Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

3 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

124 ЗАР Алкӕддӕр еузӕрдон уӕн

Йеговӕ уин тухст рӕстӕгутӕ исфӕразунмӕ банхус кӕндзӕй

Йеговӕ уин тухст рӕстӕгутӕ исфӕразунмӕ банхус кӕндзӕй

«[Йеговӕ уӕ] бафедар... кӕндзӕй, уӕ хъауритӕбӕл уин хъауритӕ бафтаудзӕй» (1 ПЕТ. 5:10).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин Йеговӕ тухст рӕстӕгутӕ исфӕразунмӕ ӕнхус кӕна.

1, 2. Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ хатгай цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ?

 ӔВЕРХЪАУ хабар адӕймаги цард цӕсти фӕнникъулдмӕ феййевуй. Зӕгъӕн, еу ӕнсувӕр Луисмӕ a рак иссирдтонцӕ ӕма ин дохтир загъта, цалдӕр мӕйемӕй ӕндӕр ке нӕбал рацӕрдзӕй. Моникӕ ӕма ӕ сӕрихецау ба Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй еумӕ берӕ архайдтонцӕ, фал ӕй фӕстӕдӕр Моникӕ базудта, ӕ сӕрихецау хестӕр нӕлгоймаг уогӕй цалдӕр анзей дӕргъи кедӕр хӕццӕ ке хаттӕй. Еу ӕнӕцуд хуӕрӕ Оливий ба тагъд-тагъдӕй ӕ хӕдзарӕй ледзун багъудӕй, уомӕн ӕма кӕми цардӕй, еци рауӕнмӕ тухдунгӕ хӕстӕг кодта. Фӕстӕмӕ ку ӕрбаздахтӕй, удта ’й фӕууидта, ӕ хӕдзарӕй кӕлӕддзӕгтӕй ӕндӕр ке нецибал байзадӕй. Хъӕбӕр цубур рӕстӕгмӕ Луис, Моникӕ ӕма Оливий цард цӕхгӕрмӕ феййивта. Ескӕд дӕубӕл ба ести ӕверхъау хабар ӕрцудӕй ӕма дӕ цард ӕвваст феййивта?

2 Йеговӕн еузӕрдонӕй ке лӕггадӕ кӕнӕн, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нӕ ӕгас зиндзийнӕдтӕй ӕма незтӕй гъӕуай кӕндзӕй. Уомӕй уӕлдай ма, ка ’й зонуй, Хуцауи адӕни нихмӕ ка цӕуй, уони ӕрдиги дӕр ӕфхуӕрд ӕййафдзиан. Кӕд нӕ Йеговӕ уӕхӕн зиндзийнӕдтӕй нӕ багъӕуай кӕнуй, уӕддӕр нин зӕрдӕ ӕвӕруй, ке нин ӕнхус кӕндзӕй (Ис. 41:10). Е ’нхуси фӕрци нӕ бон уодзӕй идарддӕр цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнун, раст унаффитӕ хӕссун ӕма ибӕл тӕккӕ зиндӕр уавӕрти еузӕрдонӕй байзайун. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Йеговӕ цӕхуӕн цуппар мадзалемӕй фӕппайда кӕнуй, цӕмӕй нин ӕнхус кӕна. Уомӕй уӕлдай ма ӕркӕсдзиан, нӕхе ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕнхус кӕна.

ЙЕГОВӔ ДИН ГЪӔУАЙ КӔНДЗӔЙ ДӔ ЗӔРДӔ ӔМА ДӔ ЗУНД

3. Царди нӕбӕл ести ӕверхъау хабар ку ’рцӕуй, уӕд нин зин ци фӕууй?

3 Зин ци фӕууй? Ӕвваст нӕбӕл ести бӕллӕх ку ’рцӕуй, уӕд радзӕгъӕл уӕн ӕма ’й нӕ фӕззонӕн ци нин кӕнгӕ ’й ӕма нӕхе куд даргӕ ’й. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нӕ зӕрдӕ фур ристӕй фӕттонуй, фур берӕ сагъӕстӕй ба нӕбӕл нӕ сӕр разелуй. Уӕлдӕр ци дууӕ хуӕрей кой кодтан, етӕ радзурдтонцӕ, зин уавӕрти рӕстӕг син куд адтӕй, уой туххӕй. Оливийӕ зӕгъуй: «Тухдунгӕ мин мӕ хӕдзарӕ ку ниппурхӕ кодта, уӕд мин куд кӕнгӕ ’й ӕма ци кӕнгӕ ’й, уомӕн ӕппундӕр неци зудтон». Ӕ сӕрихецау гадзирахаттӕй кӕбӕл рацудӕй, еци хуӕрӕ Моникӕ ба зӕгъуй: «Ескӕд мӕбӕл уӕхӕн хабар ке ӕрцӕудзӕй, е мӕ сӕри къуми дӕр н’ адтӕй. Куд зин мин адтӕй, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума мӕ кардӕй барӕхустонцӕ. Идарддӕр мин ци кӕнгӕ адтӕй, уомӕн неци лӕдӕрдтӕн». Цума нин уӕхӕн зин уавӕрти Йеговӕ куд банхус кӕнуй?

4. Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй?

4 Йеговӕ нин куд банхус кӕнуй? Е нин зӕрдӕ ӕвӕруй, фарнӕ нин ке ратдзӕй. Библи уой хонуй «Хуцауи фарнӕ». (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7.) Еци фарни фӕрци нӕ зӕрдӕ фӕууй сабур ӕма ӕгӕр нӕ фӕттухсӕн. Уомӕн ба гӕнӕн фӕууй, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, ӕрмӕстдӕр уой фӕрци. Е ӕй, «зунд кӕбӕл нӕ хъӕртуй, еци фарнӕ». Гъома, нӕ бон балӕдӕрун ци ӕй кенӕ расагъӕс кӕнун цӕбӕл ӕй, уомӕй дессагдӕр ӕй. Ескӕд уотӕ адтӕй, ӕма Йеговӕмӕ хъӕбӕр зӕрдибунӕй кувтай, удта ’й балӕдӕрдтӕ, дӕ зӕрдӕ цидӕр ӕнахур сабур ке ӕй? Е ӕй, Йеговӕ ке дӕттуй, еци фарнӕ.

5. Хуцауи фарнӕ нин нӕ зӕрдитӕ ӕма нӕ зунд куд гъӕуай кӕнуй?

5 Идарддӕр ма стихи финст ӕй, Хуцауи фарнӕ нин нӕ зӕрдитӕ ӕма нӕ зунд ке гъӕуай кӕндзӕй. Ами дзурд «гъӕуайгӕнӕг» ци грекъаг дзурдӕй тӕлмацгонд ӕрцудӕй, е комкоммӕ амонуй, горӕт знӕгтӕй ка гъӕуай кодта, еци ӕфсӕддонти къуармӕ. Горӕти ка цардӕй, етӕ нецӕбӕл тухстӕнцӕ, уомӕн ӕма ’й зудтонцӕ, гъӕуай сӕ ке кӕнунцӕ. Гъе уотӕ нин абони дӕр Хуцауи фарнӕ нӕ зӕрдитӕ ӕма нӕ зунд ке гъӕуай кӕнуй, уой фӕрци нецӕмӕй тӕрсӕн (Пс. 4:8). Нӕ уавӕр еци фӕдбӕл хуӕздӕрӕрдӕмӕ ку нӕ раййева, уӕддӕр нӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ. Уотӕ адтӕй пахампар Самуили мадӕ Аннӕн дӕр (1 Сам. 1:16–18). Нӕ зӕрди фарнӕ ку уа, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй рӕстмӕ сагъӕс кӕнун ӕма раст унаффитӕ хӕссун.

Хуцаумӕ ковӕ, цалинмӕ ’й нӕ балӕдӕрай, «Хуцауи фарнӕ» дин дӕ зӕрдӕ ӕма дӕ зунд ке гъӕуай кӕнуй, уӕдмӕ (кӕсӕ 4–6 абзацтӕ)


6. Ци кӕнун дӕ гъӕуй, цӕмӕй Хуцауи фарнӕ дӕхебӕл балӕдӕрай? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

6 Мах ци кӕнун гъӕуй? Ести дӕ ку фӕттухсун кӕнуй, уӕд рахӕсгӕ хузи гъӕуайгӕнгутӕмӕ фӕдздзорисӕ. Уомӕн куд ес гӕнӕн? Ковӕ, цалинмӕ дӕхебӕл Хуцауи фарнӕ нӕ балӕдӕрай, уӕдмӕ (Лук. 11:9; 1 Фес. 5:17). Луис цалдӕр мӕйемӕй ӕндӕр ке нӕбал рацӕрдзӕй, уой ку базудта, уӕд ӕ бийнойнаг Анэй хӕццӕ куд архайдтонцӕ, уой радзурдта: «Уӕхӕн рӕстӕгути хъӕбӕр зин фӕууй, адӕймаг ӕхе куд дзӕбӕх кӕна, уой фӕдбӕл ӕма ӕндӕр гъуддӕгти фӕдбӕл унаффитӕ хӕссун. Йеговӕмӕ ке кувтан, ӕрмӕстдӕр нӕмӕ уой фӕрци адтӕй хъауритӕ». Луис ӕма ӕ бийнойнаг Йеговӕй курдтонцӕ, цӕмӕй син сӕ зӕрдитӕ ӕрсабур кӕна ӕма син зундгин унаффитӕ хӕссунмӕ ӕнхус кӕна. Етӕ ’й уидтонцӕ, Йеговӕ син сӕ зӕрдиаг кувдтитӕбӕл куд дзуапп кӕнуй, уой. Кӕд ду дӕр тухст уавӕри бахаудтӕ, уӕд ковӕ, ӕма ’й ӕнӕмӕнгӕй дӕхебӕл балӕдӕрдзӕнӕ, Йеговӕ ци фарнӕ дӕттуй, е дин дӕ зӕрдӕ ӕма дӕ зунд ке гъӕуай кӕнуй (Ром. 12:12).

ЙЕГОВӔ ДӔ БАФЕДАР КӔНДЗӔЙ

7. Уӕззау фӕлварӕни ку бахауӕн, уӕд нӕбӕл е куд рабӕрӕг уй?

7 Зин ци фӕууй? Уӕззау фӕлварӕни ку бахауӕн, уӕд арӕх нӕ гъудитӕ исдзӕгъӕл унцӕ. Науӕ тухдунги рӕстӕг куд фӕрракӕнӕ-бакӕнӕ кӕнуй, уотӕ мах дӕр истухсӕн ӕма нин ци кӕнгӕ ’й, уой нӕ фӕллӕдӕрӕн. Анэйӕн ӕ сӕрихецау ку рамардӕй, уӕд имӕ хъӕбӕр берӕ фӕйнӕхузи ӕнкъарӕнтӕ адтӕй. Е зӕгъуй: «Еунӕгӕй ке байзадтӕн, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнинӕ, уӕд мӕхецӕн тӕрегъӕд кӕнун райдайинӕ. Луисмӕ хъӕбӕр мӕстгун кодтон, еунӕгӕй мӕ ке ниууагъта, уой туххӕй». Анэй ӕ къохтӕ ӕруадзунмӕ берӕ нӕбал фӕгъгъӕуидӕ, уомӕн ӕма раздӕр ӕ сӕрихецау ци гъуддӕгтӕ кодта, етӕ нур Анэйӕн ӕхемӕ ӕрхаудтӕнцӕ. Хатгай е ’нкъарӕнтӕ ӕмбохгӕ денгизи хузӕн адтӕнцӕ. Махмӕ дӕр уӕхӕн ӕнкъарӕнтӕ ку фӕззиннуй, уӕд нин Йеговӕ куд банхус кӕнуй?

8. 1 Петури 5:10 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй?

8 Йеговӕ нин куд банхус кӕнуй? Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, ке нин банхус кӕндзӕй ӕма нӕ ке бафедар кӕндзӕй. (Бакӕсӕ 1 Петури 5:10.) Науӕ тухдунги ку бахауй, уӕд ӕй уӕд еу ӕрдӕмӕ, уӕд иннердӕмӕ рахӕс-бахӕс кӕнун райдайуй. Ӕма цӕмӕй науӕ ма фӕддӕлдон уа, уой туххӕй ибӕл дууердиги дӕр фӕуунцӕ стабилизатортӕ. Еци стабилизаторти фӕрци науӕ уотӕ хъӕбӕр нӕ фӕррахӕс-бахӕс кӕнуй, удта ибӕл ка фӕццӕуй, еци адӕнӕн дӕр ӕдасдӕр ӕма ӕнцондӕр фӕууй. Дессаг е ӕй, ӕма уӕхӕн цидӕртӕ хуӕздӕр фӕккосунцӕ, науӕ еу бунати ку фӕллӕууй, уӕд нӕ, фал цӕугӕ-цӕугӕй. Гъе уотӕ нин Йеговӕ банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ сабур уа, рахӕсгӕ хузи еу бунати ку нӕ лӕууӕн, уӕд.

Ӕрмӕг ӕртасунмӕ нӕмӕ ци публикацитӕ ес, уони фӕрци дӕхе федар кӕнӕ, цӕмӕй дӕ зиндзийнӕдти уолӕнтӕ ма рагӕлдзӕ- багӕлдзӕ кӕнонцӕ (кӕсӕ 8 ӕма 9 абзацтӕ)


9. Цӕхуӕн косӕндзаумӕуттӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ сабур уа? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

9 Мах ци кӕнун гъӕуй? Еци еу рӕстӕг дӕмӕ берӕ аллихузи ӕнкъарӕнтӕ ку уа, уӕддӕр архайӕ, цӕмӕй ковай, игъосун кӕнай ӕма ӕмбурдтӕмӕ цӕуай. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, уӕхӕн рӕстӕгути дӕ бон нӕ уодзӕй, раздӕр цӕйбӕрцӕ кодтай, уойбӕрцӕ кӕнун. Фал дӕ гъудий дарӕ: Йеговӕ ди уой нӕ агоруй. (Рабарӕ Лукай 21:1–4.) Рӕстӕг рахецӕн кӕнисӕ, цӕмӕй Библи ӕртасай ӕма ибӕл сагъӕс кӕнай. Е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Йеговӕ нин ӕ организаций фӕрци ци статьятӕ ӕма видеороликтӕ рауадзуй, етӕ нин фенхус кӕнунцӕ, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ сабур уа. Цӕмӕй дӕ ци гъӕуй, уой иссерай, уой туххӕй пайда кӕнӕ приложенийӕй JW Library®, «Индекс публикаций Сторожевой башни» ӕма «Путеводитель по публикациям Свидетелей Иеговы». Раст гъе уотӕ архайдта Моникӕ дӕр, ку ’й балӕдӕридӕ, нифссӕттӕн сагъӕстӕ ибӕл уӕлахез кӕнун ке райдӕдтонцӕ. Зӕгъӕн, ӕртасгӕ-ӕртасгӕй нӕ библиотеки бафинсидӕ уӕхӕн дзурдтӕ: «мӕстгун кӕнун», «гадзирахаттӕй цӕун», «еузӕрдондзийнадӕ». Уой фӕсте ба кастӕй ӕма кастӕй, цалинмӕ ин нӕ фенцондӕр уидӕ, уӕдмӕ. Е зӕгъуй: «Арӕх гъуддаг уомӕй райдаидӕ, ӕма мӕстӕйдзагӕй ниффинсинӕ, рартасун мӕ ке фӕндадтӕй, еци дзурд. Кӕсгӕ-кӕсгӕй ӕй балӕдӕринӕ, Йеговӕ мин ӕ фӕлмӕн къохтӕй куд ӕрбахъури кӕнидӕ, уой. Ӕз ӕй уидтон, Йеговӕ мӕ дзӕбӕх ке зонуй, ме ’нкъарӕнтӕ мин ке лӕдӕруй ӕма мин ке ’нхус кӕнуй». Гъе уотӕ дӕуӕн дӕр Йеговӕ ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕхебӕл хуӕцай, цалинмӕ де ’нкъарӕнтӕ не ’рсабур уонцӕ, уӕдмӕ (Пс. 119:143, 144).

ЙЕГОВӔ ДӔ ЕУНӔГӔЙ НӔ НИУУАДЗДЗӔЙ

10. Ести лӕгъуз хабар нӕбӕл ку ӕрцӕуй, уӕд куд фӕууӕн?

10 Зин ци фӕууй? Ести лӕгъуз хабар нӕбӕл ку ’рцӕуй, уӕд нӕмӕ хъауритӕ ӕппундӕр нӕбал байзайуй. Мах фӕууӕн, кӕддӕр тагъд ка лигъдӕй, фал ӕ къах кӕмӕн феуӕхстӕй ӕма нур къулухгӕнгӕй ка цӕуй, уӕхӕн спортсмени хузӕн. Кӕддӕр нин ӕнцонтӕй ци уадӕй, уобӕл, гӕнӕн ес, ӕма нур тухӕй исхъаурӕ кӕнӕн. Кенӕ ба, гӕнӕн ес, ӕма раздӕр зӕрдидзӕбӕхӕн ци гъуддӕгтӕ кодтан, уони нур тухтӕрӕгау кӕнӕн. Хатгай мах дӕр пахампар Илийай хузӕн ӕнӕхъаурӕ фӕууӕн ӕма нӕмӕ фунӕй кӕнунӕй ӕндӕр неци фӕццӕуй (1 Пад. 19:5–7). Цума нин Йеговӕ куд банхус кӕнуй, нӕхемӕ ӕнӕхъаурӕ ку фӕккӕсӕн, уӕд?

11. Исаййи 41:13 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ куд банхус кӕнуй?

11 Йеговӕ нин куд банхус кӕнуй? Е нин зӕрдӕ байвардта нӕ фарсмӕ ке уодзӕй ӕма нин нӕ къохбӕл ке хуӕцдзӕй. (Бакӕсӕ Исаййи 41:13.) Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, еристи ка ледзуй ӕма ӕ къах кӕмӕн феуӕхстӕй, еци спортсмени. Ӕнӕ еске ӕнхусӕй ин цӕун зин ӕй. Гъе уотӕ мах дӕр ӕнхус фӕгъгъӕуй, цӕмӕй идарддӕр нӕ бон уа Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Паддзах Давид уой ӕхебӕл бавзурста. Знӕгтӕ ӕ фӕдбӕл ку зилдӕнцӕ, уӕд Йеговӕн уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Дӕ рахес къох мӕбӕл хуӕцдзӕй» (Пс. 18:35). Цума нин ӕй Йеговӕ куд бавдесуй, нӕ фарсмӕ ке ӕй ӕма нин нӕ къохбӕл ке хуӕцуй?

Дӕ бийнонти, де ’мбӕлтти ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти бауадзисӕ, цӕмӕй дин банхус кӕнонцӕ (кӕсӕ 11–13 абзацтӕ)


12. Нӕхемӕ ӕнӕхъаурӕ ку фӕккӕсӕн, уӕд нин Йеговӕ ке фӕрци банхус кӕнуй?

12 Арӕх Йеговӕ иннети баразӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нин банхус кӕнонцӕ. Зӕгъӕн, паддзах Давид ӕхемӕ ӕнӕхъаурӕ ку кастӕй, уӕд имӕ е ’мбал Ионафан ӕрбацудӕй ӕма ’й бафедар кодта (1 Сам. 23:16, 17). Пахампар Илийамӕ ба Йеговӕ рарвиста ӕнхусгӕнӕги – Елисеййи (1 Пад. 19:16, 21; 2 Пад. 2:2). Абони махӕн дӕр Йеговӕ банхус кӕнуй нӕ хеуӕнтти, не ’мбӕлтти кенӕ хестӕр нӕлгоймӕгти фӕрци. Фал адӕймаг зӕрдӕрист ку фӕууй, уӕд ӕхе иннетӕй еуварс фӕддаруй. Еске уинун ӕй фӕндгӕ дӕр нӕ фӕккӕнуй. Ӕма е дессагдӕр нӕй. Фал уӕхӕн уавӕри дӕр нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕнхус кӕна?

13. Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нин Йегови бон уа банхус кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

13 Мах ци кӕнун гъӕуй? Ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕхемӕ нийгъосай. Нӕхе иннетӕй еуварс ку фӕддарӕн, уӕд нӕ зиндзийнӕдтӕмӕ ӕгӕр никкомкоммӕ уӕн. Е ба уомӕ ӕркӕнуй, ӕма раст унаффитӕ нӕбал фӕххӕссӕн (Ӕмб. 18:1). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, алкедӕр ни фӕгъгъӕуй еуӕй-еухатт еунӕгӕй байзайун, уӕлдайдӕр ба ести ӕверхъау хабар ку ’рцӕуй, уӕд. Фал еци рӕстӕг ӕгӕр ку ниддаргъ уа ӕма нӕхемӕ хӕстӕг ку неке уадзӕн, уӕд уотӕ рауайдзӕй, ӕма Йегови банхус кӕнун нӕ уадзӕн. Уомӕ гӕсгӕ дин цийфӕнди зин ма уа, уӕддӕр дӕ бийнонти, де ’мбӕлтти ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти банхус кӕнун бауадзисӕ. Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, Йеговӕ дин арӕхдӕр уони фӕрци ке ӕнхус кӕндзӕй (Ӕмб. 17:17; Ис. 32:1, 2).

ЙЕГОВӔ НИН УОДӔНЦОЙНӔ ДӔТДЗӔЙ

14. Хатгай цӕй туххӕй фӕттӕрсӕн?

14 Зин ци фӕууй? Хатгай тӕрсгӕ дӕр фӕккӕнӕн. Библий финст ӕй, Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ дӕр ке тарстӕнцӕ. Сауӕнгӕ ма фур тӕссӕй зир-зир дӕр кодтонцӕ, зӕгъӕн, се знӕгтӕ сӕ фӕдбӕл ку зилдӕнцӕ, уӕд (Пс. 18:4; 55:1, 5). Ка ’й зонуй, махӕн дӕр нӕ нихмӕ цӕунцӕ скъолай, кусти, нӕ бийнонти астӕу кенӕ ба ма хецауадӕ дӕр. Кенӕ ба, гӕнӕн ес, ӕма ести уӕззау незӕй фӕссӕйгӕ уӕн. Уӕхӕн уавӕрти, ка ’й зонуй, нӕхемӕ минкъий сувӕллони хузӕн ӕнӕхъаурӕ ӕркӕсӕн. Цума уӕхӕн уавӕрти ба Йеговӕ куд фӕййархайуй?

15. Псалом 94:19 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй?

15 Йеговӕ нин куд банхус кӕнуй? Зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕй нӕ барӕвдауй. (Бакӕсӕ Псалом 94:19.) Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, арви гъӕрӕй ка тӕрсуй ӕма ӕ бон бафунӕй ун кӕмӕн нӕй, уӕхӕн минкъий кизги. Ӕ фидӕ имӕ ӕрбацудӕй, ӕ гъӕбесмӕ ’й исиста ӕма ’й фӕлмӕн дзурдтӕй ӕрсабур кодта. Ӕма кӕд арви гъӕр нӕма ӕрсабур ӕй, уӕддӕр сувӕллон ӕ фиди гъӕбеси нецӕмӕйбал тӕрсуй, ӕрсабур ӕй ӕма бафунӕй ӕй. Мах дӕр фӕлварӕни ку бахауӕн, уӕд фӕттӕрсӕн ӕма цӕмӕй ӕрсабур уӕн, уой туххӕй фӕгъгъӕуй, цӕмӕй нӕ Йеговӕ рахӕсгӕ хузи ӕ гъӕбесмӕ исеса. Ци кӕнун нӕ гъӕуй, цӕмӕй нин Йеговӕ нӕ зӕрдӕ ӕрсабур кӕна?

Дӕ уӕларвон Фиди бауадзисӕ, цӕмӕй дин ӕ Дзурди фӕрци дӕ зӕрдӕ ӕрсабур кӕна (кӕсӕ 15 ӕма 16 абзацтӕ)


16. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй Йеговӕ ци уодӕнцойнӕ дӕттуй, уой нӕхебӕл балӕдӕрӕн? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

16 Мах ци кӕнун гъӕуй? Дӕ рӕстӕг Йегови хӕццӕ ӕрветӕ. Ӕдзох имӕ ковӕ ӕма ин ӕ Дзурд кӕсӕ (Пс. 77:1, 12–14). Уобӕл дӕхе ку исахур кӕнай, уӕд фиццагидӕр ӕнхус дӕ уӕларвон Фидӕй агордзӕнӕ. Цидӕриддӕр дӕ тухсун кӕнуй ӕма цӕмӕй тӕрсис, уой ин радзорисӕ. Уой фӕсте ба дин ци зӕгъуйнаг ӕй, уой базонисӕ Библи кӕсгӕй. Уотемӕй ӕй лӕдӕрдзӕнӕ, уодӕнцойнӕ дин куд дӕттуй, уой (Пс. 119:28). Ка ’й зонуй дин фӕззиндзӕй, дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр ка цӕуй, уӕхӕн скъуддзӕгтӕ Библийӕй. Етӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй дӕхемӕ ма нийгъосай, уӕлдайдӕр ба естӕмӕй ку тӕрсай, уӕд. Кадӕр уӕхӕн ӕнхус иссирдта Иови, Псаломи ӕма Ӕмбесӕндти киунугути, удта, Киристе Матфеййи 6 сӕри ци дзурдтӕ загъта, уонӕми. Йеговӕмӕ ку фӕкковетӕ ӕма ин ӕ Дзурд ку фӕккӕсетӕ, уӕд ин уотемӕй фадуат раттетӕ, цӕмӕй уин уӕ зӕрдитӕ ӕрсабур кӕна ӕма уин уодӕнцойнӕ ратта.

17. Дӕ бон цӕбӕл ӕй федарӕй ӕууӕндун?

17 Нӕ царди цийфӕнди зин рӕстӕг ма ралӕууа, уӕддӕр Йеговӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ уодзӕй. Е нӕ некӕд ниууадздзӕй (Пс. 23:4; 94:14). Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, нӕ зӕрдитӕ ӕма нин нӕ зунд ке гъӕуай кӕндзӕй, ке нин ӕнхус кӕндзӕй ӕма нӕ ке федар кӕндзӕй, еунӕгӕй нӕ ке нӕ ниууадздзӕй ӕма нин уодӕнцойнӕ ке дӕтдзӕй. Исаййи 26:3 Йегови туххӕй уотӕ финст ӕй: «Ӕ зӕрдӕ дӕубӕл ка даруй, еци адӕймаги ду исхайгин кӕндзӕнӕ ӕнӕкӕрон фарнӕй ӕма ’й гъӕуай кӕндзӕнӕ, уомӕн ӕма ӕ каст дӕумӕ ’й». Мадта дӕ зӕрдӕ алкӕддӕр Йеговӕбӕл дарӕ ӕма дӕмӕ е ’нхуси къох ку ӕрбадаруй, уӕд ӕй банхус кӕнун бауадзисӕ. Еумӕ уӕ бон уодзӕй цийфӕнди зин уавӕрти сӕрти дӕр рахезун.

ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТДЗӔНӔ?

  • Йегови ӕнхус нӕ уӕлдай хъӕбӕр кӕд фӕгъгъӕуй?

  • Йеговӕ цӕхуӕн цуппар мадзалемӕй фӕппайда кӕнуй, цӕмӕй нин тухст рӕстӕгути банхус кӕна?

  • Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нин Йегови бон уа банхус кӕнун?

12 ЗАР ’Стур Хуцау Йеговӕ

a Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.