Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Зӕнхӕ гъезӕмӕрттӕй исуӕгъдӕ уодзӕй

Зӕнхӕ гъезӕмӕрттӕй исуӕгъдӕ уодзӕй

2 хай

Зӕнхӕ гъезӕмӕрттӕй исуӕгъдӕ уодзӕй

1, 2. Милиуангай адӕм цардмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ?

ФАЛ ӕгас зӕнхӕбӕл милиуангай адӕм цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсунцӕ. Етӕ ’й зонунцӕ, дессаги федӕн сӕмӕ ке ӕнгъӕл кӕсуй. Тагъд рӕстӕги зӕнхӕбӕл гъезӕмӕрттӕ ӕма лӕгъуздзийнадӕн сӕ кой дӕр ке нӕбал уодзӕй, удта нӕуӕг дуйне ке ӕрлӕудзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма ’й зонунцӕ, Хуцау адӕм нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ абони ке ӕмбурд кӕнуй.

2 Еци адӕм ӕууӕндунцӕ, нӕуӕг дуйней тугъдтитӕ, фудракӕндтӕ, ӕнӕраст гъуддӕгтӕ ӕма мӕгурдзийнадӕн сӕ кой ке нӕбал уодзӕй. Нӕбал си уодзӕй нез, маст, цӕстисуг ӕма мӕлӕт дӕр. Еци рӕстӕг адӕм алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст уодзӕнцӕ ӕма дзенети ӕностӕмӕ амондгун цард кӕндзӕнцӕ. Ка рамардӕй, етӕ райгас уодзӕнцӕ ӕма уонӕн дӕр фӕззиндзӕй ӕностӕмӕ цӕруни нифс!

3, 4. Зӕнхӕ дзенет ке исуодзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ес?

3 Уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма еци хабӕрттӕ аргъӕуттӕ ’нцӕ? Ӕппундӕр нӕ! Зӕнхӕ дзенет ке исуодзӕй, уобӕл ес федарӕй ӕууӕндӕн (Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:1). Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нин уӕхӕн цардӕй зӕрдӕ байвардта Сфӕлдесӕг.

4 Хуцауи зӕрдӕвӕрдти туххӕй Библи уотӕ зӕгъуй: «Уӕ Хуцау Йеговӕ уин ци хуарз дзурдтӕ загъта, уонӕй еу дӕр сайд нӕ разиндтӕй – еугурӕйдӕр исӕнхӕст ӕнцӕ. Еу дӕр си сайд нӕ разиндтӕй». «Хуцау адӕймаг нӕй, цӕмӕй сайа... Ци зӕгъа, уой не ’скӕндзӕй? Ӕ цъухӕй ци дзурд рацӕуа, уой не ’сӕнхӕст кӕндзӕй?» «Ӕфсӕдти хецау Йеговӕ расоми кодта: „Куддӕриддӕр исфӕндӕ кодтон, уотӕ уодзӕй. Куддӕриддӕр загътон, гъеуотӕ рауайдзӕй“» (Йесо Навин 23:14; Нимӕдзтӕ 23:19; Исай 14:24).

5. Цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуй раттун дзуапп?

5 Кӕд Хуцауӕн зӕнхӕй дзенет искӕнун ӕ фӕндон адтӕй, уӕд нури уӕнгӕ уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзуй? Ӕхсӕз мин анзи син цӕмӕн бухсуй? Цума, адӕм уойбӕрцӕ рӕстӕг ке гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Хуцау мах сагъӕс нӕ кӕнуй кенӕ ба уогӕ дӕр нӕййес?

[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]