4 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
30 ЗАР Мӕ Фидӕ, Мӕ Хуцау, ме ’мбал
Йеговӕ уӕ фӕлмӕн уарзтӕй уарзуй
«Йеговӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзуй» (ИАК. 5:11).
ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН
Йеговӕ нӕ ке уарзуй, е нин куд банхус кӕнуй, цӕмӕй имӕ бахӕстӕг уӕн, мацӕмӕй бал тӕрсӕн ӕма нӕмӕ хъауритӕ фӕззинна.
1. Йеговӕбӕл ку фӕссагъӕс кӕнис, уӕд дӕ цӕститӕбӕл цӕхуӕнӕй рауайуй?
ЙЕГОВӔ цӕхуӕн ӕй, уобӕл ескӕд сагъӕс кодтай? Ку имӕ фӕкковис, уӕд дӕ цӕститӕбӕл цӕхуӕнӕй рауайуй? Кӕд Хуцауи нӕ уинӕн, уӕддӕр нӕ бон ӕй берӕ цидӕртӕ базонун, Библий уой туххӕй ци финст ес, уомӕй. Зӕгъӕн, финст си ес, Йеговӕ ке ӕй «нӕ хор ӕма нӕ уарт», удта, «алцидӕр ка нихъуӕруй, уӕхӕн арт» (Пс. 84:11; Дзиуит. 12:29). Хуцау Йезекилӕн ци цӕстӕбӕлуайӕн бавдиста уоми фӕууидта, Хуцау ке бадтӕй, сапфирдорӕй конд паддзахбадӕнбӕл. Еци паддзахбадӕн аллихузи ӕзгъӕрти хузӕн ӕрттивта, ӕ алливарс ба адтӕй арвӕрдуни хузӕн рохс (Йез. 1:26–28). Ка ’й зонуй, уӕхӕн дзурдтӕ ку фӕккӕсӕн, уӕд деси бафтуйӕн, нӕ бауӕр ниббизирттӕ уй ӕма ма тӕрсгӕ дӕр фӕккӕнӕн.
2. Еуӕй-еуетӕн Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнун зин цӕмӕн фӕууй?
2 Йегови ке нӕ уинӕн, уомӕ гӕсгӕ нин, гӕнӕн ес, ӕма зин баууӕндӕн фӕууй, ке нӕ уарзуй, уобӕл. Кӕмӕдӕр ба уотӕ кӕсуй, ӕма Хуцауи уарзти аккаг нӕй, уомӕн ӕма ’й кадӕр ке уарзуй, уой ӕхебӕл некӕд балӕдӕрдтӕй, сауӕнгӕ ма бийнонти медӕг дӕр. Йеговӕ уӕхӕн адӕни хуарз лӕдӕруй. Е ӕй зонуй, зин баууӕндӕн нин цӕмӕн ӕй, ке нӕ уарзуй, уобӕл. Фал ӕй фӕндуй, цӕмӕй ибӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн ӕма ибӕл нӕхе бӕттӕн. Уомӕ гӕсгӕ нин Библий фӕрци ӕвдесуй, хӕларзӕрдӕ ӕма фӕлмӕн Хуцау ке ӕй.
3. Йегови уарзондзийнади туххӕй фулдӕр базонун хуарз цӕмӕн ӕй?
3 Уарзондзийнадӕ – аци дзурдӕй хуӕздӕр ӕй неци ӕвдесуй, Йеговӕ цӕхуӕн Хуцау ӕй, уой (1 Иоан. 4:8). Ӕ уарзондзийнадӕ алли гъуддагӕй дӕр бӕрӕг ӕй. Йеговӕ адӕни гъе уотӕ берӕ уарзуй, ӕма ӕ зӕрди алкӕмӕндӕр ес бунат, сауӕнгӕ ма уой ка нӕ уарзуй, уонӕн дӕр (Матф. 5:44, 45). Аци статьяй фулдӕр радзубанди кӕндзиан Йегови ӕма ӕ уарзондзийнади туххӕй. Йеговӕ нӕ куд берӕ уарзуй, уой туххӕй куд фулдӕр базонӕн, уотӕ ’й нӕхуӕдтӕ дӕр фулдӕр фӕууарзӕн.
ЙЕГОВӔ НӔ ХЪӔБӔР БЕРӔ УАРЗУЙ
4. Йегови фӕлмӕн уарзти туххӕй ку фӕссагъӕс кӕнис, уӕд дӕмӕ цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ фӕззиннуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
4 «Йеговӕ [нӕ] фӕлмӕн уарзтӕй... уарзуй» (Иак. 5:11). Библий Хуцау ӕхе рабарста, ӕ бӕдоли берӕ ка уарзуй, уӕхӕн мади хӕццӕ (Ис. 66:12, 13). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, мадӕ ӕ бӕдоли ӕ къохтӕмӕ куд райста, ӕхемӕ ’й куд ӕрбалхъивта ӕма ӕ хӕццӕ сабурӕй ӕма фӕлмӕнӕй куд дзоруй. Сувӕллонӕй ести ку фӕрресуй кенӕ кӕун ку райдайуй, уӕд мадӕ е ’гас гъуддӕгтӕ дӕр фӕууадзуй ӕма алцидӕр бакӕнуй, цӕмӕй ӕ бӕдолӕн банхус кӕна. Мах дӕр ести ку фӕттухсун кӕнуй, уӕд нӕ бон фӕууй Йегови уарзондзийнадӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун. Псаломзаргӕнӕг уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Тухст сагъӕстӕ мин ӕнцойнӕ ку нӕбал лӕвардтонцӕ, уӕд мин дӕ зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕ рӕвдудтонцӕ мӕ уод» (Пс. 94:19).
5. Йегови ӕновуд уарзтӕн цӕмӕн аргъ кӕнис?
5 Йеговӕ еузӕрдон ӕй (Пс. 103:8). Е ни ӕхе нӕ рахатуй, рӕдуд къахдзӕф ку искӕнӕн, уӕд дӕр. Израилӕгтӕ Йегови зӕрдӕ еу ӕма дууӕ хатти нӕ фӕрресун кодтонцӕ, фал ку ’рфӕсмон кӕниуонцӕ ӕма имӕ фӕстӕмӕ ку раздӕхиуонцӕ, уӕд син Йеговӕ фӕззӕгъидӕ, раздӕр сӕ куд берӕ уарзта, нур дӕр сӕ гъе уотӕ ке уарзуй. Е уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Мӕ уодӕн хъазар дӕ, мӕ цӕсти кадгин дӕ ӕма дӕ хъӕбӕр берӕ уарзун» (Ис. 43:4, 5). Ӕма мах дӕр Йеговӕ гъе уӕхӕн ӕновуд уарзтӕй уарзуй. Еци уарзт некӕд ӕруазал уй. Ку фӕррӕдуйӕн, уӕддӕр нӕбӕл ӕ къох нӕ ракъуӕруй. Ку ’рфӕсмон кӕнӕн ӕма имӕ ку раздӕхӕн, уӕд ӕй фӕууиндзиан, Йеговӕ нӕ раздӕр куд уарзта, нур дӕр нӕ уотӕ ке уарзуй. Е нин зӕрдӕ ӕвӕруй, «зӕрдиагӕй [нин ке] ниххатир кӕндзӕй» (Ис. 55:7). Библий ма уӕхӕн дзурдтӕ дӕр финст ес, зӕгъгӕ, Йеговӕ ку ниххатир кӕнуй, уӕд ни «ӕхуӕдӕг нӕуӕг хъауритӕ бауадзуй» (Гъуд. 3:19).
6. Захарий 2:8 финст дзурдтӕй Йегови туххӕй нӕ бон ци ӕй базонӕн?
6 Бакӕсӕ Захарий 2:8. Йеговӕ нӕ берӕ уарзуй ӕма нин уомӕ гӕсгӕ не ’нкъарӕнтӕ хуарз фӕллӕдӕруй ӕма нӕ сӕрбӕл исдзорунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй. Мах естӕбӕл ку фӕммаст кӕнӕн, уӕд Йеговӕн дӕр ӕ зӕрдӕ фӕрресуй. Мадта нӕ бон ӕй уотӕ ковун: «Цӕстигагуй хузӕн мӕ гъӕуай кӕнӕ» (Пс. 17:8). Ӕма нин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй нӕ кувдбӕл исдзуапп кӕндзӕй. Цӕстӕ уотӕ конд ӕй, ӕма ибӕл минкъий ести дӕр ку бамбӕлуй, уӕд адӕймаг фесхъеуй. Мадта нӕ Йеговӕ ӕ цӕстигӕгуй хӕццӕ ке баруй, уомӕй ӕй, зӕгъӕн ес, ӕма уотӕ зӕгъун фӕндуй: «Сумах зӕрдӕ фӕрресун кӕнунбӕл ка архайуй, е мӕн зӕрдӕ ресун кӕнуй».
7. Цӕмӕн гъӕуй архайун, цӕмӕй нӕ Йеговӕ ке уарзуй, уобӕл ма гурусхӕ кӕнӕн?
7 Йегови фӕндуй, цӕмӕй федарӕй ӕууӕндӕн, берӕ нӕ ке уарзуй, уобӕл. Е ӕй зонуй, раздӕр нӕбӕл ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уони туххӕй нин хатгай зин ке фӕууй уобӕл баууӕндун. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, нур ци фӕлварӕнти сӕрти хезӕн, уони туххӕй гурусхӕ кӕнун райдайӕн, Йеговӕ нӕ ӕцӕгӕйдӕр ке уарзуй, уобӕл. Цума нӕ бон куд ӕй нӕхе уӕхӕн гъудитӕй багъӕуай кӕнун? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Йеговӕ ӕма Киристе исӕрст киристӕнтти, удта махӕй алкедӕр ке уарзунцӕ, уомӕн цӕхуӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес, уомӕ.
ЙЕГОВӔ НӔ КЕ УАРЗУЙ, УОМӔН БӔЛВУРДГӔНӔНТӔ
8. Киристе федарӕй цӕмӕн ӕууӕндтӕй, ӕ уӕларвон Фидӕ ’й берӕ ке уарзуй?
8 Йеговӕ ӕма Йесо куд рагӕй ӕнцӕ еумӕ, уотӕ ӕнӕгъӕнӕ Дун-дуйней дӕр неке. Уой фӕрци кӕрӕдзебӕл хъӕбӕр баст ӕнцӕ. Йеговӕ Киристейӕн комкоммӕ фӕдздзоридӕ берӕ ’й ке уарзуй. Уой туххӕй финст ӕй Матфеййи 17:5. Йегови бон адтӕй уотид зӕгъун: «Айӕ ӕй, арази кӕмӕй дӕн, еци Фурт». Фал ӕй фӕндадтӕй, цӕмӕй ӕй не ’гасдӕр зонӕн, Киристей куд берӕ уарзуй, уой. Уомӕ гӕсгӕ уотӕ загъта: «Айӕ ӕй мӕ уарзон Фурт». Йеговӕ сӕрустур адтӕй, Киристе уӕдмӕти ци искодта, уомӕй ӕма ибӕл федарӕй ӕууӕндтӕй, идарддӕр дӕр ӕй ке нӕ фӕффудӕнгъӕл кӕндзӕй (Еф. 1:7). Удта ибӕл Киристе ӕхуӕдӕг дӕр нӕ гурусхӕ кодта, ӕ уӕларвон Фидӕ ’й берӕ ке уарзуй. Еци уарзт ӕхебӕл лӕдӕрдтӕй ӕма уой туххӕй арӕх фӕдздзоридӕ (Иоан. 3:35; 10:17; 17:24).
9. Йеговӕ исӕрст киристӕнтти берӕ ке уарзуй, е Ромӕгтӕмӕ 5:5 цӕхуӕн дзурдбастӕй бӕрӕг ӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
9 Йеговӕ исӕрст киристӕнтти дӕр берӕ уарзуй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 5:5.) Сӕ зӕрдитӕ Хуцауи уарзтӕй ке «байдзаг ӕнцӕ», е цӕмӕ амонуй? Йеговӕ исӕрст киристӕнтти уойбӕрцӕ уарзуй, ӕма ӕ уарзондзийнадӕ рабарӕн ес дони гулфӕни хӕццӕ. Исӕрст киристӕнттӕ ’й зонунцӕ, «Хуцау [сӕ] ке уарзуй» (Иуди 1). Уой фӕдбӕл апостол Иоанн уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Расагъӕс кӕнайтӕ, Фидӕ нӕ куд берӕ бауарзта – мах хуннӕн Хуцауи бӕдӕлттӕ!» (1 Иоан. 3:1). Йеговӕ не ’гасейдӕр ке уарзуй, уомӕн федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес.
10. Йеговӕ нӕ ке уарзуй, уомӕн тӕккӕ устурдӕр бӕлвурдгӕнӕн ци ӕй?
10 Йеговӕ нӕ ке уарзуй, уомӕн тӕккӕ устурдӕр бӕлвурдгӕнӕн ба ци ӕй? Нивонд. Цума Йегови бон адтӕй уомӕй фулдӕр ести искӕнун? (Иоан. 3:16; Ром. 5:8). Ӕ уарзон Фурти зӕнхӕмӕ рарвиста, цӕмӕй ӕ цард равардтайдӕ ӕгас адӕни туххӕй дӕр. Уой фӕрци нӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд цӕунцӕ ӕма нӕ бон ӕй Хуцаумӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнун (1 Иоан. 4:10). Йеговӕ ӕма Киристе ци устур аргъ бафистонцӕ, уобӕл куд фулдӕр фӕссагъӕс кӕнӕн, уотӕ ’й хуӕздӕр фӕллӕдӕрӕн, алкедӕр ни куд берӕ уарзунцӕ, уой (Гал. 2:20). Йеговӕ нивонд айдагъ уой туххӕй не ’рхаста, цӕмӕй ӕ раст уагӕвӕрдтӕ ӕнхӕстгонд ӕрцудайуонцӕ. Еци лӕвар искӕнунмӕ ’й ӕ уарзондзийнадӕ баразӕнгард кодта. Йеговӕ нӕ ӕцӕгӕйдӕр берӕ ке уарзуй, е рабӕрӕг ӕй, тӕккӕ хъазардӕр имӕ ци адтӕй, уой нин ке нӕ бавгъау кодта, уомӕй. Е бауагъта, цӕмӕй ӕ Фурт фӕгъгъезӕмарӕ кӕна ӕма ӕ цард ратта мах туххӕй.
11. Йеремии 31:3 финст дзурдтӕй нӕ бон ци ӕй базонун?
11 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй нӕ Йеговӕ ке уарзуй, уой римӕхсгӕ нӕ кӕнуй, фал нин ӕй ӕргомӕй дзоруй. (Бакӕсӕ Йеремий 31:3.) Йеговӕ нӕ ӕхемӕ ӕрбахудта, уомӕн ӕма нӕ берӕ уарзуй. (Рабарӕ Дуккаг закъон 7:7, 8.) Ӕма нӕ еци уарзтӕй неке ӕма неци фенӕхай кӕндзӕй (Ром. 8:38, 39). Йеговӕ дӕ ке уарзуй, уой ке зонис, е дӕбӕл куд рабӕрӕг уй? Бакӕсӕн 23 псалом ӕма нӕ гъос ӕрдарӕн, Йеговӕ Давиди фӕлмӕн уарзтӕй ке уарзта, е ибӕл куд рабӕрӕг ӕй, удта махбӕл дӕр куд рабӕрӕг уодзӕй, уомӕ.
ЙЕГОВӔ ДӔ КЕ УАРЗУЙ, УОЙ КЕ ЗОНИС, Е ДӔБӔЛ КУД РАБӔРӔГ УЙ?
12. 23 псаломи дзурд цӕбӕл цӕуй?
12 Бакӕсӕ Псалом 23:1–6. Аци псаломи дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, Давид ӕппундӕр ке нӕ гурусхӕ кӕнуй Йегови уарзондзийнадӕбӕл. Псаломзаргӕнӕг ци дзурдбӕститӕй испайда кодта, уонӕй бӕрӕг ӕй, Йегови е ’мбалбӕл ке нимайуй ӕма ’й хонуй, мӕ Фиййау, зӕгъгӕ. Давид нецӕмӕй тӕрсуй, уомӕн ӕма Йеговӕн барӕ равардта, цӕмӕй ин ӕ над е араза. Уомӕ гӕсгӕ ибӕл Давид ӕ зӕрдӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр даруй. Давид ӕй федарӕй зудта, Йеговӕ ’й ӕ уарзондзийнадӕй цӕргӕ-цӕрӕнбонти дӕр ке нӕ фенӕхай кӕндзӕй. Цума уобӕл уотӕ федарӕй цӕмӕн ӕууӕндтӕй?
13. Давид ибӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндтӕй, Йеговӕ си ӕхе ке нӕ рахатдзӕй ӕма ибӕл алкӕддӕр ке тухсдзӕй?
13 «Ӕз неци гъӕуагӕ уодзӕн». Давид ӕй уидта, Йеговӕ ибӕл алли бон дӕр ке тухсуй ӕма ’й ӕнӕмӕнгӕй ци гъӕуй, уой ин ке дӕттуй. Е ӕй зудта, Йегови хӕццӕ ӕмбӕлттӕ ке ’нцӕ, ӕма ӕ цардӕй Хуцауи зӕрдӕ рохс кодта. Уомӕ гӕсгӕ ибӕл федарӕй ӕууӕндтӕй, цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр си Йеговӕ ӕхе нӕ рахатдзӕй ӕма ибӕл алкӕддӕр тухсдзӕй. Давид Йеговӕбӕл ӕ зӕрдӕ ке дардта ӕма ’й федарӕй ке зудта, Йеговӕ ибӕл ке тухсуй, е ин ӕнхус кодта, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕтӕ кӕна, фал амондгун ӕма цийнӕфсес уа (Пс. 16:11).
14. Йеговӕ нӕбӕл ке тухсуй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
14 Йеговӕ нӕ берӕ ке уарзуй, уомӕ гӕсгӕ нӕбӕл тухсуй, уӕлдайдӕр ба нӕ царди ести ӕверхъау хабар ку ӕрцӕуй, уӕд. Еу хуӕрӕ Клер a Вефили лӕггадӕ кӕнуй 20 анземӕй фулдӕр. Ӕма ӕ бийнонтӕбӕл цалдӕр бӕллӕхи еу инней фӕдбӕл ку ’рцудӕнцӕ, уӕд хъӕбӕр нифссаст адтӕй. Ӕ фидӕмӕ инсульт рауадӕй, ӕ кӕстӕр хуӕри ин ӕмбурдӕй рацох кодтонцӕ, ӕ бийнонтӕ ба фесафтонцӕ, ци минкъий бизнес сӕмӕ адтӕй, уой, фӕстӕдӕр ба сӕ хӕдзарӕ дӕр. Цума Йеговӕ Клери бийнонтӕбӕл куд батухстӕй? Е зӕгъуй: «Алли бон дӕр мӕ хеуӕнттӕмӕ адтӕй, цидӕриддӕр сӕ гъудӕй, е. Йеговӕ сӕбӕл алли бон дӕр батухсидӕ ӕма сӕ ӕнӕмӕнгӕй ци гъудӕй, айдагъ уой син нӕ лӕвардта, фал уомӕй фулдӕр. Арӕх ибӕл фӕссагъӕс кӕнун, еци тухст рӕстӕг нӕмӕ Йеговӕ куд лӕмбунӕг адтӕй ӕма нӕбӕл куд батухсидӕ. Еци рӕстӕгутӕбӕл ку фӕссагъӕс кӕнун, уӕд мин е ма нифс хъӕбӕр бафедар кӕнуй. Царди нӕуӕг зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлун, уӕд мӕ къохтӕ не ’руадзун, фал идарддӕр дӕр фӕййархайун Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнунбӕл».
15. Давиди ци зӕгъун фӕндадтӕй, уотӕ ку загъта: «Мӕ уоди мин хъауритӕ бауадзуй»? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
15 «Мӕ уоди мин хъауритӕ бауадзуй». Еуӕй-еухатт Давид фур берӕ зиндзийнӕдти туххӕй ӕхемӕ ӕнӕхъаурӕ ӕркӕсидӕ (Пс. 18:4–6). Фал ин Йеговӕ ӕ нифс бафедар кӕнидӕ. Е е ’нӕхъаурӕ ӕмбали ӕрбакӕнидӕ «кӕрдӕггун хезнитӕмӕ» ӕма «донгун уолӕфӕн бунӕттӕмӕ». Уой фӕрци Давидмӕ нӕуӕг хъауритӕ фӕззиннидӕ ӕма ӕ бон фӕууидӕ идарддӕр лӕггадӕ кӕнун (Пс. 18:28–32).
16. Йегови уарзондзийнадӕ дӕу куд бафедар кӕнидӕ?
16 Арӕх нӕ зиндзийнӕдтӕ сӕ буни искӕнунцӕ. Фал нӕ Йеговӕ фесӕфун нӕ бауадзуй (Йер. гъ. 3:22; Кол. 1:11). Ӕркӕсӕн Рейчели хабармӕ. Хъӕбӕр нифссаст адтӕй, коронавируси пандемийи рӕстӕг ӕй ӕ лӕг ку ниууагъта ӕма Йеговӕй ӕхе ку рахадта, уӕд. Цума Йеговӕ Рейчелӕн куд банхус кодта? Е зӕгъуй: «Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй мӕ ке уарзунцӕ, уой лӕдӕрон. Ме ’мбӕлттӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ адтӕнцӕ. Рӕстӕг мӕ хӕццӕ ӕрвистонцӕ, хуӕруйнаг мин искӕниуонцӕ, ести хуарз дзурдтӕ мӕмӕ ӕрбафинсиуонцӕ кенӕ ба мӕмӕ Библий стихтӕ ӕрбарветиуонцӕ. Сӕ фӕлмӕн медбилти худтӕй мин мӕ зӕрдӕ батавиуонцӕ ӕма мӕ Йеговӕ куд берӕ уарзуй, уой мӕ иронх кӕнун нӕ уагътонцӕ. Ӕз алкӕддӕр Йеговӕн фӕййарфӕ кӕнун, кӕрӕдзебӕл ӕхцул ка ӕй, уӕхӕн устур бийнонтӕ мин ке равардта».
17. Давид уотӕ цӕмӕн загъта: «Нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн»?
17 «Нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн, уомӕн ӕма ду мӕ хӕццӕ дӕ». Давиди цардӕн арӕх тӕссаг фӕууидӕ. Берӕ хъаурӕгин знӕгтӕ ин адтӕй. Фал ӕй Йеговӕ ке уарзуй, уой ке зудта, уой фӕрци нӕ тарстӕй. Е ӕй лӕдӕрдтӕй, цийфӕнди уавӕри дӕр Йеговӕ ӕ фарсмӕ ке ӕй. Ӕма зӕгъӕн ес, е адтӕй ӕ хуасӕ, цӕмӕй минкъийдӕр тухстайдӕ. Уомӕ гӕсгӕ Йегови туххӕй уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Цӕмӕй тарстӕн,– алцӕмӕйдӕр мӕ фӕййервӕзун кодта» (Пс. 34:4). Давидӕн ӕцӕгӕйдӕр тӕссаг берӕ цӕмӕйдӕрти адтӕй, ӕма тӕрсгӕ дӕр кодтайдӕ, фал Йегови уарзт хъаурӕгиндӕр адтӕй.
18. Йеговӕ нӕ ке уарзуй, уобӕл федарӕй ке ӕууӕндӕн, е нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй ма тӕрсӕн? Ӕрхӕссӕ цӕветтонтӕ.
18 Йеговӕ нӕ ке уарзуй, уой ке зонӕн, е нӕ гъӕуай кӕндзӕй, царди нӕбӕл тас ка ’фтауй, уӕхӕн хабӕрттӕ ку цӕуа, уӕд. Кутемӕй? Ӕркӕсӕн еу пионер хуӕрӕ Сьюзий хабармӕ. Е радзурдта, ӕ сӕрихецауи хӕццӕ куд адтӕнцӕ, сӕ фурт ӕхе ку рамардта, уӕд: «Уӕхӕн хабари фӕсте адӕймаг берӕ рӕстӕг ӕхе кеми нӕ фӕццӕуй. Дуйне нӕбӕл батар ӕй. Нӕ царди ма хуарзӕй ести ке уодзӕй, уой нифс нӕ нӕбал адтӕй. Фал нӕ Йеговӕ ӕ уарзтӕй хъӕбӕр барӕвдудта ӕма ’й лӕдӕрдтан, ӕ федар ӕма фӕлмӕн къохти ке ан». Ӕ сӕрихецау гадзирахаттӕй кӕбӕл рацудӕй, еци хуӕрӕ Рейчел ба зӕгъуй: «Еу ӕхсӕвӕ уӕлдай тухст адтӕн. Мӕ зӕрдӕ фур ристӕй скъудтӕ кодта ӕма хъӕбӕр тарстӕн. Гъӕлӕсидзагӕй кудтӕн ӕма Йеговӕмӕ кувтон. Раст еци фӕдбӕл балӕдӕрдтӕн, Йеговӕ мин мӕ зӕрдӕ куд ӕрсабур кодта, мадӕ ӕ бӕдоли куд ӕрсабур кӕнуй, уотӕ, ӕма бафунӕй дӕн. Е ми некӕд байронх уодзӕй». Еу хестӕр нӕлгоймаг Тасос цуппар анзи ахӕстдони фӕббадтӕй, ӕфсадмӕ ке нӕ цудӕй, уой туххӕй. Цума ’й Йеговӕ ке уарзуй ӕма ибӕл ке тухсуй, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй? Тасос зӕгъуй: «Алцидӕр мӕмӕ адтӕй фагӕй фулдӕр. Уой фӕрци Йеговӕбӕл мӕ зӕрдӕ никки фулдӕр дардтон. Кӕд хъӕбӕр нифссӕттӕн уавӕрти адтӕн, уӕддӕр мӕ бон адтӕй цийнӕ кӕнун. Нӕуӕгӕй бабӕй ӕй фӕууидтон, Йеговӕмӕ куд хӕстӕгдӕр уай, уотӕ ин ӕ лӕвӕрттӕ дӕр хъӕбӕрдӕр ке уиндзӕнӕ. Уомӕ гӕсгӕ ахӕстдони уогӕй ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтон».
НӔ ФӔЛМӔНЗӔРДӔ ХУЦАУМӔ ХӔСТӔГДӔР КӔНӔН
19. а) Хуцау нӕ ке уарзуй, уобӕл федарӕй ке ӕууӕндӕн, е нӕ кувдтитӕбӕл куд рабӕрӕг уй? б) Библий ци стихтӕ финст ес, уонӕй дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр кӕци цӕуй? (Кӕсӕ рамкӕ « Йегови фӕлмӕн уарзт цӕхуӕн дзурдтӕй зиннуй?».)
19 Аци статьяй ци хабӕрттӕмӕ ӕркастан, уонӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ, уарзондзийнади Хуцау, нӕ хӕццӕ ке ӕй (2 Кор. 13:11). Е ни алкӕбӕлдӕр зӕрдиагӕй тухсуй ӕма нӕ ӕновуд уарзтӕй уарзуй (Пс. 32:10). Хуцау ӕ уарзондзийнадӕ куд ӕвдесуй, уобӕл куд фулдӕр фӕссагъӕс кӕнӕн, уотӕ ’й хуӕздӕр фӕууинӕн, куд нӕбӕл тухсуй, уой, ӕма имӕ нӕ бон фӕууй хӕстӕгдӕр кӕнун. Нӕ бон имӕ ӕй сӕребарӕй ковун ӕма ин дзорун, куд хъӕбӕр нӕ гъӕуй, цӕмӕй нӕ уарза. Ци нӕ тухсун кӕнуй, уой туххӕй имӕ нӕ бон ӕй ковун ӕма ибӕл ма гурусхӕ кӕнун, не ’нкъарӕнтӕ нин ке балӕдӕрдзӕй ӕма нин ӕнӕмӕнгӕй ке банхус кӕндзӕй (Пс. 145:18, 19).
20. Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун нин ӕхцӕуӕн цӕмӕн ӕй?
20 Уазал бон нӕ куд фӕффӕндуй артмӕ хӕстӕгдӕр ӕрбадун, уотӕ нӕ фӕндуй Йеговӕмӕ дӕр хӕстӕгдӕр кӕнун, уомӕн ӕма нӕ ӕ уарзтӕй тавуй. Ӕ уарзондзийнадӕ ӕй хъаурӕгин дӕр, удта фӕлмӕн дӕр. Йеговӕ нӕ ке уарзуй, уой зонун ӕцӕгӕйдӕр ци устур амонд ӕй! Гъӕйдӕ мадта мах дӕр псаломзаргӕнӕги хузӕн зӕгъӕн: «Ӕз уарзун Йегови»! (Пс. 116:1).
ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТДЗӔНӔ?
-
Йегови уарзондзийнадӕ цӕхуӕн ӕй, уой куд балӕдӕрун кӕнисӕ?
-
Йеговӕ нӕ берӕ ке уарзуй, уомӕн цӕхуӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес?
-
Йеговӕ дӕ ке уарзуй, уой ке зонис, е дӕбӕл куд рабӕрӕг уй?
108 ЗАР Хуцауи ӕновуд уарзт
a Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.