Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дӕ бон ӕй нур дӕр амондгун ун

Дӕ бон ӕй нур дӕр амондгун ун

УӔХӔН рӕстӕг ралӕудзӕй, ӕма сӕйгӕ некебал кӕндзӕй, некебал зӕронд кӕндзӕй ӕма некебал мӕлдзӕй. Дӕу бон дӕр ӕй уӕхӕн цардӕй цӕрун. Фал абони адӕн мӕститӕ ӕма зиндзийнӕдтӕй сӕ хъурмӕ ’нцӕ. Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй абони дӕр амондгун уай? Ӕркӕсӕн, адӕн ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ, уонӕй цалдӕремӕ ӕма радзубанди кӕнӕн, Библи нин еци фарстати куд ӕнхус кӕнуй, уобӕл.

ЦИ ДИН ЕС, УОЙ ФАГӔБӔЛ НИМАЙӔ

Библи ци зӕгъуй. «Царди медӕг ӕхцауарзагӕ ма уотӕ, ци уин ес, уой фагӕбӕл нимайетӕ» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:5).

Абони уотӕ ци дзаумауттӕй дзорунцӕ, ӕнӕмӕнгӕй дӕ гъӕунцӕ, зӕгъгӕ, етӕ уойбӕрцӕ ’нцӕ, ӕма син банимайӕн дӕр нӕййес. Фал Библи зӕгъуй, «ци уин ес, уой фагӕбӕл нимайетӕ», зӕгъгӕ. Уомӕн гӕнӕн куд ес?

«Ӕхцауарзагӕ» ма уо. Адӕн сӕхе ниссахъат кӕнунцӕ, сӕ къох ракъуӕрунцӕ сӕ бийнонтӕбӕл, се ’мбӕлттӕбӕл, уагӕ ӕма ӕгъдаубӕл, сауӕнгӕ ма сӕ сӕрмӕ ӕгадӕ гъуддӕгтӕ дӕр ӕрхӕссунцӕ. Ӕма цӕй туххӕй? «Ӕхцауарзагӕ» ке фӕуунцӕ, уой туххӕй (1 Тимофеймӕ 6:10). Мадта уӕхӕн устур аргъ федун цӕмӕн гъӕуй, кӕд ӕма, гъӕздугдзийнадӕ ка уарзуй, е «некӕд бафсӕддзӕй», уӕд? (Екклесиаст 5:10).

Фиццаг бунати дин уӕнтӕ адӕн, дзаумӕуттӕ нӕ, фал. Дзаумӕуттӕ дӕр гъӕугӕ кӕнунцӕ. Фал уонӕн сӕ бон нӕй уарзун ӕма боз ун. Е сӕ бон ӕй ӕрмӕстдӕр адӕнӕн. «Ӕцӕг ӕмбал» нин ку уа, уӕд нин цард фулдӕр цийнӕдзийнадӕ хӕсдзӕй (Ӕмбесӕндтӕ 17:17).

АБОНИ ДӔР АМОНДГУН УОДЗИАН, БИБЛИЙ УНАФФИТӔМӔ КУ ИГЪОСӔН, УӔД

СӔЙГӔ КУ УАЙ, УӔД ДӔ КЪОХТӔ МА ’РУАДЗӔ

Библи ци зӕгъуй. «Игъӕлдзӕг зӕрдӕ хуаси хузӕн дзӕбӕх кӕнуй» (Ӕмбесӕндтӕ 17:22).

Игъӕлдзӕг ку уай, уӕд дин дӕ нези хӕццӕ тох кӕнун дӕр ӕнцондӕр уодзӕй. Фал куд ес гӕнӕн, цӕмӕй сӕйгӕ-сӕйгӕй дӕр игъӕлдзӕг уай?

Боззӕрдӕ уо. Айдагъдӕр нӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕмӕ не ’гас цард дӕр лӕгъуз кӕсдзӕй (Ӕмбесӕндтӕ 15:15). Уой бӕсти, Библи куд зӕгъуй, уотемӕй «боз уо» (Колоссӕгтӕмӕ 3:15). Дӕхе ахур кӕнӕ, цӕмӕй минкъий естӕй туххӕй дӕр боз уай. Рӕсугъд хорнигулд, рӕуӕг дунгӕ, уарзон адӕймаги медбилти худт – етӕ нин ӕгасӕйдӕр нӕ цард рӕсугъддӕр кӕнунцӕ.

Иннетӕн ӕнхус кӕнӕ. Кӕд не ’нӕнездзийнадӕ хуарз нӕй, уӕддӕр «райсунӕй раттун амондгундӕр гъуддаг ӕй» (Гъуддӕгтӕ 20:35). Иннетӕ ни нӕ хъиамӕти туххӕй боз ку фӕуунцӕ, уӕд нин е ӕхцӕуӕн фӕууй ӕма нӕ зиндзийнӕдтӕбӕл минкъийдӕр фӕссагъӕс кӕнӕн. Иннетӕн ку ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй амондгун уонцӕ, уӕд нӕхуӕдтӕ дӕр амондгундӕр уодзиан.

АРХАЙӔ, ЦӔМӔЙ ДӔ ЦАРДӔМБАЛИ ХӔЦЦӔ ӔНГОМДӔР УАЙТӔ

Библи ци зӕгъуй. «Ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой исбӕрӕг кӕнтӕ» (Филиппӕгтӕмӕ 1:10).

Еумӕ рӕстӕг минкъий ка ӕрветуй, еци лӕг ӕма уосӕн тӕссаг фӕууй, кӕрӕдземӕй ке раидард уодзӕнцӕ, уомӕй. Лӕг ӕма уосӕ сӕ бийнонти цард гъӕуама нимайонцӕ ӕгасемӕй ӕхсидзгӕдӕр гъуддӕгтӕй еуебӕл.

Еумӕ еститӕ косетӕ. Уӕхе ци фӕндуй, уой хецӕнтӕй кӕнуни бӕсти еумӕ еститӕ кӕнунбӕл бадзубанди кӕнтӕ. Библий финст ӕй: «Дууӕ адӕймагемӕн, еунӕгӕй ка ӕй, уомӕй хуӕздӕр ӕй» (Екклесиаст 4:9). Уӕ бон ӕй еумӕ хуӕруйнаг искӕнун, бауолӕфун кенӕ ба, уӕ дууей зӕрдӕмӕ дӕр ка цӕуй, уӕхӕн естӕмӕй уӕхе раерхӕфсун.

Дӕ цардӕмбалӕн ӕвдесӕ, ке ’й уарзис, уой. Библи лӕгтӕн ӕма уоститӕн зӕгъуй, цӕмӕй сӕ кӕрӕдзей уарзонцӕ ӕма сӕ кӕрӕдземӕн аргъ кӕнонцӕ (Ефесӕгтӕмӕ 5:28, 33). Медбилти худт, фӕлмӕн хъури кенӕ ба ести минкъий лӕвар лӕг ӕма уоси кӕрӕдземӕ ӕнгомдӕр кӕнунцӕ. Удта лӕг ӕма уоси цард кӕнун дӕр сӕ бон ӕй ӕрмӕстдӕр кӕрӕдзей хӕццӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:4).