Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Уотӕ конд ан, цӕмӕй ӕносмӕ цӕрӕн

Уотӕ конд ан, цӕмӕй ӕносмӕ цӕрӕн

БЕРӔ ӕнзти амондгун цард кӕнун ке нӕ фӕндуй? Расагъӕс кӕнӕ, куд хуарз уодзӕй ӕносмӕ ӕнӕнезӕй ӕма амондгунӕй цӕрун! Нӕ бон адтайдӕ, берӕ ке уарзӕн, уони хӕццӕ фулдӕр рӕстӕг ӕрветун, ӕгас дуйнебӕл ӕрзелун, удта нӕ зӕрдӕмӕ ци цӕуй, уой туххӕй фулдӕр базонун ӕма нӕуӕг естӕбӕлти исахур ун.

Адӕн уӕхӕн цардмӕ ке бӕллунцӕ, уоми дессагӕй ести ес? Неци! Библий финст ӕй, еци фӕндон нин нӕ зӕрди Хуцау ке ниввардта (Екклесиаст 3:11). Библий ма финст ӕй, «Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ», зӕгъгӕ (1 Иоанни 4:8). Хуцау нӕ хъӕбӕр берӕ уарзуй, ӕма нӕ бон ӕносмӕ цӕрун ку нӕ адтайдӕ, уӕд нин еци фӕндон дӕр нӕ равардтайдӕ.

Мӕлун ни неке фӕндуй, ӕма Библи дӕр мӕлӕт «знаг» дзӕгъӕли нӕ хонуй (1 Коринфӕгтӕмӕ 15:26). Еци знаг еуетӕмӕ раздӕр ӕрбацӕуй, иннетӕмӕ – фӕстӕдӕр. Фал ӕ рӕзти некӕмӕн райевгъуйуй. Беретӕ мӕлӕтбӕл айдагъ расагъӕс кӕнунмӕ дӕр тӕрсгӕ фӕккӕнунцӕ. Цума ескӕд уӕхӕн рӕстӕг ӕрцӕудзӕй, ӕма мӕлгӕ некебал кӕндзӕй? Уомӕн ӕцӕгӕйдӕр ес гӕнӕн?

НӔ БОН ӔНОСМӔ ЦӔРУН КЕ ӔЙ, Е ЦӔМӔЙ БӔРӔГ ӔЙ?

Ку фегъустайсӕ, Хуцауи ке некӕд фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕн мӕлонцӕ, уӕд дӕмӕ е дессаг нӕ фӕккастайдӕ? Библий, Райдайӕни киунуги, ес бӕлвурдгӕнӕнтӕ, Хуцауи ке фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕн зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цардайуонцӕ. Йеговӕ Хуцау зӕнхӕ уотӕ сфӕлдиста, цӕмӕй ибӕл адӕн амондгунӕй цардайуонцӕ. Уой фӕсте сфӕлдиста фиццаг адӕймаги, Адами, ӕма ’й ӕрцӕрун кодта дзенети, Едеми дзӕхӕрадони. Уой фӕсте «Хуцау ракастӕй цидӕриддӕр сфӕлдиста уомӕ ӕма алцидӕр адтӕй хъӕбӕр хуарз (Райдайӕн 1:26, 31).

Адам ӕнхӕст адӕймаг адтӕй, Хуцау ӕй ӕхемӕ гӕсгӕ искодта (Дуккаг закъон 32:4). Адами уосӕ Евӕ дӕр ӕнаййеп адтӕй – зундӕй дӕр ӕма бауӕрӕй дӕр. Йеговӕ Адам ӕма Евӕн загъта: «Цӕуӕт уадзетӕ, исберӕ уотӕ ӕма зӕнхӕ байдзаг кӕнтӕ ӕма ин хецау уотӕ. Уӕ барӕ цӕуӕд денгизи кӕсӕлгитӕбӕл, уӕларвон мӕргътӕбӕл, хӕдзарон фонсбӕл ӕма, зӕнхӕбӕл цӕрӕгойӕй цидӕриддӕр ’змӕлуй, уонӕбӕл дӕр» (Райдайӕн 1:28).

Цӕмӕй зӕнхӕ Адам ӕма Еви байзӕддӕгтӕй байдзаг адтайдӕ, уой туххӕй рӕстӕг гъудӕй. Евӕн гъӕуама райгурдайдӕ сувӕллӕнттӕ, удта уонӕй дӕр гъӕуама цӕуӕт рацудайдӕ, ӕма фӕстагмӕ зӕнхӕ адӕнӕй байдзаг адтайдӕ, Хуцауи куд фӕндадтӕй, уотӕ (Исай 45:18). Цума Йеговӕ Адам ӕма Евӕн загътайдӕ, зӕнхӕ байдзаг кӕнтӕ, зӕгъгӕ, кӕд син цӕрунмӕ ба рӕстӕг ӕрмӕст уойбӕрцӕ равардта, цӕмӕй сӕ цӕуӕти ӕма, ка ’й зонуй, сӕ цӕуӕти цӕуӕти фӕууидтайуонцӕ, Хуцауи фӕндон куд исӕнхӕст адтайдӕ, уой ба нӕ?

Никкидӕр ма расагъӕс кӕнӕн, Хуцау син уотӕ ке загъта, уӕ барӕ цӕуӕд цӕрӕгойтӕбӕл, зӕгъгӕ. Адамӕн баихӕс кодта цӕрӕгойтӕбӕл нӕмттӕ исӕвӕрун, ӕма уомӕн дӕр гъудӕй рӕстӕг (Райдайӕн 2:19). Фал сӕбӕл цӕмӕй ӕ барӕ цудайдӕ, уой туххӕй си гъӕуама алкедӕр базудтайдӕ ӕма балӕдӕрдтайдӕ, куд сӕмӕ зелун гъӕуй, уой. Ӕма уомӕн ба дзӕвгарӕ фулдӕр рӕстӕг гъудӕй.

Мадта цӕмӕй Адам ӕма Евӕ Хуцауи фӕндон исӕнхӕст кодтайуонцӕ, уой туххӕй гъӕуама берӕ цардайуонцӕ. Ӕма Адам, ӕцӕгӕйдӕр, хъӕбӕр берӕ фӕццардӕй.

ХУЦАУИ ФӔНДУЙ, ЦӔМӔЙ АДӔН ӔНОСМӔ ЗӔНХӔБӔЛ ДЗЕНЕТИ ЦӔРОНЦӔ

СӔ ЦАРД ЦУБУР Н’ АДТӔЙ

Адам, 930 анзи

Мафусал, 969 анзи

Ной, 950 анзи

Абони, 70–80 анзи

Библийӕй бӕрӕг ӕй, адӕн кӕддӕр, нур цӕйбӕрцӕ цӕрунцӕ, уомӕй берӕ фулдӕр ке цардӕнцӕ. Библий финст ӕй: «Адам ӕдеугурӕй фӕццардӕй фарастсӕдӕ ӕртин анзи». Уомӕй уӕлдай ма Библий ес, 900 анземӕй фулдӕр ка фӕццардӕй, уӕхӕн ӕхсӕз адӕймагей кой. Етӕ адтӕнцӕ Сиф, Енос, Каинан, Иаред, Мафусал ӕма Ной. Етӕ еугурӕйдӕр цардӕнцӕ Ноййи дзаман, Дони хъиамӕт ку нӕма райдӕдта, уой размӕ. Дони хъиамӕти размӕ Ной фӕццардӕй 600 анзи (Райдайӕн 5:5–27; 7:6; 9:29). Цума уотӕ берӕ цӕй фӕрци цардӕнцӕ?

Еци адӕн райгурдӕнцӕ, Адам ӕма Евӕ ӕнхӕст цардӕй ку фенӕхай ӕнцӕ, уомӕй берӕ рӕстӕг ку нӕма рацудӕй, уӕд. Ӕма уойбӕрцӕ дӕр, ӕвӕдзи, уой туххӕй фӕццардӕнцӕ. Фал ӕнхӕстдзийнадӕ ӕма берӕ цӕрӕнбонтӕ кӕрӕдзей хӕццӕ куд баст ӕнцӕ? Удта мӕлгӕ куд некебал кӕндзӕй? Цӕмӕй аци фарстатӕбӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй бал гъӕуама базонӕн цӕмӕн зӕронд кӕнӕн ӕма цӕмӕн мӕлӕн, уой.