Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Адӕм Хуцауи нихмӕ ке рацудӕнцӕ, е цӕмӕ ӕркодта?

Адӕм Хуцауи нихмӕ ке рацудӕнцӕ, е цӕмӕ ӕркодта?

7 хай

Адӕм Хуцауи нихмӕ ке рацудӕнцӕ, е цӕмӕ ӕркодта?

1–3. Рӕстӕг куд бавдиста, Йеговӕ раст ке адтӕй, уой?

ХУЦАУ Дун-дуйней хецау ке ӕй, е дзурддаг иссӕй. Уомӕ гӕсгӕ адӕм ӕности дӕргъи ӕнӕ Хуцауӕй ке хецауеуӕг кодтонцӕ, е сӕ цӕмӕ ӕркодта? Адӕми хецаудзийнадӕ Хуцауи хецаудзийнадӕй хуӕздӕр разиндтӕй? Абони уӕнгӕ кӕрӕдземӕн ци ӕнӕхатир миутӕ кӕнунцӕ, уомӕ ӕркӕсгӕй федарӕй зӕгъӕн ес, нӕ.

2 Фиццаг дууӕ адӕймаги Хуцауи разамунд ке нецӕмӕ ӕрдардтонцӕ, уой туххӕй айдагъ сӕхуӕдтӕ нӕ, фал ма сӕ фӕсте ка байзадӕй, еци адӕм дӕр берӕ зиндзийнӕдтӕ бавзурстонцӕ. Ӕма ’й еске фуд фӕккӕнун дӕр сӕ бон нӕ адтӕй, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрдтӕнцӕ, айдагъ сӕхе фуд ке ӕй, уой. Хуцауи Дзурди финст ӕй: «Етӕ сӕхуӕдтӕ ниллӕудтӕнцӕ исӕфт надбӕл. Етӕ ӕ сувӕллӕнттӕ нӕ ’нцӕ, сӕ аййеп сӕхе фуд ӕй» (Дуккаг закъон 32:5).

3 Хуцау Адам ӕма Евӕн загъта, ӕ разамундмӕ ин ку не ’гъосонцӕ, уӕд базӕронд уодзӕнцӕ ӕма рамӕлдзӕнцӕ. Рӕстӕг ӕй куд бавдиста, уотемӕй гъуддаг ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй (Райдайӕн 2:17; 3:19). Хуцауӕй сӕхе ку раеуварс кодтонцӕ, уӕд райдӕдтонцӕ зӕронд кӕнун ӕма мӕлун.

4. Ӕнӕнхӕстдзийнадӕ, незтӕ ӕма мӕлӕт ӕгас адӕмбӕл куд ниппурх ӕнцӕ?

4 Сӕ гъуддӕгтӕ сӕ байзӕдтӕгтӕбӕл куд фӕззиндтӕнцӕ, е финст ӕй Ромӕгтӕмӕ 5:12 стихи: «Гъема еу адӕймаги фудӕй дуйнемӕ ӕрцудӕй тӕрегъӕд, тӕрегъӕди фудӕй ба – мӕлӕт, ӕма уотемӕй мӕлӕт ниххӕлеу ӕй ӕгас адӕмбӕл». Фиццаг дууӕ адӕймаги Хуцауи нихмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд иссӕнцӕ ӕнӕнхӕст ӕма тӕрегъӕдгун. Сӕ цӕуӕт дӕр сӕ тоги ӕнӕнхӕстдзийнадӕ ӕма тӕрегъӕд рахастонцӕ, ӕма еци ӕнӕнхӕстдзийнадӕ еугур адӕмбӕл дӕр ниппурх ӕй, уой туххӕй ба мах дӕр сӕйӕн ӕма мӕлӕн.

5, 6. Адӕмӕн зӕнхӕбӕл хуарз цард искӕнун бантӕстӕй?

5 Берӕ рӕстӕг рацудӕй. Паддзахӕдтӕ еу инней фӕсте ӕййевгӕ цудӕнцӕ. Адӕм аллихузи хецаудзийнадӕ дӕр бавзурстонцӕ, фал уӕддӕр гъезӕмӕрттӕн ба кӕрон неке ’скодта. Ӕхсӕз мин анзи син гъӕуама фагӕ адтайдӕ, цӕмӕй зӕнхӕбӕл искодтайуонцӕ хуарз цард, фарнӕ ӕма рӕстдзийнадӕ, удта цӕмӕй сӕ кӕрӕдземӕ иссайуонцӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма сӕ астӕу адтайдӕ еудзийнадӕ.

6 Фал цард куд бавдиста, уотемӕй алцидӕр иннердӕмӕ рауадӕй. Адӕм ци хецаудзийнӕдтӕ ӕргъуди кодтонцӕ, уонӕй сӕ еу дӕр фарнӕ ӕма хуарз цард не ’рхаста. Айдагъ 20-аг ӕноси Холокости рӕстӕги милиуангай адӕм цагъд ӕрцудӕнцӕ, тухдтити ба 100 милиуанӕй дӕр фулдӕр фӕммардӕй. Нӕ рӕстӕги дӕр, адӕм политики гъуддӕгти еу гъудибӕл хуӕст ке нӕ ’нцӕ, уой туххӕй берӕ адӕмӕн аллихузи фудмиутӕ бакӕниуонцӕ, кедӕрти рамариоунцӕ, берети ба ахӕстдӕнтти исбадун кӕниуонцӕ.

Абони уавӕр

7. Абони уавӕрти туххӕй ци ес зӕгъӕн?

7 Абониккон уавӕртӕмӕ дӕр ку ӕркӕсӕн, уӕд си ци уинӕн? Фудракӕндтӕ нибберӕ ’нцӕ. Наркомантӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ. Хӕтундзийнади туххӕй СПИД адӕмбӕл парахат кӕнуй. Алли анз дӕр милиуангай адӕм незтӕй ӕма стонгӕй мӕлунцӕ, уотемӕй ба беретӕн сӕ дзиппитӕ ӕхцайӕй тонунцӕ. Адӕм зӕнхӕ исафунцӕ. Бийнонтӕ ихӕлунцӕ ӕма ӕгъдау нӕбал ес. Аци лӕгъуз цардӕй бӕрӕг ӕй, дуйнейӕн ӕ «хуцау» Сайтан ке ӕй. Ци дуйней хецау ӕй, е дӕр ӕхе хузӕн ӕнӕхатир ӕма ихӕлд ӕй (2 Коринфӕгтӕмӕ 4:4).

8. Адӕм цидӕр ӕргъуди кодтонцӕ, уони ӕнтӕстдзийнӕдтӕ исхонӕн цӕмӕннӕ е?

8 Хуцау адӕмӕн фагӕ рӕстӕг равардта, цӕмӕй син науки ӕма царди ӕндӕр гъуддӕгти ести бантӕстайдӕ. Фал уой ӕнтӕстдзийнадӕ исхонӕн ес, сӕ саздахътӕ дамбацатӕй, танкитӕй, бомбӕкалӕн самолёттӕй ӕма ядерон хуӕцӕнгарзӕй ке раййивтонцӕ? Кенӕ ба адӕм космосмӕ тӕхун ке базудтонцӕ, е ӕй ӕнтӕстдзийнадӕ, кӕд ӕма сӕ кӕрӕдзей хӕццӕ федаун ба нӕ зонунцӕ? Ӕви е ӕй ӕнтӕстдзийнадӕ, ӕма изӕригон ӕндӕмӕ рацӕун сӕ бон ке нӕй, кӕмидӕрти ба бонигон дӕр?

Рӕстӕг ци бавдиста

9, 10. а) Рӕстӕг ци бавдиста? ӕ) Хуцау адӕми сӕхе барӕ цӕмӕн бауагъта?

9 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, рӕстӕг хуарз бавдиста, адӕмӕн сӕхе бон ке нӕй сӕ къахдзӕфтӕ аразун, гъома ӕнӕ Хуцауи разамундӕй раст цӕрун. Адӕймаги бон ӕнӕ донӕй, хуӕруйнагӕй ӕма ӕнӕ уӕлдӕфӕй цӕрун куд нӕй, уотӕ ӕ бон нӕй ӕнӕ Хуцауи разамундӕй дӕр цӕрун, уомӕн ӕмӕ не ’сконд уӕхӕн ӕй.

10 Хуцау лӕгъуздзийнадӕ ке бауагъта, уомӕй кӕронмӕ исбӕрӕг ӕй, сӕребарӕдзийнадӕй раст ку нӕ пайда кӕнай, уӕд е цӕмӕ ӕркӕндзӕй. Сӕребардзийнадӕ ӕй, адӕймагӕн хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ка ӕй, уӕхӕн устур лӕвар. Уомӕ гӕсгӕ ’й Хуцау адӕмӕй фӕстӕмӕ нӕ райста, фал сӕ сӕхе барӕ бауагъта, цӕмӕй сӕхуӕдтӕ фӕууидтайуонцӕ, раст си ку нӕ пайда кӕнонцӕ, уӕд е ци зиан ӕрхӕсдзӕй, уой. Хуцауи Дзурди раст финст ӕй: «Зӕнхон адӕймагӕн ӕ над ӕхецӕй кӕнгӕ нӕй. Ӕ къахдзӕфтӕбӕл дӕр ӕ барӕ нӕ цӕуй». Удта ма си уотӕ финст ӕй: «Адӕймаг адӕймагӕн хецау ке ӕй, е ин хӕссуй зиан» (Йереми 10:23; Екклесиаст 8:9).

11. Ескӕци хецауади бон иссӕй зӕнхӕ гъезӕмӕрттӕй исуӕгъдӕ кӕнун?

11 Хуцау ӕхсӕз мин анзей дӕргъи адӕми уадзуй, цӕмӕй зӕнхӕбӕл хецауеуӕг кӕнонцӕ. Еци рӕстӕг бӕлвурдӕй бавдиста, адӕймаги бон ке нӕй зӕнхӕ гъезӕмӕрттӕй исуӕгъдӕ кӕнун. Зӕнхӕбӕл ӕнӕмаст цард некӕд адтӕй. Зӕгъӕн, кӕд Израили паддзах Соломон хъӕбӕр зундгин ӕма гъӕздуг адтӕй, удта имӕ кӕд устур бартӕ адтӕй, уӕддӕр уомӕн дӕр ӕ бон не ’ссӕй, адӕми хецаудзийнадӕ цӕмӕ ӕркодта, уой исраст кӕнун (Екклесиаст 4:1–3). Уотӕ мах рӕстӕги дӕр, кӕд адӕмӕн техники берӕ цидӕртӕ бантӕстӕй, уӕддӕр хецӕутти бон нӕй зӕнхӕ гъезӕмӕрттӕй исуӕгъдӕ кӕнун. Цард куд ӕвдесуй, уотемӕй адӕм ӕнӕ Хуцауи разамундӕй ке хецауеуӕг кодтонцӕ, уой туххӕй гъезӕмӕрттӕ минкъийдӕр нӕ, фал фулдӕр кӕнунцӕ.

Хуцау идардмӕ уинуй

12–14. Хуцау гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн бауагъта?

12 Хуцау гъезӕмӕрттӕ ке бауагъта, е махӕн берӕ зиндзийнӕдтӕ ӕрхаста. Фал Хуцау идардмӕ кастӕй ӕма ’й уидта, рӕстӕг ку рацӕуа, уӕд ӕ кӕрон хуарзмӕ ке ӕркӕндзӕй, уой. Уотӕ ке бакодта, е адӕмӕн дӕр, удта изӕдтӕн дӕр цалдӕр анземӕ кенӕ цалдӕр мин анземӕ пайда не ’рхӕсдзӕй, фал ӕностӕмӕ.

13 Федӕни ма ескӕд еске ӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст ку не ’спайда кӕна ӕма Хуцауи хецаудзийнадӕ ку исдзурддаг кӕна, уӕд, раст ӕй ӕви нӕ, уой исбӕлвурд кӕнунмӕ ин рӕстӕг дӕттун нӕбал гъӕудзӕй. Хуцау адӕмӕн мингай ӕнзтӕ уой туххӕй равардта, цӕмӕй, ӕндӕр хатт ӕ нихмӕ еске ку рацӕуа, фӕнди уӕлӕрвти уа, фӕнди зӕнхӕбӕл, уӕд ин барӕ уа еци гъуддаг еци фӕдбӕл ниллух кӕнун.

14 Хуцау нури уӕнгӕ гъезӕмӕрттӕ ке бауагъта, уомӕй кӕронмӕ исбӕрӕг ӕй, адӕми цард ӕнӕ Хуцауи разамундӕй рӕстмӕ ке некӕд уодзӕй. Ӕма ма ескӕд Дун-дуйнебӕл Хуцауи нихмӕ еске ку рацӕуа, фӕнди адӕймаг уа, фӕнди изӕд, уӕд ӕй ӕ бон уодзӕй еци фӕдбӕл фесафун. Библий финст ӕй: «Фудгӕнгути сӕ еугурейдӕр фесафдзӕй» (Псалом 145:20; Ромӕгтӕмӕ 3:4).

[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]

[Хузӕ 15 фарсбӕл]

Адам ӕма Евӕ Хуцаумӕ ке нӕ байгъустонцӕ, уой туххӕй базӕронд ӕнцӕ ӕма рамардӕнцӕ

[Хузтӕ 16 фарсбӕл]

Адӕм ӕнӕ Хуцауи разамундӕй ке хецауеуӕг кодтонцӕ, е хуарзӕй нецӕмӕ ӕркодта

[Барлӕвӕрдӕй]

U.S. Coast Guard photo