2 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
19 ЗАР Нӕ Хецау Киристей ӕхсӕвӕр
Анзи тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр хабармӕ цӕттӕ дӕ?
«Уотӕ кӕнтӕ мӕн имисуни туххӕй» (ЛУК. 22:19).
ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН
Имисӕн изӕр нин уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй ӕма имӕ нӕ бон куд ӕй нӕхе бацӕттӕ кӕнун, удта иннетӕн дӕр банхус кӕнун, цӕмӕй уони бон дӕр исуа Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕун.
1. Имисӕн изӕр анзи медӕг тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр бон цӕмӕн ӕй? (Лукай 22:19, 20).
ЙЕГОВИ ӔВДЕСӔНТӔН Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр анзи медӕг тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр бон ӕй. Ӕрмӕстдӕр еци бони туххӕй Киристе загъта, цӕмӕй ӕй бӕрӕг кӕнӕн. (Бакӕсӕ Лукай 22:19, 20.) Имисӕн изӕрмӕ цалдӕр гъуддагей туххӕй фенгъӕлмӕ кӕсӕн. Гъӕйдӕ сӕбӕл радзубанди кӕнӕн.
2. Имисӕн изӕрмӕ хъӕбӕр цӕмӕн фенгъӕлмӕ кӕсӕн?
2 Имисӕн изӕри фӕрци ’й хуӕздӕр фӕллӕдӕрӕн, Киристей нивондӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, уой. Удта ма нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, нӕ бон куд ӕй бавдесун, еци нивондӕн ке аргъ кӕнӕн, уой дӕр (2 Кор. 5:14, 15). Уомӕй уӕлдай ма еумӕ ку ӕрӕмбурд уӕн, уӕд нӕ кӕрӕдзей нифс бафедар кӕнӕн (Ром. 1:12). Алли анз дӕр Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕунцӕ, ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Зӕрдиагӕй сӕбӕл ке бацийнӕ кӕнӕн, уомӕ гӕсгӕ си кедӕрти бафӕндуй нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ раздӕхун. Еци бон ма нӕмӕ ӕрбацӕунцӕ иуазгутӕ дӕр. Уонӕй берети зӕрдӕмӕ фӕццӕуй, ци фӕууинунцӕ ӕма ци фегъосунцӕ, е, ӕма си кадӕртӕ Библи ахур кӕнунбӕл исарази унцӕ. Мадта дессаг нӕй, Имисӕн изӕрӕн уӕхӕн устур аргъ ке кӕнӕн, е.
3. Имисӕн изӕр нӕ зӕнхӕбӕл ӕгас хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ куд ӕрбайеу кӕнуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
3 Ра ма сагъӕс кӕнӕ Имисӕн изӕр нӕ ӕгас зӕнхӕбӕл хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ куд ӕрбайеу кӕнуй. Зӕнхӕбӕл алли рауӕнти дӕр, хор кӕми ранигулуй, уоми Йегови Ӕвдесӕнтӕ райдайунцӕ Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнун. Мах байгъосӕн, Киристей нивондӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, уой фӕдбӕл Библибӕл арӕзт радзубандимӕ. Дууӕ кади зари разарӕн, удта дзол ӕма сӕнӕ радӕттӕн. Еци фембӕлди фӕкковунцӕ цуппар хатти, ӕма алли кувди фӕсте дӕр фӕззӕгъӕн «амменӕ». 24 сахаттей дӕргъи Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнунцӕ ӕнӕгъӕнӕ зӕнхӕбӕл дӕр. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, Йеговӕ ӕма Киристе куд фӕццийнӕ кӕнунцӕ, еци бон сӕ не ’гасдӕр еумӕ ке фӕккадгин кӕнӕн, уой уингӕй!
4. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
4 Аци статьяй дзуӕппитӕ базондзиан уӕхӕн фарстатӕбӕл: нӕ бон куд ӕй Имисӕн изӕрмӕ нӕ зӕрдитӕ бацӕттӕ кӕнун? Ци иуазгутӕ ӕрбацӕудзӕй, уонӕбӕл нӕ бон куд ӕй батухсун? Ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? Аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ еци ӕхсидзгӕ хабармӕ нӕхе бацӕттӕ кӕнун.
НӔ БОН КУД ӔЙ ИМИСӔН ИЗӔРМӔ НӔ ЗӔРДИТӔ БАЦӔТТӔ КӔНУН?
5. а) Нивондбӕл сагъӕс кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? (Псалом 49:7, 8). б) Видеороликкӕй «Киристе цӕмӕн рамардӕй?» ци базудтай?
5 Цӕмӕй Имисӕн изӕрмӕ нӕ зӕрдитӕ бацӕттӕ кӕнӕн, уой туххӕй фиццагидӕр расагъӕс кӕнӕн, Киристе ци нивонд ӕрхаста ӕма нӕ куд балхӕдта, уобӕл. Нӕхе бон некӕд иссайдӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй нӕхе исуӕгъдӕ кӕнун. (Бакӕсӕ Псалом 49:7, 8; кӕсӕ ма видеороликмӕ «Киристе цӕмӕн рамардӕй?» a.) Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ мах туххӕй ӕ Фурти равардта, кенӕ бафиста ахӕсти аргъ. Йеговӕ дӕр ӕма Киристе дӕр хъӕбӕр устур аргъ бафистонцӕ! (Ром. 6:23). Ӕма уобӕл куд фулдӕр фӕссагъӕс кӕнӕн, уотӕ еци нивондӕн никки фулдӕр фӕййаргъ кӕнӕн. Идарддӕр аци статьяй ӕркӕсдзиан, Йеговӕ ӕма Киристе адӕни туххӕй цӕттӕ цӕмӕ адтӕнцӕ, уомӕ.
6. Ахӕсти аргъ ци ӕй ӕма ’й федун цӕмӕн багъудӕй?
6 Ахӕсти аргъ бафедунцӕ, цӕмӕй фӕстӕмӕ цидӕр райсонцӕ. Адам ӕнхӕст адӕймаг адтӕй, фал фӕстӕдӕр тӕрегъӕд искодта. Гъе уотемӕй ӕхе дӕр ӕма е ’гас байзӕддӕгти дӕр ӕносмӕ цӕруни фадуатӕй фенӕхай кодта. Адам ци фесафта, уой фӕстӕмӕ райсуни туххӕй Киристе ӕ цард нивондӕн ӕрхаста. Цалинмӕ Хуцауи Фурт зӕнхӕбӕл цардӕй, уӕдмӕ «еунӕг тӕрегъӕд дӕр не ’скодта, ӕ цъухӕй еунӕг сайд дзурд дӕр некӕд исхаудтӕй» (1 Пет. 2:22). Киристе ку рамардӕй, уӕд ӕнхӕст адтӕй, Адам тӕрегъӕд искӕнуни размӕ куд ӕнхӕст адтӕй, уотӕ. Гъема ӕ цард нивондӕн ке ӕрхаста, уой фӕрци бафиста, Адам ке фесафта, еци царди аргъ (1 Кор. 15:45; 1 Тим. 2:6).
7. Киристе зӕнхӕбӕл ку цардӕй, уӕд цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй?
7 Зӕнхӕбӕл цӕргӕй Киристе алкӕддӕр ӕ уӕларвон Фидӕн коммӕгӕс адтӕй, е ӕнцон ку нӕ фӕууидӕ, уӕддӕр. Кӕд ӕнхӕстӕй райгурдӕй, уӕддӕр цалинмӕ ирӕзгӕ кодта, уӕдмӕти ’й гъудӕй е ’нӕнхӕст ниййергутӕмӕ игъосун (Лук. 2:51). Киристе ирӕзгӕ кари ку адтӕй, уӕд ӕй, ӕвӕдзи, еске ӕ ниййергути дзурди кенӕ Хуцауи закъони сӕрти хезун кодта. Фал имӕ фау ӕрхӕссӕн некӕд адтӕй. Ку исирӕзтӕй, уӕдта ’й Сайтан рӕдуйун кодта, ӕма ’й уой хийнӕ миути нихмӕ дӕр фӕллӕуун гъудӕй. Е ма ’й Хуцауи нихмӕ дӕр цӕун кодта (Матф. 4:1–11). Сайтан аллихузи мадзӕлттӕй пайда кодта, цӕмӕй Киристей фӕррӕдуйун кодтайдӕ. Е ин ку рауадайдӕ, уӕд Киристей бон не ’ссайдӕ ахӕсти аргъ бафедун.
8. Киристе ма цӕхуӕн фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбалдӕй?
8 Киристе зӕнхӕбӕл ӕ лӕггадӕ ку райдӕдта, уӕддӕр аллихузи фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбалдӕй. Знӕгтӕ ӕ фӕдбӕл зилдӕнцӕ ӕма ’й цалдӕр хатти рамарунмӕ гъавтонцӕ (Лук. 4:28, 29; 13:31). Уомӕй уӕлдай ма ’й гъудӕй ӕ ахуркӕнуйнӕгти гъӕндзийнӕдтӕн бухсун (Мар. 9:33, 34). Ку ин тӕрхон кодтонцӕ, уӕд ӕй фудгӕнӕгбӕл банимадтонцӕ, мӕлӕти тӕрхон ин рахастонцӕ, ӕма гъезӕмарӕ кӕнгӕй рамардӕй (Дзиуит. 12:1–3). Еци фӕлварӕни фӕстаг хай ӕй гъудӕй еунӕгӕй исфӕразун, Йеговӕ ’й нӕбӕл гъӕуай кодта (Матф. 27:46) b.
9. Киристей нивонди туххӕй ку фӕссагъӕс кӕнис, уӕд дӕмӕ цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ фӕззиннуй? (1 Петури 1:8).
9 Ӕцӕгӕйдӕр, нивонд бафедуни туххӕй Киристей берӕ фӕгъгъезӕмарӕ кӕнун гъудӕй. Мах туххӕй уӕхӕн устур аргъ бафедунмӕ цӕттӕ ке адтӕй, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд си хъӕбӕр боз фӕууӕн ӕма ’й никки фулдӕр фӕууарзӕн. (Бакӕсӕ 1 Петури 1:8.)
10. Йегови ци багъудӕй искӕнун, цӕмӕй нивонди аргъ фист ӕрцудайдӕ?
10 Йегови ци багъудӕй искӕнун, цӕмӕй нивонди аргъ фист ӕрцудайдӕ? Йеговӕ ӕма Киристе кӕрӕдзей куд уарзунцӕ, уой рабарӕн дӕр нецӕй хӕццӕ ес. Етӕ кӕрӕдзебӕл куд баст ӕнцӕ, уотӕ еунӕг фидӕ ӕма фурт дӕр баст нӕ ’нцӕ (Ӕмб. 8:30). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, Йеговӕн цӕйбӕрцӕбӕл зин адтайдӕ уинун, Киристе зӕнхӕбӕл уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ ке ’взаруй, уой. Йеговӕн ӕ зӕрдӕ кунӕг нӕ ристӕй, ку ’й уидта, ӕ Фурт уойбӕрцӕ хӕран, ӕнӕхатир ӕма ӕгадӕ гъуддӕгтӕбӕл ке ӕмбӕлуй.
11. Йеговӕн ӕ Фурти мӕлӕтмӕ кӕсун цӕйбӕрцӕбӕл зин адтӕй, уой балӕдӕрунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй?
11 Ниййерӕгӕн ӕ бӕдоли мӕлӕтӕй зиндӕр неци фӕууй. Кӕд адӕймаг райгасдзийнадӕбӕл феууӕндуй, уӕддӕр ин е ӕ рист не ’сесуй. Ниййергутӕн куд зин фӕууй, уобӕл сагъӕс кӕнгӕй нӕ бон ӕй нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун, Йеговӕн цӕйбӕрцӕбӕл зин адтӕй, ӕ уарзон Фурт гъезӕмарӕ кӕнгӕй куд мардӕй, уой уинун (Матф. 3:17) c.
12. Имисӕн изӕрмӕ ма ци рӕстӕг байзадӕй, уомӕй нӕ бон куд ӕй испайда кӕнун?
12 Цалинмӕ Имисӕн изӕр нӕма ралӕудтӕй, уӕдмӕ дӕ бон н’ адтайдӕ Библи ӕртасгӕй кенӕ бийнонти ахури рӕстӕг нивонди туххӕй никки фулдӕр базонун? Уой туххӕй дин банхус кӕндзӕнцӕ «Путеводитель по публикациям Свидетелей Иеговы» кенӕ ма нӕ организаци ци ӕрмӕг рауадзуй, е d. Уомӕй уӕлдай ма Библи кӕсӕ, «Косӕн тъетради» ци график фӕууй, уомӕ гӕсгӕ. Имисӕн изӕри бон ба сӕумӕй бакӕсӕ сӕрмагонд видеороликмӕ рубрикӕй «Сӕумӕй еумӕ дзубанди кӕнӕн Библибӕл». Имисӕн изӕрмӕ нӕ зӕрдӕ ку бацӕттӕ кӕнӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй иннетӕн балӕдӕрун кӕнун, еци хабар куд ӕхсидзгӕ ’й, уой (Езд. 7:10).
ИУАЗГУТӔБӔЛ БАТУХСЕТӔ
13. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй адӕн Имисӕн изӕри туххӕй базононцӕ?
13 Нӕ бон куд ӕй иннетӕн банхус кӕнун? Фиццагидӕр сӕ нӕ бон ӕй Имисӕн изӕрмӕ фӕххонун. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Имисӕн изӕрмӕ хондзиан, игъосун кӕнгӕй кӕбӕл исӕмбӕлӕн, уони. Фал ма уонӕй уӕлдай хуарз уайдӕ расагъӕс кӕнун нӕ зонгитӕбӕл дӕр, зӕгъӕн, нӕ хеуӕнттӕбӕл, не ’мкосгутӕбӕл кенӕ не ’мкъласонтӕбӕл. Имисӕн изӕрмӕ нӕмӕ мухургонд хунди гӕгъӕдитӕ ку нӕбал уа, уӕддӕр сӕмӕ нӕ бон ӕй электронон форматти хунди гӕгъӕдимӕ ссылкӕ барветун. Ка ’й зонуй, хъӕбӕр бадес кӕндзиан, ци берӕ адӕн ӕрбацудӕй, уобӕл (Еккл. 11:6).
14. Нӕ зонгити нӕхуӕдтӕ ку фӕххонӕн, уӕд е хуӕздӕр цӕмӕн фӕууй?
14 Нӕ зонгити нӕхуӕдтӕ ку фӕххонӕн, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма е сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр багъара. Ӕрхӕссӕн еу цӕветтон. Еу хуӕрӕ хъӕбӕр бадес кодта, еу хатт ин ӕ лӕг уотӕ ку загъта, ӕз дӕр дӕ хӕццӕ Имисӕн изӕрмӕ цӕун, зӕгъгӕ. Е имӕ дессаг цӕмӕн фӕккастӕй? Уомӕн ӕма ’й уой размӕ дӕр берӕ хӕттити худта ӕ хӕццӕ, фал ин некӕд исарази ӕй. Цума нур ба ци раййивта? Ӕ лӕг ин загъта: «Кӕсай, хунди гӕгъӕди мин равардтонцӕ». Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй ин еци хунди гӕгъӕди равардта, хуарз ке фӕсмардта, еци хестӕр нӕлгоймаг. Уой фӕсте ма еци лӕг Имисӕн изӕрмӕ берӕ хӕттити ӕрбацӕуидӕ.
15. Нӕ гъудий ци гъӕуама дарӕн, адӕни Имисӕн изӕрмӕ ку хонӕн, уӕд?
15 Гъӕуама ’й нӕ гъудий дарӕн, Имисӕн изӕрмӕ ке фӕххонӕн, уонӕмӕ берӕ фарстатӕ ке уодзӕй, уӕлдайдӕр ба, кӕд ӕмбурди некӕд адтӕнцӕ, уӕд. Кӕцидӕр фарстатӕбӕл нӕ бон ӕй рагацау расагъӕс кӕнун ӕма дзуӕппитӕ байагорун (Кол. 4:6). Гӕнӕн ес, ӕма нӕ еске бафӕрсдзӕй: «Аци хабар куд бӕрӕг кӕндзиайтӕ? Цӕйбӕрцӕ цӕудзӕй? Цӕхуӕн хъӕппӕлтӕ мӕбӕл гъӕуама уа? Бацӕуӕни федун гъӕудзӕй? Ӕхца си ӕмбурд кӕндзӕнцӕ?» Имисӕн изӕрмӕ ке хонай, уой бафӕрсӕ, ести фарстатӕ имӕ ес ӕви нӕ. Ку уа, уӕд ин сӕбӕл исдзуапп кӕнӕ. Уомӕй уӕлдай ма ин дӕ бон ӕй бавдесун видеороликтӕ «Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр» ӕма «Йегови Ӕвдесӕнти зали ци фӕууй?». Уонӕй адӕймаг базондзӕй, не ’мбурдтӕ куд цӕунцӕ, уой. Удта ма киунуги «Радуйся жизни сейчас и вечно!» 28 урокки ци гъудитӕ ес, уонӕмӕ дӕр дӕ бон ӕй адӕймаги ’ргом раздахун.
16. Имисӕн изӕри фӕсте нӕ иуазгутӕмӕ, гӕнӕн ес, ӕма цӕхуӕн фарстатӕ фӕззиндзӕй?
16 Имисӕн изӕри фӕсте ма, гӕнӕн ес, ӕма иуазгутӕмӕ ӕндӕр фарстатӕ дӕр фӕззинна. Ка ’й зонуй сӕмӕ дессаг кӕса, дзол ӕма сӕнӕй цӕмӕннӕ неке исахуадуй кенӕ ба ӕрмӕстдӕр еуӕй-еуетӕ. Гӕнӕн ес, ӕма ма нӕ фӕрсдзӕнцӕ, Имисӕн изӕр куд арӕх фӕббӕрӕг кӕнӕн, удта Йегови Ӕвдесӕнти иннӕ фембӕлдтӕ дӕр уотӕ фӕццӕунцӕ ӕви нӕ. Кӕд еци фарстатӕй кӕцидӕртӕбӕл Имисӕн изӕри рӕстӕг ци радзубанди уодзӕй уоми дзурд цӕудзӕй, уӕддӕр, фиццаг хатт ка ’рбацӕудзӕй, уомӕн гъӕудзӕй еци гъуддӕгтӕ лӕмбунӕгдӕр балӕдӕрун кӕнун. Уӕхӕн фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ иссерӕн ес статьяй «Почему Свидетели Иеговы отмечают Вечерю Господню не так, как это принято в других религиях?». Мах фӕндуй, цӕмӕй Имисӕн изӕри размӕ, Имисӕн изӕри рӕстӕг ӕма ӕ фӕсте, махӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой бакӕнӕн, цӕмӕй, «ӕносон царди надбӕл цӕун ке фӕндуй», уонӕн банхус кӕнӕн (Гъуд. 13:48).
ӔМБУРДТӔМӔ КА НӔБАЛ ЦӔУЙ, УОНӔН БАНХУС КӔНТӔ
17. Ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, уонӕн хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй банхус кӕнун? (Йезекил 34:12, 16).
17 Имисӕн изӕри размӕ хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй банхус кӕнун, ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн? Ке сӕбӕл тухсетӕ, уой син бавдесетӕ. (Бакӕсӕ Йезекили 34:12, 16.) Имисӕн изӕри размӕ си, гӕнӕн ӕма амалӕй, алкӕмӕдӕр бадзоретӕ. Мах фӕндуй, цӕмӕй ӕй уинонцӕ, берӕ сӕ ке уарзӕн ӕма нӕ естӕмӕй банхус кӕнун ке фӕндуй. Ку ’рбацӕуонцӕ, уӕдта сӕбӕл зӕрдиагӕй бацийнӕ кӕнтӕ. Имисӕн изӕр ку фӕййевгъуйа уӕддӕр сӕ ма ниууадзетӕ. Идарддӕр архайетӕ, цӕмӕй син банхус кӕнайтӕ Йеговӕмӕ раздӕхун (1 Пет. 2:25).
18. Алке бон дӕр ни куд ӕй банхус кӕнун, ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, уонӕн? (Ромӕгтӕмӕ 12:10).
18 Алке бон дӕр ни куд ӕй банхус кӕнун, ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбӕл цӕуй, уонӕн? Имисӕн изӕрмӕ ку ’рбацӕуонцӕ, уӕд син нӕ бон ӕй бавдесун, ке сӕ уарзӕн, ке син аргъ кӕнӕн ӕма сӕ ке нимайӕн. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:10.) Уӕ гъудий даретӕ, ка ’й зонуй, еци хъазар уӕриккитӕн ӕмбурдмӕ ӕрбацӕун ӕнцон н’ адтӕй. Ӕвӕдзи, тухстӕнцӕ, цӕхуӕн цӕстӕй сӕмӕ ракӕсдзиан, уобӕл e. Уомӕ гӕсгӕ сӕмӕ, кӕмӕй фефсӕрми уонцӕ, уӕхӕн фарстатӕ ма дӕттетӕ. Удта ма син сӕ зӕрдӕ ци фӕрресун кӕндзӕй, уӕхӕнӕй дӕр маци дзоретӕ (1 Фес. 5:11). Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр нӕ бийнонтӕй ӕнцӕ. Ӕма нин ӕхцӕуӕн ӕй нӕуӕгӕй сӕ хӕццӕ Йеговӕн еумӕ лӕггадӕ кӕнун (Пс. 119:176; Гъуд. 20:35).
19. Киристей фӕдзӕхстмӕ игъосун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
19 Киристе нин алли анз дӕр Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнун ке баихӕс кодта, уой нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайӕн, ӕма ’й лӕдӕрӕн, е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уой. Е нӕхецӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр пайда хӕссуй (Ис. 48:17, 18). Уой фӕрци Йегови ӕма Киристей дӕр фулдӕр уарзун райдайӕн. Уомӕй уӕлдай ма ’й бавдесӕн, мах туххӕй ци искодтонцӕ, уомӕн куд хъӕбӕр аргъ кӕнӕн, уой. Удта ма нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ дӕр никки ӕнгомдӕр исуӕн. Уомӕй уӕлдай ма иннетӕн дӕр банхус кӕнӕн базонун, Киристей фӕрци син цӕхуӕн дессаги нифс фӕззиндтӕй, уой. Ӕцӕгӕйдӕр, Имисӕн изӕр анзи медӕг тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр хабар ӕй. Гъӕйдӕ мадта нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй имӕ нӕхе бацӕттӕ кӕнӕн!
ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТДЗӔНӔ?
-
Нӕ бон куд ӕй Имисӕн изӕрмӕ нӕ зӕрдитӕ бацӕттӕ кӕнун?
-
Ци иуазгутӕ ӕрбацӕудзӕй, уонӕбӕл нӕ бон куд ӕй батухсун?
-
Нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун, ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн?
18 ЗАР Киристей нивонди туххӕй боз уӕн
a Аци статьяй ци видеороликти ӕма статьяти туххӕй дзурд цӕуй, уони дӕ бон ӕй иссерун сайти jw.org. «Иссерӕ» финст кӕми ес, уоми ниффинсӕ, видеоролик кенӕ статья куд хуннуй, уой.
b Кӕсӕ 2021 анзи апрели «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», статья «Кӕсгути фарстатӕ».
c Кӕсӕ киунугӕ «Приближайся к Иегове», 23 сӕр, 8 ӕма 9 абзацтӕ.
d Кӕсӕ рамкӕ « Ци ес рартасӕн?».
e Кӕсӕ хузӕмӕ ӕма рамкӕмӕ « Ӕмбурд сӕ куд баиуазӕг кодта?» Ӕмбурди рагӕй ка нӕбал адтӕй, уӕхӕн ӕнсувӕр Паддзахади залмӕ бацӕун ӕ нифс нӕ хӕссуй. Фал уӕддӕр ӕ хъауритӕ ӕрӕмбурд кодта ӕма бацудӕй. Уоми ибӕл бацийнӕ кодтонцӕ ӕма еумӕ зӕрдиагӕй дзубандитӕ кӕнунцӕ.
f ХУЗӔ. Цалинмӕ еу зӕнхи кӕронбӕл Йегови лӕггадгӕнгутӕ Имисӕн изӕрмӕ сӕхе цӕттӕ кӕнунцӕ, уӕдмӕти ’й иннӕ рауӕнти ба бӕрӕг кӕнун райдӕдтонцӕ.