УНАФФИТӔ. ЦИ ЕС РАРТАСӔН?
Бийнонти ахури рӕстӕг ӕма дӕхуӕдӕг Библи ку ӕртасай, уӕд дӕ бон цӕмӕ ӕй ӕркӕсун?
Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕмбурдти ӕма конгрессти еумӕ ку фӕууӕн, уӕд уотемӕй Йеговӕн фӕллӕггадӕ кӕнӕн. Фал ма нӕ лӕггадӕмӕ хауй, нӕхуӕдтӕ Библи ку фертасӕн кенӕ нин бийнонти ахур ку фӕууй, уӕд е дӕр. Еци рӕстӕгӕй куд ес испайда кӕнӕн?
-
Уӕхе ӕмбурдмӕ бацӕттӕ кӕниайтӕ. Уӕ бон ӕй зартӕ дӕр разарун ӕма уӕ бийнонтӕй алкӕмӕндӕр банхус кӕнун, цӕмӕй дзуӕппитӕ бацӕттӕ кӕнонцӕ.
-
Библий скъуддзаг бакӕсетӕ. Уой фӕсте ба ци бакастайтӕ, уой исхузӕ кӕнтӕ кенӕ ба нӕуӕгӕй ци базудтайтӕ, уой ниффинсетӕ.
-
Библий ци кувдтитӕ финст ес, уонӕй ескӕци бакӕсетӕ ӕма радзубанди кӕнтӕ, еци кувд уин куд банхус кӕндзӕй уӕхе кувдтитӕ фӕххуӕздӕр кӕнунмӕ.
-
Сайти jw.org ци видеороликтӕ ес, уонӕй ескӕцимӕ бакӕсетӕ ӕма ибӕл еске хӕццӕ радзубанди кӕнтӕ кенӕ ба ниффинсетӕ, уӕ зӕрдӕмӕ си ци фӕццудӕй, уой.
-
Уӕхе игъосун кӕнунмӕ бацӕттӕ кӕнтӕ. Уӕ бон ма ӕй уӕ бийнонтӕй еске хӕццӕ равзарун, дзубанди райдайун дӕ куд фӕндадтайдӕ, уой.
-
Йеговӕ ци сфӕлдиста, уонӕй естӕмӕ уӕ гъос ӕрдаретӕ. Расагъӕс кӕнтӕ, уомӕй уӕ бон ци ӕй Йегови туххӕй базонун кенӕ ибӕл еске хӕццӕ радзубанди кӕнтӕ a.
a Кӕсӕ 2023 анзи мартъий «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», статья «Нӕ бон ӕй Йегови хуӕздӕр базонун, ци сфӕлдиста, уой фӕрци».