«Е тухсуй сумахбӕл»
Кӕд дӕ ескӕд еске фӕффудӕнгъӕл кодта, уӕддӕр ес, ка дӕ некӕд фӕффудӕнгъӕл кӕндзӕй, е. Цума ка ӕй?
Паддзах Давид ку базӕронд ӕй, уӕд загъта: «Мӕ фидӕ ӕма мӕ мӕ мадӕ ку ниууагътайуонцӕ, уӕддӕр мӕ Йеговӕ райстайдӕ» (Псалом 27:10).
Йеговӕ ӕй «тӕрегъӕдгӕнагӕ Фидӕ ӕма уодӕнцойнӕдӕттӕг Хуцау. Е нин уодӕнцойнӕ дӕттуй не ’гас зиндзийнӕдти дӕр» (2 Коринфӕгтӕмӕ 1:3, 4).
«Уе ’гас сагъӕстӕ дӕр Хуцауи барӕ бакӕнтӕ, уомӕн ӕма е тухсуй сумахбӕл» (1 Петури 5:7).
Хуцау дӕбӕл куд тухсуй, уой туххӕй фулдӕр базонӕн ес киунугӕй «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!», 8 урок. Мухури ’й рауагътонцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ. Иссерӕн ӕй ес сайти www.pr418.com.