадтӕй, цӕмӕй израилӕгтӕ еци рауӕнмӕ ӕрбацудайуонцӕ. Уой фӕсте ба сӕ фӕййервӕзун кодта, ӕнгъӕл дӕр куд н’ адтӕнцӕ, уотӕ (Рац. 14:26–28).

Моисей цудӕй мегъи хузӕн цӕгиндзи фӕдбӕл, ӕма уотемӕй Хуцауи адӕни ӕдзӕрӕг будури худта (кӕсӕ 4 ӕма 5 абзацтӕ)


5 Моисей ибӕл нӕ гурусхӕ кодта, Йеговӕ 40 анзей дӕргъи ӕ адӕн ӕдзӕрӕг будури еци цӕгиндзи фӕрци ке кодта a. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг еци цӕгиндзӕ Моисеййи цатури сӕрмӕ адтӕй, ӕма ’й ӕгас израилӕгтӕ дӕр уидтонцӕ (Рац. 33:7, 9, 10). Йеговӕ Моисеййи хӕццӕ еци цӕгиндзӕй дзурдта, Моисей ба адӕнӕн Йегови разамунд фегъосун кӕнидӕ (Пс. 99:7). Израилӕгтӕ ’й бӕлвурдӕй уидтонцӕ, Йеговӕ син разамунд Моисеййи фӕрци ке лӕвардта.

Моисей ӕма Йесо Навин (кӕсӕ 5 ӕма 7 абзацтӕ)


6. Израилӕгтӕ Йегови разамундмӕ ци цӕстӕй ракастӕнцӕ? (Нимӕдзтӕ 14:2, 10, 11).

6 Бӕрӕг адтӕй, Моисей Йегови номӕй ке архайдта, фал ибӕл, гъигагӕн, израилӕгтӕ нӕ баууӕндтӕнцӕ. (Бакӕсӕ Нимӕдзтӕ 14:2, 10, 11.) Уой туххӕй Йеговӕ еци фӕлтӕр Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ бацӕун нӕ бауагъта (Ним. 14:30).

7. Йегови разамундмӕ ка игъуста? (Нимӕдзтӕ 14:24). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

7 Фал израилӕгтӕй кадӕртӕ Йегови разамундмӕ игъустонцӕ. Зӕгъӕн, Йеговӕ загъта: «Халев... алли гъуддаги дӕр мӕ коммӕ кастӕй». (Бакӕсӕ Нимӕдзтӕ 14:24.) Йеговӕ ин райарфӕ кодта ӕма ма ин барӕ равардта, цӕмӕй Ханаани ӕхецӕн зӕнхӕ равзурстайдӕ (Йес. Н. 14:12–14). Израилӕгти иннӕ фӕлтӕр дӕр хуарз цӕветтон ниууагъта. Етӕ дӕр Йегови разамундмӕ игъустонцӕ. Сӕ разамонӕг Йесо Навин ку иссӕй, уӕд ӕй нимадтонцӕ, ӕ рӕстӕги Моисеййи куд нимадтонцӕ, уотӕ (Йес. Н. 4:14). Йеговӕ син райарфӕ кодта ӕма син ци зӕнхитӕй зӕрдӕ байвардта, уони равардта (Йес. Н. 21:43, 44).

8. Паддзӕхти рӕстӕг Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд куд лӕвардта? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

8 Фӕстӕдӕр Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд лӕвардта тӕрхонгӕнгути фӕрци, паддзӕхти рӕстӕг ба – пахампарти фӕрци. Йеговӕбӕл еузӕрдон ка адтӕй, еци паддзӕхтӕ пахампарти разамундмӕ игъустонцӕ. Зӕгъӕн, паддзах Давид сӕрниллӕгӕй игъуста пахампар Нафан ин ци дзурдта, уомӕ (2 Сам. 12:7, 13; 1 Анз. 17:3, 4). Паддзах Иосафат дӕр Иахазиил ин ци разамунд лӕвардта, уомӕ игъуста ӕма Иудейи цӕргути дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуцауи пахампартӕмӕ игъосонцӕ (2 Анз. 20:14, 15, 20). Паддзах Езеки уӕззау уавӕри ку бахаудтӕй, уӕд ӕнхусмӕ пахампар Исаймӕ фӕдздзурдта (Ис. 37:1–6). Паддзӕхтӕ Йегови разамундмӕ ку игъустонцӕ, уӕд Йеговӕ ӕгас адӕнӕн дӕр арфӕ кодта ӕма сӕ гъӕуай кодта (2 Анз. 20:29, 30; 32:22). Алкедӕр гъӕуама лӕдӕрдтайдӕ, Йеговӕ разамунд ӕ пахампарти фӕрци ке дӕттуй. Фал уӕддӕр паддзӕхтӕн ӕма адӕнӕн сӕ фулдӕр Йегови пахампартӕмӕ не ’гъустонцӕ (Йер. 35:12–15).

Паддзах Езеки ӕма пахампар Исай (кӕсӕ 8 абзац)


ЙЕГОВӔ ФИЦЦАГ ӔНОСИ КИРИСТӔНТТӔН РАЗАМУНД КУД ЛӔВАРДТА

9. Фиццаг ӕноси киристӕнттӕн Йеговӕ разамунд куд лӕвардта? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

9 Нӕ эри фиццаг ӕноси Йеговӕ искодта фиццаг ӕмбурд. Цума син разамунд куд лӕвардта? Ӕмбурди сӕргъи исӕвардта Йесо Киристей (Еф. 5:23). Фал Киристе алкӕмӕн хецӕнӕй разамунд нӕ лӕвардта. Разамунд син лӕвардта, Йерусалими ка адтӕй, еци хестӕр нӕлгоймӕгти фӕрци ӕма апостолти фӕрци (Гъуд. 15:1, 2). Уомӕй уӕлдай ма алли ӕмбурди дӕр иснисан кодта хестӕр нӕлгоймӕгти (1 Фес. 5:12; Тит. 1:5).

Апостолтӕ ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Йерусалими (кӕсӕ 9 абзац)


10. а) Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ разамундмӕ ци цӕстӕй кастӕнцӕ? (Гъуддӕгтӕ 15:30, 31). б) Рагидзаманти разамунд дӕттунмӕ ӕвӕрд ка ’рцудӕй, уонӕмӕ еуӕй-еуетӕ цӕмӕннӕ игъустонцӕ? (Кӕсӕ рамкӕ « Уотӕ цӕмӕн рауадӕй, ӕма кадӕртӕ бӕлвурдгӕнӕнтӕ нецӕмӕ ӕрдардтонцӕ?».)

10 Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ разамундмӕ ци цӕстӕй кастӕнцӕ? Сӕ фулдӕр разамундмӕ зӕрдиагӕй игъустонцӕ. Зӕгъӕн, Йерусалими ӕнсувӕртӕ ци унаффӕ рахастонцӕ, уой ку бакастӕнцӕ, уӕд бацийнӕ кодтонцӕ. (Бакӕсӕ Гъуддӕгти 15:30, 31.) Нӕ рӕстӕги ба Йеговӕ разамунд куд дӕттуй?

ЙЕГОВӔ НИН АБОНИ РАЗАМУНД КУД ДӔТТУЙ

11. 19 ӕноси кӕрон ӕма 20 ӕноси райдайӕни ӕхемӕ разамунд ка иста, уонӕн Йеговӕ куд ӕнхус кодта, уомӕн цӕветтон ӕрхӕссӕ.

11 Абони дӕр Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд дӕттуй ӕ Дзурд Библи ӕма ӕ Фурт Киристей фӕрци. Куд ӕй зонӕн, уотемӕй Киристе ӕй ӕмбурди Сӕргълӕууӕг. Цума Йеговӕ разамунд дӕттунмӕ адӕнӕй ке пайда кӕнуй, уомӕн ба бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес? Гъо, ес. Ӕркӕсӕн, 19 ӕноси ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уонӕмӕ. Чарлз Тейз Рассел ӕма е ’мбӕлттӕ сабургай лӕдӕрун райдӕдтонцӕ, 1914 анзи хъӕбӕр ӕхсидзгӕ хабар ке ӕрцӕудзӕй (Дан. 4:25, 26). Етӕ уӕхӕн хатдзӕгмӕ ӕрцудӕнцӕ, уомӕн ӕма Библиртасгутӕ ӕууӕндтӕнцӕ, Библий пахампарӕдтӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уобӕл. Цума син рӕстдзийнадӕ агорунмӕ Йеговӕ ӕнхус кодта? Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес. 1914 анзи ӕгас дуйнебӕл дӕр ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уонӕй бӕрӕг адтӕй, Хуцауи Паддзахадӕ бартӕ ӕ къохмӕ ке райста. Райдӕдта Фиццаг дуйнеуон тугъд, уой фӕсте ба уӕд еу рауӕн, уӕд иннӕ рауӕн фуднезтӕ исхуӕстӕнцӕ, удта райдӕдтонцӕ зӕнхинкъуститӕ ӕма стонг рӕстӕгутӕ (Лук. 21:10, 11). Мадта бӕрӕг ӕй, Йеговӕ еци нӕлгоймӕгти фӕрци ӕ адӕнӕн ке ӕнхус кодта.

12, 13. Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг бӕрнон ӕнсувӕртӕ ци искодтонцӕ, цӕмӕй хуарз хабар фулдӕр адӕнӕн игъустгонд ӕрцудайдӕ?

12 Нур ба ӕркӕсӕн, Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уонӕмӕ. Сӕйраг хайади ӕнсувӕртӕ Раргомади 17:8 стих ку рартастонцӕ, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕнцӕ, еци тугъди фӕсте Армагеддон ке нӕ райдайдзӕй, фал тугъд фӕууодзӕй ӕма Йегови Ӕвдесӕнтӕн сӕ бон уодзӕй хуарз хабар фулдӕр адӕнӕн фегъосун кӕнун. Ӕма кӕд е беретӕмӕ дессаг фӕккастӕй, уӕддӕр Йегови организаци бундор ӕрӕвардта Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги ӕхсӕнадӕмон колледж Галаадӕн b. Уоми миссионерти цӕттӕ кодтонцӕ аллихузи бӕстити хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ, ӕма ма сӕ сауӕнгӕ тугъди рӕстӕг дӕр иснисан кӕниуонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма ӕууӕнкгун цагъар унаффӕ рахаста, ӕмбурдти ке райдайдзӕй Хуцауи Дзурд игъосунгӕнгути къурс c, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ еугурӕйдӕр хуӕздӕр игъосунгӕнгутӕ ӕма хуӕздӕр ахургӕнгутӕ иссайуонцӕ. Уотемӕй Хуцау ӕ адӕни бацӕттӕ кодта, ци куст сӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уомӕ.

13 Аци хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, еци зин рӕстӕгути Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд ке лӕвардта. Дуккаг дуйнеуон тугъди фӕсте Йегови Ӕвдесӕнтӕ берӕ бӕстити сӕребарӕй игъосун кодтонцӕ. Абони игъосун кӕнунцӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр, ӕма уой фӕрци беретӕ Йегови базудтонцӕ.

14. Йегови организацийӕй ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ци разамунд цӕуй, уобӕл нӕ бон цӕмӕн ӕй федарӕй ӕууӕндун? (Раргомадӕ 2:1). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

14 Абони дӕр Разамонӕг совет Киристей разамундмӕ гӕсгӕ архайуй. Уони фӕндуй, цӕмӕй ци амундтӕ дӕттунцӕ, уонӕй зӕгъӕн уа, Йеговӕ ӕма Киристе дӕр уотӕ сагъӕс кӕнунцӕ, зӕгъгӕ. Районон цӕстӕдаргутӕ ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ба разамунд дӕттунцӕ ӕмбурдтӕн d. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕй исӕрст киристон ка ӕй, етӕ – уомӕй уӕлдай ба ма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ еугурӕйдӕр – ӕнцӕ Киристей «рахес къохи». (Бакӕсӕ Раргомади 2:1.) Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, еци ӕнсувӕртӕ ӕнӕнхӕст ке ’нцӕ ӕма еуӕй-еухатт ке фӕррӕдуйунцӕ. Моисей, Йесо Навин, удта апостолтӕ дӕр хатгай фӕррӕдуйиуонцӕ (Ним. 20:12; Йес. Н. 9:14, 15; Ром. 3:23). Фал уӕддӕр Киристе ӕууӕнкгун цагъарӕн ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕн разамунд дӕтдзӕй, «цалинмӕ аци цардӕвӕрди кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (Матф. 28:20). Уомӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Киристе еци ӕнсувӕрти фӕрци ци разамунд дӕттуй, уобӕл.

Разамонӕг совет абони (кӕсӕ 14 абзац)


ЙЕГОВИ РАЗАМУНДМӔ КУ ИГЪОСӔН, УӔД АМОНДГУН УОДЗИАН

15, 16. Йегови разамундмӕ гӕсгӕ ка архайдта, уони цӕветтонтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

15 Йегови разамундмӕ гӕсгӕ ку фӕййархайӕн, уӕд абони дӕр берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уӕн. Эндрю ӕма Роуз e дӕр ӕууӕнкгун цагъари унаффӕмӕ игъустонцӕ ӕма хумӕтӕг цард кодтонцӕ (Матф. 6:22.). Уой фӕрци сӕ бон иссӕй нӕ организаций арӕзтадон гъуддӕгти архайун. Роуз радзурдта: «Кӕми цӕрианӕ, уоми еуӕй-еухатт фезмӕлӕн дӕр нӕ фӕууидӕ ӕма си хуӕруйнаг кӕми искодтайанӕ, е дӕр н’ адтӕй. Хузтӕ есун берӕ уарзун, фал мӕ хузесӕнтӕ ӕма объективтӕй берети багъудӕй рауӕйӕ кӕнун. Уой туххӕй ма кӕугӕ дӕр фӕккодтон. Фал мӕ фӕндадтӕй Авраами уосӕ Сарри хузӕн ун. Уомӕ гӕсгӕ фӕстегӕй ци ниууагътан, уобӕл сагъӕс кӕнун мӕ нӕбал фӕндадтӕй» (Дзиуит. 11:15). Цума еци бийнонтӕ раст унаффӕ рахастонцӕ? Роуз идарддӕр зӕгъуй: «Махӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй, хуӕздӕрӕй нӕмӕ ци ес, уой Йеговӕн ке дӕттӕн. Йеговӕ нин ци гъуддӕгтӕ баихӕс кӕнуй, уони ку фӕккӕнӕн, уӕд ӕй хуӕздӕр фӕллӕдӕрӕн, нӕуӕг дуйней цард цӕхуӕн уодзӕй, уой». Эндрю дӕр ӕ хӕццӕ арази ӕй. Е ба зӕгъуй: «Йеговӕн не ’гас рӕстӕг ӕма хъауритӕ ке дӕттӕн, уой фӕрци амондгун ан».

16 Йегови разамундмӕ ке игъосӕн, е ма цӕхуӕн пайда ӕрхӕссуй? Зӕгъӕн, еу хуӕрӕ Марсийи хъӕбӕр фӕндадтӕй, скъола ку фӕууа, уӕд пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдайун (Матф. 6:33; Ром. 12:11). Е радзурдта: «Уӕхӕн фадуат мин адтӕй, цӕмӕй университети лӕвар ахур кодтайнӕ. Фал мӕ фӕндадтӕй, хуӕздӕрӕй мӕмӕ ци ес, уой Йеговӕн дӕттун, ӕма уомӕ гӕсгӕ къурситӕмӕ бацудтӕн. Нур мин ци куст ес, уой фӕрци мӕ бон ӕй фулдӕр лӕггадӕ кӕнун. Е адтӕй мӕ царди тӕккӕ хуӕздӕр унаффитӕй сӕ еу. Ӕз лӕггадӕ кӕнун пионерӕй. Удта мӕ кусти бӕнттӕ мӕхуӕдӕг ке ӕвзарун, уой фӕрци мӕ бон ӕй Вефили дӕр ӕнхус кӕнун ӕма Йегови организаций ӕндӕр гъуддӕгти дӕр архайун».

17. Йегови разамундмӕ игъосун ма хуарз цӕмӕн ӕй? (Исай 48:17, 18).

17 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нин Йеговӕ ци унаффитӕ раттуй, етӕ нӕ берӕ цӕмӕйдӕрти багъӕуай кӕнунцӕ. Зӕгъӕн, Йегови организаци нӕ фӕдзӕхсуй, цӕмӕй мулкбӕл ӕгӕр ӕхцул ма уӕн. Удта нӕ Йеговӕй ка раидард кӕндзӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй нӕхе хезӕн. Ӕ разамундмӕ ку фегъосӕн, уӕд нӕ цӕсгон фӕууй кӕдзос ӕма нӕхе берӕ мӕститӕй багъӕуай кӕнӕн (1 Тим. 6:9, 10). Уомӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй Йеговӕн ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнун. Уомӕй устурдӕр цийнӕдзийнадӕ ба нин неци хӕссуй, удта ӕрмӕстдӕр уой фӕрци нӕ зӕрди фӕууй фарнӕ. (Бакӕсӕ Исаййи 48:17, 18.)

18. Идарддӕр дӕр нӕ цӕмӕн фӕндуй Йегови разамундмӕ игъосун?

 

18 Мах ибӕл нӕ гурусхӕ кӕнӕн, Йеговӕ нин идарддӕр дӕр разамунд ке дӕтдзӕй адӕни фӕрци, устур бӕллӕхи рӕстӕг дӕр ӕма Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг дӕр (Пс. 45:16). Йеговӕмӕ игъосдзиан ӕви нӕхе куд фӕндуй уотӕ кӕндзиан? Уотӕ архайун нин ӕнцондӕр уодзӕй, Йеговӕмӕ нур ку игъосӕн, уӕд. Гъӕйдӕ мадта алкӕддӕр Йегови разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн ӕма игъосӕн, ке барӕ нӕ бакодта, еци нӕлгоймӕгтӕмӕ (Ис. 32:1, 2; Дзиуит. 13:17). Нӕ бон ӕй нӕ Надамонӕг Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун. Е нин не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ алцидӕр дӕттуй ӕма нӕ бахъӕртун кӕндзӕй нӕ нисанмӕ – нӕуӕг дуйнемӕ!

ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТДЗӔНӔ?

  • Йеговӕ израилӕгтӕн разамунд куд лӕвардта?

  • Йеговӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕн разамунд куд лӕвардта?

  • Абони Йеговӕ ци разамунд дӕттуй, уомӕ игъосун хуарз цӕмӕн ӕй?

48 ЗАР Алли бон дӕр Йегови хӕццӕ цӕуӕн

a Цӕмӕй Йеговӕ ӕ адӕни Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ бакодтайдӕ, уой туххӕй ма рарветидӕ изӕди дӕр. Е цудӕй «израилӕгти разӕй». Ӕвӕдзи, е адтӕй хестӕр изӕд Михаил, гъома Киристе (Рац. 14:19; 32:34).

b Нур е ӕй Гъӕуайгӕнӕн Мӕсуги Ӕхсӕнадӕмон библион скъола Галаад.

c Еци къурс уой фӕсте хундтӕй Хуцауи Дзурд игъосунгӕнгути скъола. Нур ба е ӕй, «Нӕ киристон цард ӕма лӕггадӕ» ка хуннуй, еци фембӕлди хай.

d Кӕсӕ 2021 анзи феврали «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», рамкӕ «Разамонӕг советӕн ӕ ихӕс ци ӕй?», 18 фарс.

e Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.