«Хуцау кӕми адтӕй?»
«АРӔХ РАСАГЪӔС КӔНУН: „ХУЦАУ КӔМИ АДТӔЙ?“» Аци дзурдтӕ загъта католикти хестӕр саугин Бенедикт Ӕхсӕрдӕсӕймаг, Польшӕмӕ концлагер Освенцим фӕууинунмӕ ку рандӕ ’й, уӕд.
ЕСТИ БӔЛЛӔХ КУ ’РЦӔУЙ, УӔД, ӔВӔДЗИ, ФӔЗЗӔГЪИС, ХУЦАУ КӔМИ АДТӔЙ, ЗӔГЪГӔ. КЕНӔ ДӔХЕБӔЛ ЕСТИ ЛӔГЪУЗ ХАБАР КУ ӔРЦӔУЙ, УӔДТА ДӔМӔ, ӔВӔДЗИ, УОТӔ ФӔККӔСУЙ, ӔМА ХУЦАУМӔ ДӔУ САГЪӔС НӔЙЙЕС.
Ка ’й зонуй, ду дӕр сагъӕс кӕнис, Америкӕй еу силгоймаг, Шейлӕ, куд сагъӕс кодта, уотӕ. Е исгъомбӕл ӕй, Хуцаубӕл хъӕбӕр ка ӕууӕндтӕй, уӕхӕн бийнонти. Шейлӕ зӕгъуй: «Сувӕллонӕй ардӕмӕ Хуцаубӕл ӕууӕндтӕн, уомӕн ӕма не Сфӕлдесӕг ӕй. Фал мӕмӕ хӕстӕг ке ӕй, уобӕл ба некӕд сагъӕс кодтон. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма мӕмӕ кӕцӕйдӕр идардӕй кӕсуй. Лӕдӕрдтӕн ӕй, е ’сӕфт ми ке нӕ уинуй, фал уотӕ дӕр нӕ гъуди кодтон, ӕма мӕ уарзуй». Цума Шейлӕмӕ уӕхӕн гъудитӕ цӕмӕн адтӕй? Е загъта: «Нӕ бийнонтӕбӕл еу бӕллӕх инней фӕдбӕл ӕрцудӕй, ӕма нӕмӕ уотӕ кастӕй, цума нин Хуцау ӕппундӕр не ’нхус кӕнуй».
Ду дӕр, ка ’й зонуй, Шейли хузӕн нӕ гурусхӕ кӕнис, Алцигъон Хуцау ке ес, уобӕл. Фал дӕубӕл ке тухсуй, е ба ди, ӕвӕдзи, не ’руагӕс кӕнуй. Рӕстгӕнӕг Иов дӕр ӕй зудта, Сфӕлдесӕг алцигъон ӕма устур зунди хецау ке ӕй, ӕма имӕ уӕддӕр уӕхӕн фарста фӕззиндтӕй (Иов 2:3; 9:4). Бӕллӕхтӕ ибӕл еу инней фӕдбӕл ку цудӕнцӕ, уӕд ӕ зиндзийнӕдтӕн кӕрон нӕ уидта ӕма Хуцауӕн загъта: «Цӕмӕн римӕхсис дӕ цӕсгон ӕма мӕмӕ знаги цӕстӕй цӕмӕн кӕсис?» (Иов 13:24).
Цума Библий ба ци финст ес? Ести бӕллӕх ку ’рцӕуй, уӕд Хуцау фӕууй фудгин? Кӕцӕй ӕй зонӕн, Хуцау алли адӕймагбӕл дӕр ке тухсуй, уой? Удта ’й кӕцӕй зонӕн, Хуцау нӕмӕ ӕ гъос ке даруй, ке нӕ лӕдӕруй, ке нӕбӕл тухсуй ӕма нин зин рӕстӕгути ке фенхус кӕнуй, уой?
Иннӕ статьяй базондзиан, Хуцау нӕбӕл ке тухсуй, е е сфӕлдистадӕй куд зиннуй, уой (Ром. 1:20). Уой фӕсте ба ӕркӕсдзиан, Библи уой туххӕй ци зӕгъуй, уомӕ. Хуцауи туххӕй фулдӕр ку базонай, е сфӕлдистадӕ ӕма ӕ Дзурд Библий фӕрци, уӕд ӕй хуӕздӕр балӕдӕрдзӕнӕ ке дӕбӕл тухсуй, уой (1 Иоан. 2:3; 1 Пет. 5:7).