Хуцау дӕ зиндзийнӕдтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?
Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма нин Хуцау нӕ гъезӕмӕрттӕ нӕ уинуй кенӕ ин си неци уӕлдай ес.
РАСАГЪӔС КӔНӔ, БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, УОБӔЛ
Хуцау алцидӕр уинуй ӕма нӕбӕл тухсуй
«Йеговӕ фӕууидта, зӕнхӕбӕл адӕн бунисӕфт ке фӕцӕнцӕ [...] ӕмӕ ӕ зӕрдӕ фӕрристӕй» (Райдайӕн 6:5, 6).
Хуцау ӕгас зиндзийнӕдтӕн дӕр кӕрон искӕндзӕй
«Еу минкъий ма, ӕма фудгӕнӕг нӕбал уодзӕй, кӕми адтӕй, уордӕмӕ бакастӕ, ӕма уоми нӕбал ӕй. Сабур адӕн ба зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма фарнӕй бафсӕддзӕнцӕ» (Псалом 37:10, 11).
Хуцаумӕ дӕу туххӕй ци фӕндӕ ес
«Ӕз ӕй хуарз зонун, сумах туххӕй мӕ зӕрди ци ес, уой,– зӕгъуй Йеговӕ.– Мӕнӕн мӕ зӕрди ес сумах бӕллӕхи хай бакӕнун нӕ, фал фарнӕй исхайгин кӕнун, цӕмӕй уин уа федӕн ӕма нифс. Дзордзиайтӕ мӕмӕ, ӕрбацӕудзиайтӕ ӕма мӕмӕ ковдзиайтӕ, ӕма уӕ ӕз фегъосдзӕн» (Йереми 29:11, 12).
«Бахӕстӕг уотӕ Хуцаумӕ, ӕма уӕмӕ е дӕр ӕрбахӕстӕг уодзӕй» (Иакови 4:8).