Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Гъезӕмӕрттӕ ке туххӕй ӕвзарӕн?

Гъезӕмӕрттӕ ке туххӕй ӕвзарӕн?

Кӕд нӕ гъезӕмӕртти Хуцау нӕй фудгин, уӕд дуйней адӕн стонгӕй цӕмӕн мӕлунцӕ, уойбӕрцӕ мӕгуртӕ цӕмӕн ес, адӕн кӕрӕдзей цӕмӕн цӕгъдунцӕ, уӕззау незтӕ цӕмӕн исберӕ ’нцӕ кенӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцӕунцӕ? Хуцауи Дзурд Библи нин лӕдӕрун кӕнуй, адӕн бӕллӕхтӕ ӕртӕ сӕйраг гъуддагей туххӕй ке ӕвзарунцӕ.

  1. Адӕн ӕнцӕ хеуарзон, зудӕгӕнагӕ ӕма кӕрӕдземӕй се ’сӕфт уинунцӕ. «Адӕймаг адӕймагӕн хецау ке ӕй, е ин хӕссуй зиан» (Екклесиаст 8:9). Адӕн арӕх зиндзийнӕдтӕ февзарунцӕ, иннетӕ ӕнӕнхӕст ӕма ӕнӕхатир ке ’нцӕ кенӕ айдагъ сӕхе сагъӕс ке кӕнунцӕ, уой туххӕй.

  2. Ӕверхъау хабар ӕнӕнгъӕлти дӕр ӕрцӕуй. «Кӕд кӕбӕл ци ’рцӕудзӕй, уой неке зонуй» (Екклесиаст 9:11). Адӕймагбӕл бӕллӕх ӕрцӕуй, цӕхуӕндӕр рӕстӕг цӕхуӕндӕр рауӕн ке адтӕй, уой туххӕй кенӕ ба ӕхе кенӕ еске рӕдуди туххӕй.

  3. Аци дуйней хецау ӕнӕхатир ӕй. Адӕни гъезӕмӕртти фудгин ка ӕй, уой туххӕй Библи ӕргом зӕгъуй: «Ӕгас дуйне... ӕй Фидбилизи къохи» (1 Иоанни 5:19). Фидбилиз ӕй Сайтан кенӕ Ибилис. Хъӕбӕр устур хъаурӕ имӕ ес ӕма ӕй ӕнӕуингӕ. Раздӕр адтӕй Хуцауи изӕд, фал «рӕстдзийнади надӕй рахаудтӕй» (Иоанни 8:44). Сайтани фӕдбӕл ма рацудӕнцӕ ӕндӕр изӕдтӕ дӕр. Сӕ лӕгъуз фӕндтӕ ӕнхӕст кӕнун сӕ ке фӕндадтӕй, уой туххӕй етӕ дӕр Хуцауи нихмӕ рацудӕнцӕ (Райдайӕн 6:1–5). Уӕдӕй фӕстӕмӕ аци дуйне Сайтани ӕма ӕ лӕгъуз изӕдти къохти ӕй, ӕма хъӕбӕр ӕнӕхатирӕй архайунцӕ. Уӕлдай хъӕбӕрдӕр ба е бӕрӕг ӕй мах рӕстӕги. Нур Сайтан фур мӕстӕй тонгӕ кӕнуй. Е «зӕнхӕбӕл ӕгас адӕни дӕр... сайуй», ӕма сӕбӕл уой туххӕй мӕгурбон ӕркодта (Раргомадӕ 12:9, 12). Ӕцӕгӕйдӕр, Сайтан хъӕбӕр ӕнӕхатир хецау ӕй. Адӕни гъезӕмӕрттӕмӕ кӕсун ин ӕхцӕуӕн ӕй. Куд ӕй уинӕн, уотемӕй адӕн Хуцауи фудӕй нӕ гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, фал Сайтани фудӕй.

РАСАГЪӔС КӔНӔ. Ӕнӕфуд адӕни гъезӕмарӕй марун ӕрмӕстдӕр Сайтани бон ӕй, уомӕн ӕма е нӕ зонуй, тӕрегъӕд кӕнун ци ӕй, уой. Хуцауи туххӕй ба Библий финст ӕй: «Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ» (1 Иоанни 4:8). Мадта «уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй ӕцӕг Хуцау фудгъуддаг искӕна, Алцигъон Хуцау хӕран гъуддаг бакӕна!» (Иов 34:10).

Фал, ӕвӕдзи, сагъӕс кӕнис: «Хуцау Сайтани ӕнӕхатир хецаудзийнадӕн ескӕд кӕрон искӕндзӕй?» Куд ӕй базудтан, уотемӕй Хуцау фуддзийнадӕй е ’сӕфт уинуй ӕма ин нӕ гъезӕмӕрттӕмӕ кӕсун зин ӕй. Уомӕй уӕлдай ма Библий финст ӕй: «Уе ’гас сагъӕстӕ дӕр Хуцауи барӕ бакӕнтӕ, уомӕн ӕма е тухсуй сумахбӕл» (1 Петури 5:7). Хуцау нӕ ке уарзуй ӕма устур хъаури хецау ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ тагъд ӕгас зиндзийнӕдтӕн ӕма хӕран гъуддӕгтӕн дӕр кӕрон искӕндзӕй. Уобӕл дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй *.

^ 7 абз. Уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарӕн, уой туххӕй фулдӕр базонун дӕ бон ӕй 26 уроккӕй киунуги «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!». Мухури ’й рауагътонцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ. Иссерӕн ӕй ес сайти www.pr418.com.