1 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй
Тӕрсгӕ ма кӕнӕ, фал дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕ
2024 АНЗИ СТИХ: «Ку тӕрсон, уӕд мӕ зӕрдӕ дардзӕн дӕубӕл» (ПС. 56:3).
ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН
Нӕ бон куд ӕй Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун ӕма цӕмӕй тӕрсӕн, уобӕл уӕлахез кӕнун.
1. Хатгай цӕмӕйти фӕттӕрсӕн?
НЕ ’ГАСДӔР рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цӕмӕйдӕр фӕттӕрсӕн. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Библи ке зонӕн, уой фӕрци мӕрдтӕй, сайтӕнттӕй ӕма федӕни ци уодзӕй, уомӕй нӕ тӕрсӕн. Фал хъӕбӕр лӕгъуз рӕстӕг цӕрӕн ӕма нӕ алливарс аллихузи «ӕверхъау хабӕрттӕ» цӕунцӕ: тугъдтитӕ, фудгъуддӕгтӕ ӕма фуднезтӕ (Лук. 21:11). Кенӕ ма нин, ка ’й зонуй, тӕссаг фӕууй, нӕ дини туххӕй хецауадӕ нӕ фӕдбӕл ке зелдзӕй, уомӕй, кенӕ ба нӕ хеуӕнттӕ нӕ нихмӕ ке уодзӕнцӕ. Кадӕртӕ ба тухсунцӕ, нур ци фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ кенӕ исӕмбӕлдзӕнцӕ, уони сӕрти рахезун сӕ бон ке не ’суодзӕй, уобӕл.
2. Давид Гефмӕ ку ’рбацудӕй, уӕд цӕхуӕн уавӕри бахаудтӕй?
2 Паддзах Давид дӕр еуӕй-еухатт фӕттӕрсидӕ. Зӕгъӕн, Саул ӕ фӕдбӕл ку зилдӕй, уӕд Давид исфӕндӕ кодта филистимаг горӕт Гефмӕ ледзун. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй, ӕма Гефи паддзах Анхусӕн фӕххабар кодтонцӕ, зӕгъгӕ, дан, израилӕгтӕ сӕ зарти, уотӕ кӕмӕй дзурдтонцӕ, дӕсгай минтӕ рамардта, зӕгъӕ, еци Давид ами ӕй. Ӕма Давид «хъӕбӕр фӕттарстӕй» (1 Сам. 21:10–12). Е фӕттарстӕй, Анхус си ӕ маст ке исесдзӕй, уомӕй. Цума ин еци уавӕри ци банхус кодта?
3. Давидӕн ци банхус кодта, цӕмӕй мабал тарстайдӕ? (Псалом 56:1–3, 11).
3 56 псаломи Давид ӕ тухстити туххӕй ниффинста. Е комкоммӕ балӕдӕрун кодта, цӕмӕй тарстӕй, уой ӕма ин ци банхус кодта, уой дӕр. Хъӕбӕр ку тарстӕй, уӕд ӕ зӕрдӕ дардта Йеговӕбӕл. (Бакӕсӕ Псалом 56:1–3, 11.) Ӕма ин Йеговӕ дӕр банхус кодта. Е ӕй баразӕнгард кодта ӕнахур унаффӕ рахӕссунмӕ. Давид ӕхе уотӕ дарун райдӕдта, цума сӕрӕй мӕгур ӕй. Гъема ’й Анхус дӕр рамаруни бӕсти ратардта. Гъе уотемӕй Давид фӕййервазтӕй (1 Сам. 21:13–22:1).
4. Нӕ бон куд ӕй Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дарун? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
4 Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, естӕмӕй ку тӕрсӕн, уӕд. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ибӕл нӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дарӕн? Ӕркӕсӕн уӕхӕн цӕветтонмӕ. Зӕгъӕн, цӕхуӕндӕр уӕззау незӕй фӕссӕйгӕ дӕ. Фиццӕгти, ка ’й зонуй, уой туххӕй хъӕбӕр тухсис, фал фӕстӕдӕр базудтай, ка дӕ дзӕбӕх кӕндзӕй, е хуарз дохтир ке ӕй ӕма нурмӕти дӕр беретӕн ке банхус кодта. Еци нез дзӕбӕх кӕнун ин хуарз уайуй. Уомӕй уӕлдай ма куд лӕмбунӕг ӕй ӕма дӕмӕ куд фӕразонӕй игъосуй, уомӕй ӕй уинис, ӕцӕгӕйдӕр ӕй банхус кӕнун ке фӕндуй. Ци мадзӕлттӕй дӕ дзӕбӕх кӕндзӕй, уой ку базудтай, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕ, тухсун дӕ ӕппундӕр ке нецӕбӕл гъӕуй. Гъе уотӕ гъӕуама нӕ зӕрдӕ дарӕн Йеговӕбӕл дӕр. Цӕмӕй нин е ӕнтӕса, уой туххӕй ба гъӕуй сагъӕс кӕнун, Йеговӕ нурмӕти ци искодта, нур ци кӕнуй ӕма ма федӕни ци искӕндзӕй, уобӕл. Ӕма Давид дӕр гъе уотӕ архайдта. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, 56 псаломи ци загъта, уомӕ, ӕма расагъӕс кӕнӕн, нӕ бон куд ӕй Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ хъӕбӕрдӕр дарун ӕма, цӕмӕй тӕрсӕн, уобӕл уӕлахез кӕнун.
ЙЕГОВӔ НУРИ УӔНГӔ ЦИ ИСКОДТА?
5. Давид тӕссаг уавӕрти ку фӕууидӕ, уӕд цӕбӕл фӕссагъӕс кӕнидӕ? (Псалом 56:12, 13).
5 Давиди цардӕн тӕссаг ку фӕууидӕ, уӕд фӕссагъӕс кӕнидӕ, Йеговӕ нури уӕнгӕ ци искодта, уобӕл. (Бакӕсӕ Псалом 56:12, 13.) Е ӕхе исахур кодта Хуцауи туххӕй сагъӕс кӕнунбӕл. Зӕгъӕн, арӕх фӕссагъӕс кӕнидӕ е сфӕлдистадӕбӕл. Етӕ ин ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕниуонцӕ, Йеговӕ цӕхуӕн устур хъаури хецау ӕй ӕма адӕни куд берӕ уарзуй, уой (Пс. 65:6–9). Уомӕй уӕлдай ма Давид фӕссагъӕс кӕнидӕ, Хуцау е ’гас лӕггадгӕнгутӕмӕ дӕр куд хӕларзӕрдӕ ’й, уобӕл (Пс. 31:19; 37:25, 26). Фал уӕлдай хъӕбӕрдӕр ӕ зӕрдӕбӕл ӕмбалдӕй, Йеговӕ ин ӕхебӕл ке батухсидӕ, е. Йеговӕ ин алкӕддӕр ӕнхус кодта ӕма ’й ӕ райгурцӕй фӕстӕмӕ гъӕуай кодта (Пс. 22:9, 10). Мадта Давид ӕгас еци гъуддӕгтӕбӕл ке сагъӕс кодта, уой фӕрци ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл хъӕбӕрдӕр дардта.
6. Естӕмӕй ку фӕттӕрсис, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарай?
6 Естӕмӕй ку фӕттӕрсис, уӕд дӕхе бафӕрсисӕ: «Йеговӕ нурмӕти ци искодта?» Ци сфӕлдиста, уобӕл сагъӕс кӕнисӕ. Зӕгъӕн, де ’ргом раздахӕ цъеутӕ ӕма дидингутӕмӕ. Кӕд сӕ Йеговӕ ӕхемӕ гӕсгӕ не сфӕлдиста ӕма сӕ бон нӕй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун, уӕддӕр сӕбӕл тухсуй. Ӕма кӕд уонӕбӕл гъе уотӕ тухсуй, уӕд, гӕрр, дӕубӕл ба нӕ батухсдзӕй? (Матф. 6:25–32). Уобӕл ку сагъӕс кӕнай, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй Йеговӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарун. Уомӕй уӕлдай ма сагъӕс кӕнисӕ, Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн куд ӕй, уобӕл. Дӕ бон ӕй хуӕздӕр базонун рагидзаманти ӕма нӕ рӕстӕги Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕ a. Удта ма дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнисӕ, Йеговӕ дӕуӕн ци искодта, уой дӕр. Ӕхемӕ дӕ куд ӕрбахудта? (Иоан. 6:44). Дӕ кувдтитӕбӕл дин куд исдзуапп кӕнуй? (1 Иоан. 5:14). Киристей нивонд ци пайда хӕссуй, уой дӕ царди алли бон дӕр куд уинис? (Еф. 1:7; Дзиуит. 4:14–16).
7. Данели цӕветтон Ванессӕн куд банхус кодта?
7 Гаитийӕй еу хуӕрӕ Ванессӕ b лӕгъуз уавӕри бахаудтӕй. Ӕ синхӕгти лӕг имӕ алли бон дӕр телефонӕй дзурдта ӕма имӕ аллихузи ӕнӕгъдау смс-тӕ ӕрвиста. Фӕндадтӕй ӕй, цӕмӕй Ванессӕ ӕ хӕццӕ ӕмуат ӕрцудайдӕ. Нӕ хуӕрӕ ин балӕдӕрун кодта, уомӕй ке неци рауайдзӕй, фал и лӕг уӕддӕр нӕ сабур кодта. Никки карздӕр ма фӕцӕй. «Ӕз хъӕбӕр фӕттарстӕн», – зӕгъуй Ванессӕ. Цума ин ӕ уавӕри ци банхус кодта? Е цӕхуӕндӕр бӕлвурд къахдзӕфтӕ искодта, цӕмӕй ӕхе багъӕуай кодтайдӕ. Се ’мбурди хестӕр нӕлгоймаг ин банхус кодта, цӕмӕй полицимӕ багъаст кодтайдӕ. Уомӕй уӕлдай ма сагъӕс кодта, Йеговӕ рагидзаманти ӕ лӕггадгӕнгути сӕрбӕл куд рахуӕцидӕ, уобӕл. «Фиццагидӕр кӕбӕл расагъӕс кодтон, е адтӕй Данел, – зӕгъуй Ванессӕ. – Кӕд ӕппундӕр нецӕми фудгин адтӕй, уӕддӕр ӕй стонг домбӕйтти къагъди ниггӕлстонцӕ, фал ибӕл Хуцау батухстӕй. Ӕз дӕр Йеговӕй курдтон, цӕмӕй мин мӕ уавӕр ӕхе къохтӕмӕ райса, ӕма гъе уой фӕсте нецӕмӕйбал тарстӕн» (Дан. 6:12–22).
ЙЕГОВӔ АБОНИ КУД АРХАЙУЙ?
8. Давид федарӕй ци зудта? (Псалом 56:8).
8 Кӕд Давидӕн Гефи хъӕбӕр тӕссаг адтӕй, уӕддӕр нӕ бауагъта, цӕмӕй ин еци тас ӕ къохтӕ ӕма ӕ къӕхтӕ исбӕтта. Е е ’ргом раздахта, Йеговӕ ’й нур куд гъӕуай кӕнуй, уомӕ. Уидта ӕй, Йеговӕ ин ӕ над ке аразуй, ке ’й гъӕуай кӕнуй ӕма ’й ке лӕдӕруй. (Бакӕсӕ Псалом 56:8.) Уомӕй уӕлдай ма Давидӕн еузӕрдон ӕмбӕлттӕ адтӕй, зӕгъӕн, Ионафан ӕма хестӕр саугин Ахимелех. Етӕ ибӕл батухсиуонцӕ ӕма ’й бафедар кӕниуонцӕ (1 Сам. 20:41, 42; 21:6, 8, 9). Кӕд паддзах Саул Давиди марунмӕ агурдта, уӕддӕр фӕййервазтӕй. Ӕма ’й уой фӕрци федарӕй зудта, Йеговӕ хъӕбӕр хуарз ке зонуй, цӕхуӕн фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбӕлуй айдагъ уой нӕ, фал ма ин куд зин ӕй, уой дӕр.
9. Махмӕ кӕсгӕй Йеговӕ ци фӕууинуй?
9 Уотӕ абони дӕр Йеговӕ алцидӕр уинуй – айдагъ нӕ фӕлварӕнтӕ нӕ, фал ма нӕ зӕрди медӕг цитӕ цӕуй, уой дӕр. Зӕгъӕн, Хуцау уидта, израилӕгтӕмӕ Египети куд ӕнӕхатир ӕнцӕ ӕма уой туххӕй куд гъезӕмарӕ кӕнунцӕ (Рац. 3:7). Давид ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, Йеговӕ ин е ’гас мӕститӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ дӕр ке уинуй (Пс. 31:7). Израилӕгтӕ сӕхе сӕри бӕлахӕй зин уавӕри ку бахауиуонцӕ, ӕма син зин ку фӕууидӕ, «уӕд зин адтӕй уомӕн дӕр» (Ис. 63:9). Естӕмӕй ку фӕттӕрсис, уӕд дӕ Йеговӕ фӕллӕдӕруй ӕма ’й хъӕбӕр фӕффӕндуй банхус кӕнун.
10. Йеговӕ дӕбӕл ке батухсдзӕй ӕма дин цийфӕнди фӕлварӕни сӕрти дӕр рахезунмӕ ке банхус кӕндзӕй, уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндис?
10 Уӕззау фӕлварӕнти рӕстӕг тӕрсгӕ ке фӕккӕнӕн, уой туххӕй ӕй хатгай нӕбал фӕууинӕн, Йеговӕ нӕбӕл куд тухсуй, уой. Фал Йеговӕй корисӕ, цӕмӕй ин е ’нхус уинай (2 Пад. 6:15–17). Ка ’й зонуй дӕ бафедар кодта, ӕрӕги ци радзубанди адтӕй кенӕ ӕмбурди кадӕр ци дзуапп равардта, е, кенӕ ба нӕ сайтӕй цӕхуӕндӕр статья, видеоролик кенӕ зар. Ка ’й зонуй дин кадӕр бавдиста, дӕ нифс дин ка бафедар кодта, уӕхӕн гъуди кенӕ Библий стих. Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, удта нин нӕ организаци не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ ци хуӕруйнаг дӕттуй, етӕ ци устур ӕнхус ӕнцӕ, е ни еуӕй-еухатт феронх уй. Фал етӕ Йегови хъазар лӕвӕрттӕ ’нцӕ (Ис. 65:13; Мар. 10:29, 30). Уонӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ нӕ берӕ ке уарзуй, е, удта алкӕддӕр нӕ фарсмӕ ке уодзӕй (Ис. 49:14–16).
11. Айдӕн ӕ уавӕрти ци банхус кодта?
11 Сенегалӕй еу хуӕрӕ Айдӕ архайдта, цӕмӕй ин зин рӕстӕгути Йеговӕ куд ӕнхус кӕнуй, уой уина. Бийнонти хестӕр сувӕллон ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕ ниййергутӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, е сӕ ке дардзӕй. Фал Айди ба пионерӕй лӕггадӕ кӕнун фӕндадтӕй. Уомӕ гӕсгӕ минкъийдӕр косун райдӕдта, ӕма уой туххӕй ӕхца дӕр минкъийдӕр иста. Фал е ӕ хеуӕнтти зӕрдӕмӕ нӕ фӕццудӕй. «Хъӕбӕр тухстӕн, мӕ ниййергути дарун мӕ бон ке не ’суодзӕй, ӕма ми мӕ хеуӕнттӕ сӕхе ке рахатдзӕнцӕ, уобӕл – зӕгъуй Айдӕ. – Уӕхӕн уавӕри ке бахаудтӕн, уой туххӕй ма Йегови дӕр райдӕдтон фудгин кӕнун». Фал фӕстӕдӕр се ’мбурди ци радзубанди адтӕй, уоми хуарз гъуди фегъуста. Айдӕ зӕгъуй: «Ӕнсувӕр загъта: „Нӕ зӕрдӕ нин цийфӕнди ма фӕрресун кӕна – Йеговӕ нин нӕ рист лӕдӕруй“. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма мин ме ’мбӕлттӕ дзурдтонцӕ, Йеговӕ мӕ ке уарзуй. Ӕма уотемӕй сабургай мӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл хъӕбӕрдӕр дарун райдӕдтон. Кувтон имӕ ӕма ибӕл нӕ гурусхӕ кодтон, ке мин банхус кӕндзӕй. Ӕма мин мӕ кувдтитӕбӕл куд дзуапп кӕнуй, уой ку уидтон, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабур уидӕ». Рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд Айдӕ иссирдта хуарз куст. Еци кусти фӕрци ӕ бон адтӕй ӕ ниййергутӕн дӕр ӕнхус кӕнун ӕма пионерӕй дӕр лӕггадӕ кӕнун. Айдӕ зӕгъуй: «Ӕз исахур дӕр мӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дарун. Ци мӕ тухсун кӕнуй, уой туххӕй имӕ куддӕр исковун, уотӕ ми мӕ тухститӕ феронх унцӕ».
ЙЕГОВӔ ФЕДӔНИ ЦИ ИСКӔНДЗӔЙ?
12. Псалом 56:9 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Давид федарӕй ци зудта?
12 Бакӕсӕ Псалом 56:9. Аци стихӕй зиннуй, Давид ку тарстӕй, уӕд ма ин никкидӕр ци ӕнхус кодта, е. Кӕд ма ӕ цардӕн тӕссаг адтӕй, уӕддӕр сагъӕс кодта, Йеговӕ ин федӕни ци искӕндзӕй, уобӕл. Е ӕй зудта, Йеговӕ ’й Саули бӕсти Израили паддзахӕй ке равзурста (1 Сам. 16:1, 13). Давид ӕй федарӕй зудта: кӕд Йеговӕ цӕмӕйдӕр зӕрдӕ байвардта, уӕд ин ӕнӕ уӕн нӕййес.
13. Йеговӕ нин федӕни ци искӕндзӕй?
13 Йеговӕ ни алкӕмӕндӕр зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй? Мах ӕй зонӕн, не ’гас зиндзийнӕдтӕй нӕ ке нӕ ервӕзун кӕндзӕй c. Фал ма уой дӕр зонӕн, ӕма аци дуйней цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбӕлӕн, уӕддӕр син Йеговӕ нӕуӕг дуйней ракӕрон кӕндзӕй (Ис. 25:7–9). Не Сфӕлдесӕгмӕ уойбӕрцӕ хъаурӕ ес, цӕмӕй ка рамардӕй, уони райгас кӕна, аллихузи незтӕй нӕ исдзӕбӕх кӕна, удта не ’гас знӕгти дӕр фесафа (1 Иоан. 4:4).
14. Нӕ бон цӕбӕл ӕй сагъӕс кӕнун?
14 Естӕмӕй ку тӕрсай, уӕд сагъӕс кӕнисӕ, Йеговӕ дин федӕни ци искӕндзӕй, уобӕл. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнисӕ, нӕдӕр Сайтан, нӕдӕр лӕгъуз адӕн кӕми нӕййес, уӕхӕн дуйней ке цӕрӕн. Дӕ алливарс уодзӕй, ӕрмӕстдӕр рӕстдзийнадӕ ка уарзуй ӕма дин ӕнхӕстдзийнадӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун ка ’нхус кӕнуй, уӕхӕн адӕн. 2014 анзи регионалон конгресси ци инсценировкӕ адтӕй, уоми ӕвдист адтӕй, фидӕ ӕ бийнонтӕн куд ӕнхус кӕнуй, федӕни нифсбӕл расагъӕс кӕнунмӕ. Ӕвдист си адтӕй, 2 Тимофеймӕ 3:1–5 нӕуӕг дуйней туххӕй дзурд ку цудайдӕ, уӕд си куд финст адтайдӕ, е: «Нӕуӕг дуйней искӕндзӕй хъӕбӕр амондгун рӕстӕг, уомӕн ӕма адӕн кӕрӕдзей ӕма Хуцауи уарздзӕнцӕ, уодзӕнцӕ бонзонгӕ, сӕрниллӕг, Хуцауи кадгин кӕндзӕнцӕ, сувӕллӕнттӕ сӕ ниййергутӕмӕ игъосдзӕнцӕ, хуарздзийнадӕн аргъ кӕндзӕнцӕ, уодзӕнцӕ кӕдзосзӕрдӕ, бийнонтӕ кӕрӕдзей уарздзӕнцӕ, уодзӕнцӕ фӕлмӕн, кӕрӕдзей фудкой неке кӕндзӕй, хебӕл хуӕцун зондзӕнцӕ, уодзӕнцӕ хатиргӕнагӕ, еузӕрдон, хӕларзӕрдӕ, Хуцауи ерхӕфсӕнтӕй фулдӕр уарздзӕнцӕ ӕма сӕ цардӕй бӕрӕг уодзӕй, Хуцауӕн ковӕг адӕн ке ’нцӕ. Уӕхӕн адӕнбӕл дӕхе бӕттӕ». Ду ба де ’мбӕлттӕ ӕма дӕ хеуӕнтти астӕу фӕдздзорис, нӕуӕг дуйней цард цӕхуӕн уодзӕй, уобӕл?
15. Таняйӕн ци банхус кодта Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун, кӕд тӕрсгӕ кодта, уӕддӕр?
15 Ӕркӕсӕн Цӕгаттаг Македонийӕй еу хуӕрӕ Таняй хабармӕ. Библи ахур кӕнун ку райдӕдта, уӕд ӕ бийнонтӕ хъӕбӕр карзӕй ӕ нихмӕ рацудӕнцӕ. Фал Таня сагъӕс кодта, федӕни ин Йеговӕ ци искӕндзӕй, уобӕл, ӕма уой фӕрци уотӕ хъӕбӕр нӕбал тарстӕй. Таня зӕгъуй: «Хъӕбӕр цӕмӕй тарстӕн, е мӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр ӕрцудӕй. Алли ӕмбурди фӕсте дӕр мӕ мӕ мадӕ хъӕбӕр фӕннӕмидӕ. Мӕ ниййергутӕ ма мин уотӕ дӕр дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, Йегови Ӕвдесӕн ку исуай, уӕд дӕ рамардзиан». Ӕппунфӕстаг Таняй хӕдзарӕй ратардтонцӕ. Цума ӕгас еци зиндзийнӕдтӕмӕ ци цӕстӕй ракастӕй? Е зӕгъуй: «Ӕз ме ’ргом раздахтон, Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ку байзайон, уӕд ӕности дӕргъи куд амондгун уодзӕн, уомӕ. Удта ма сагъӕс кодтон: кӕд нур цӕмӕйдӕр фенӕхай уон, уӕддӕр мин ӕй Йеговӕ нӕуӕг дуйней бафеддзӕй. Лӕгъузӕй цидӕриддӕр адтӕй, уой ба феронх кӕндзӕн». Таня ӕхе Йеговӕй нӕ рахадта. Уой фӕрци ӕ бон иссӕй цӕрӕнбунат иссерун. Ӕма абони ба ӕ сӕрихецауи хӕццӕ амондгунӕй Йеговӕн ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнунцӕ.
АБОНИ АРХАЙӔ, ЦӔМӔЙ ЙЕГОВӔБӔЛ НИККИ ХЪӔБӔРДӔР ДӔ ЗӔРДӔ ДАРАЙ
16. Лукай 21:26–28 финст дзурдтӕ ӕнхӕст кӕнун ку райдайонцӕ, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй федар ӕма нифсхаст уӕн?
16 Устур бӕллӕхи рӕстӕг «адӕн фуртӕссӕй... зӕрдӕгъӕрттӕ кӕндзӕнцӕ». Фал Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ ба уодзӕнцӕ федар ӕма нифсхаст. (Бакӕсӕ Лукай 21:26–28.) Цума цӕй фӕрци? Уомӕн ӕма нӕ зӕрдӕ дардзиан Йеговӕбӕл. Уӕлдӕр абзацци ци Таняй кой кодтан, е куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ раздӕр ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй, етӕ ин ӕнхус кӕнунцӕ нӕуӕг зиндзийнӕдти сӕрти хезунмӕ. Е зӕгъуй: «Йегови бон банхус кӕнун кӕми нӕй, еунӕг уӕхӕн уавӕр дӕр нӕййес. Ӕ бон ӕй цийфӕнди лӕгъуз уавӕр дӕр хуарзӕрдӕмӕ раййевун». Удта ма уотӕ дӕр загъта: «Еуӕй-еухатт нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма нӕ цард иннӕ адӕни къохти ӕй. Фал е уотӕ нӕй. Йеговӕ цийфӕнди адӕнӕй дӕр хъаурӕгиндӕр ӕй. Цийфӕнди уӕззау фӕлварӕни ма бахауӕн, уӕддӕр еци фӕлварӕнӕн фӕууй райдайӕн дӕр ӕма кӕрон дӕр».
17. 2024 анзи стих нин куд банхус кӕндзӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
17 Аци дуйней, гӕнӕн ес, ӕма берӕ цӕмӕйдӕрти тӕрсӕн. Фал мах дӕр паддзах Давиди хузӕн нӕ уадзӕн, цӕмӕй нин еци тас нӕ къохтӕ ӕма нӕ къӕхтӕ исбӕтта. 2024 анзӕн ци стих ӕвзурст ӕрцудӕй, уоми Давид Йеговӕн зӕгъуй: «Ку тӕрсон, уӕд мӕ зӕрдӕ дардзӕн дӕубӕл» (Пс. 56:3). Библи ка лӕдӕрун кӕнуй, еу уӕхӕн киунуги аци стихи туххӕй уотӕ финст адтӕй: «Давид цӕмӕй тарстӕй кенӕ ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй, уонӕмӕ нӕ никкомкоммӕ ’й, фал ӕ каст адтӕй ӕ Ервӕзунгӕнӕгмӕ». Мадта дин аци стих анзи дӕргъи ӕнхус кӕнӕд. Дӕ зӕрдӕбӕл ӕй ӕрлӕуун кӕнисӕ, естӕмӕй тӕрсун ку райдайай, уӕд. Рӕстӕг рахецӕн кӕнисӕ, цӕмӕй дин Йеговӕ раздӕр ци искодта, нур ци кӕнуй ӕма ма федӕни ци искӕндзӕй, уобӕл сагъӕс кӕнай. Гъе уотемӕй Давиди хузӕн дӕу бон дӕр уодзӕй уотӕ зӕгъун: «Ӕз мӕ зӕрдӕ дарун Хуцаубӕл, ӕма нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн» (Пс. 56:4).
ЦӔМӔЙ ТӔРСӔН, УОБӔЛ ФӔУУӔЛАХЕЗ УНМӔ НИН ДӔЛДӔР ФИНСТ ФАРСТАТӔ КУД БАНХУС КӔНДЗӔНЦӔ?
-
Йеговӕ нурмӕти ци искодта?
-
Йеговӕ абони куд архайуй?
-
Йеговӕ федӕни ци искӕндзӕй?
33 ЗАР Дӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕ
a Сайти jw.org «Поиск» финст кӕми ес, уоми ниффинсӕ «подражайте их вере» кенӕ «случаи из жизни». Приложений JW Library® райгон кӕнӕ рубрикӕ «Подражайте их вере» кенӕ «Биографии Свидетелей Иеговы».
b Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.
c Кӕсӕ киунугӕ «Приближайся к Иегове», 7 сӕр, 13–22 абзацтӕ.
d ХУЗӔ. Давид сагъӕс кӕнуй, Йеговӕ ин кӕддӕр арси рамарунмӕ куд банхус кодта, нур ӕй Ахимелехи фӕрци куд федар кӕнуй ӕма ’й федӕни ба паддзахӕй ке исӕвӕрдзӕй.
e ХУЗӔ. Ӕнсувӕр ахӕстдони бадгӕй сагъӕс кӕнуй, Йеговӕ ин кӕддӕр тамаку ниууадзунмӕ куд банхус кодта, нур ӕй е ’мбӕлтти финстӕгути фӕрци куд федар кӕнуй ӕма ин федӕни дзенети ӕносон цард ке балӕвар кӕндзӕй.