Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

10 ФАРСТА

Библий федӕни туххӕй ци финст ес?

Библий федӕни туххӕй ци финст ес?

«Растгӕнгутӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма ибӕл цӕрдзӕнцӕ ӕностӕмӕ»

(Псалом 37:29).

«Зӕнхӕ... лӕууй ӕносмӕ»

(Екклесиаст 1:4).

«Е фесафдзӕй мӕлӕт ӕносмӕ, Дуйнедарӕг Хуцау Йеговӕ се ’гасемӕн дӕр сӕ цӕстисугтӕ сӕ ростӕй расӕрфдзӕй»

(Исай 25:8).

«Уӕд хъӕрӕутӕ цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ ӕма къурути гъостӕ райгон уодзӕнцӕ. Уӕд, къулух ка ӕй, е сагау тъӕбӕртт кӕндзӕй ӕма къуӕттити ӕвзаг фурцийнӕй гъӕр кӕндзӕй. Ӕдзӕрӕг будури рагулф кӕндзӕй сауӕдӕнттӕ, сор бӕсти – цӕугӕдӕнттӕ»

(Исай 35:5, 6).

«Ниссӕрфдзӕй [син] сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист. Раздӕр ци адтӕй, е фӕййевгъудӕй»

(Раргомадӕ 21:4).

«Адӕм хӕдзӕрттӕ кӕндзӕнцӕ ӕма си цӕрдзӕнцӕ, садздзӕнцӕ сӕнӕфсердӕнттӕ ӕма син сӕ рӕзӕ хуӕрдзӕнцӕ. Уотӕ нӕ уодзӕй, цӕмӕй хӕдзарӕ искӕнонцӕ, ӕма си ӕндӕр еске цӕра, сӕнӕфсердонӕ ’скӕнонцӕ, ӕмӕ ин ӕ рӕзӕ ӕндӕр еске хуӕра. Мӕ адӕми бонтӕ уодзӕнцӕ бӕласи бонти хузӕн берӕ, ӕма ме ’взурст адӕм бафсӕддзӕнцӕ сӕ къохти хъиамӕтӕй»

(Исай 65:21, 22).