Сӕребарӕдзийнадӕ ӕй Хуцауи лӕвар
5 хай
Сӕребарӕдзийнадӕ ӕй Хуцауи лӕвар
1, 2. Хуцау нин цӕхуӕн устур лӕвар равардта?
ЦӔМӔЙ балӕдӕрӕн, Хуцау гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзуй ӕма син идарддӕр ци кӕнуйнаг ӕй, уой туххӕй бал гъӕуй базонун, куд нӕ искодта, уой. Бауӕр ӕма сӕри магъзӕй уӕлдай ма нин равардта зунд ӕма ӕнкъарӕнтӕ.
2 Нӕ сагъӕстӕ ӕма нӕ зӕрди фӕндтӕ ӕнцӕ нӕхе барӕ. Хуцау нин нӕхецӕн равардта ӕвзаруни барӕ, ӕма е ӕцӕгӕйдӕр устур лӕвар ӕй.
Куд конд ан
3–5. Сӕребардзийнадӕн цӕмӕн аргъ кӕнӕн?
3 Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, адӕймаги сӕребарӕдзийнадӕ ӕма, Хуцау гъезӕмӕрттӕн ке бухсуй, еци дууӕ гъуддаги кӕрӕдзей хӕццӕ куд баст ӕнцӕ, уомӕ. Зӕгъӕн, ци дзорис, ци кӕнис, ци хуӕрис, цӕхуӕн хъӕппӕл дарис, кӕми косис ӕма куд цӕрис, етӕ еугурӕйдӕр дӕхе барӕ ке ’нцӕ, уомӕн аргъ кӕнис? Ӕви еске дӕ сӕргъи ку лӕууа ӕма дин дӕ алли къахдзӕфӕн дӕр унаффӕ ку кӕна, уӕд хуӕздӕр уайдӕ?
4 Еунӕг адӕймаги дӕр нӕ фӕндуй, цӕмӕй ин ӕ алли къахдзӕфӕн дӕр унаффӕгӕнӕг уа. Цума цӕмӕн? Библий финст ес, Хуцау нӕ «ӕхе хузӕн» ке ’скодта – ӕхуӕдӕг сӕребарӕ ӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ мах дӕр уарзӕн сӕребарӕдзийнадӕ (Райдайӕн 1:26; Дуккаг закъон 7:6). Адӕми ку сфӕлдиста, уӕд уонӕн дӕр уӕхӕн сӕребарӕдзийнадӕ равардта, цӕмӕй сӕхецӕн ӕвзаруни барӕ адтайдӕ. Зӕгъӕн, хецауадӕ нин нӕ бартӕ ку нецӕмӕ фӕддарунцӕ, уӕд нин зин дӕр уомӕн фӕууй.
5 Мадта сӕребарӕдзийнадӕ ке уарзӕн, уоми дессагӕй неци ес, уомӕн ӕма Хуцау ӕхуӕдӕг сӕребарӕдзийнади Хуцау ӕй. Библи уотӕ зӕгъуй: «Йегови сугъдӕг хъаурӕ кӕми ес, уоми ес сӕребарӕдзийнадӕ» (2 Коринфӕгтӕмӕ 3:17). Еци сӕребарӕдзийнадӕ нин Хуцау ниввардта нӕ зӕрди, уомӕн ӕма ’й зудта, сӕребарӕ ку уӕн, уӕд амондгундӕр ке уодзиан.
6. Хуцау ма нин сӕребарӕдзийнади хӕццӕ ци равардта ӕма уой фӕрци нӕ бон куд ӕй архайун?
6 Хуцау ма нин сӕребарӕдзийнади хӕццӕ равардта зунд, цӕмӕй нӕ бон уа сагъӕс кӕнун, раст унаффитӕ хӕссун ӕма хуарз лӕгъузӕй ӕртасун (Дзиуиттӕгтӕмӕ 5:14). Сӕребардзийнади фӕрци адӕймагӕн ес ӕвзаруни барӕ. Мах роботтӕ нӕ ан, удта нӕ ан, инстинктӕй ка цӕруй, уӕхӕн цӕрӕгойти хузӕн дӕр. Махӕн нӕ сӕри магъз уотӕ конд ӕй, цӕмӕй нӕ бон уа нӕ цард, нӕхе куд фӕндуй, уотӕ аразун.
Хуарз райдайӕн
7, 8. Адӕмӕн сӕ райдайӕн цӕхуӕн адтӕй?
7 Хуцау адӕми сагъӕс ке кодта, е бӕрӕг ӕй, Адам ӕма Евӕн, сӕребарӕдзийнадӕй уӕлдай ма, цидӕриддӕр сӕ гъудӕй, уой дӕр ке равардта. Дзенети сӕ ӕрцӕрун кодта ӕма неци гъӕуагӕ адтӕнцӕ. Адтӕй син ӕнхӕст бауӕр ӕма зунд, уой фӕрци ба зӕронд дӕр, сӕйгӕ дӕр ӕма мӕлгӕ дӕр нӕ кодтонцӕ – сӕ бон адтӕй ӕностӕмӕ цӕрун. Сӕхе хузӕн ӕнхӕст сувӕлӕнттӕ син игурдайдӕ ӕма ӕностӕмӕ амондгунӕй цардайуонцӕ. Адӕм ба фулдӕрӕй-фулдӕр кодтайуонцӕ ӕма си алке дӕр архайдтайдӕ зӕнхӕй дзенет исаразунбӕл (Райдайӕн 1:26–30; 2:15).
8 Хуцау син цидӕриддӕр равардта, уой туххӕй Библий финст ӕй: «Хуцау ракастӕй, цидӕриддӕр исфӕлдиста, уомӕ ӕма алцидӕр адтӕй хъӕбӕр хуарз» (Райдайӕн 1:31). Хуцауи туххӕй ба си загъд ӕй: «Ӕ гъуддӕгтӕ ӕнцӕ ӕнӕфау» (Дуккаг закъон 32:4). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, адӕмӕн сӕ райдайӕн адтӕй алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст. Зӕгъун ӕнгъезуй, ӕма хуӕздӕр цардӕн ӕргъуди кӕнӕн дӕр нӕ адтӕй. Ци хъӕбӕр уарзӕгой разиндтӕй Хуцау!
Сӕребарӕдзийнадӕ алци кӕнуни барӕ нӕ дӕттуй
9, 10. Нӕ сӕребарӕдзийнадӕ нин алци кӕнуни барӕ цӕмӕннӕ дӕттуй?
9 Цума Хуцау адӕймагӕн сӕребарӕдзийнадӕ ке равардта, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ин алци кӕнуни барӕ ес? Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, надбӕл цӕуни ӕгъдау кӕми нӕййес, уӕхӕн устур горӕт, ӕ нӕдтӕ ба машинттӕй идзаг, ӕма си ке куд фӕндуй, уотӕ цӕуй. Уӕхӕн надбӕл цӕун дӕ фӕндадтайдӕ? Ӕвӕдзи нӕ, уомӕн ӕма уӕхӕн змӕнст надбӕл, гӕнӕн ес, ӕма фидбилизи бахауай.
10 Хуцау нин ци сӕребарӕдзийнадӕ равардта, е дӕр уотӕ ’й. Адӕмӕн ӕнӕкӕрон бартӕ ку равардтайдӕ ӕма ке куд фӕндуй, уотӕ ку кодтайдӕ, уӕд е ӕркодтайдӕ хъӕбӕр устур змӕнститӕмӕ. Закъӕнттӕ дӕр уой туххӕй ӕвӕрд ӕнцӕ. Хуцауи Дзурди финст ӕй: «Сумах айтӕ сӕребарӕ адӕм, ӕрмӕст уӕ сӕребарӕдзийнадӕ лӕгъуз миутӕ римӕхсунмӕ ма уӕд» (1 Петури 2:16). Куд ӕй уинӕн, уотемӕй нин Хуцау ӕнӕкӕрон сӕребарӕдзийнадӕ ке нӕ равардта, е нӕхе пайдайӕн ӕй. Ӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нин сӕребарӕдзийнадӕ гъӕуама алци кӕнуни барӕ ма дӕтта, фал ин гъӕуама цӕрӕн ӕ закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ.
Ке закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ?
11. Ке закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ гъӕуама цӕрӕн?
11 Ке закъӕнттӕмӕ гъӕуама игъосӕн? 1 Петури 2:16 стихӕн ӕ дуккаг хаййи уотӕ финст ӕй, мах ан «Хуцауи цагъартӕ», зӕгъгӕ. Е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нин бартӕ ӕппундӕр нӕййе, фал нӕ конд уотӕ ’й, цӕмӕй Хуцауи закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕргӕй амондгун уӕн (Матфейи 22:35–40). Адӕм цидӕриддӕр закъӕнттӕ ӕргъуди кодтонцӕ, уони хӕццӕ рабаргӕй Хуцауи закъӕнттӕй хуӕздӕр разамунд адӕмӕн нӕййе. «Ӕз, Йеговӕ дӕн, дӕ Хуцау, пайда дин ци ӕй, уобӕл дӕ ка ахур кӕнуй, ци надбӕл дӕ гъӕуй цӕун, уобӕл дӕ ка кӕнуй» (Исай 48:17).
12. Хуцауи закъӕнттӕ сӕребарӕдзийнадӕ цӕми дӕттунцӕ?
12 Кӕд нин Хуцауи закъӕнттӕ алци
кӕнуни барӕ нӕ дӕттунцӕ, уӕддӕр берӕ гъуддӕгти ба сӕребарӕ ан. Уой фӕрци нӕ цард еци еу хузи нӕй, фал ӕй рӕсугъд ӕма игъӕлдзӕг. Расагъӕс кӕнӕ, дуйней цӕйбӕрцӕ аллихузи хуӕруйнӕгтӕ ес, хъӕппӕлтӕ, музыкӕ, хӕдзӕрттӕ ӕма гъеууотӕ идарддӕр. Еци гъуддӕгти алке дӕр фӕндуй, цӕмӕй ӕвзаруни барӕ ӕхе уа.13. Цӕхуӕн закъӕнтти сӕрти хезун ӕй тӕссаг?
13 Куд ӕй базудтан, уомӕ гӕсгӕ мах уотӕ конд ан, цӕмӕй Хуцауи закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕргӕй амондгун уӕн. Уой ӕнгъезуй ӕрдзи закъӕнтти хӕццӕ рабарун. Зӕгъӕн, хемӕ ӕлвасуни закъон ку нецӕмӕ дарӕн ӕма бӕрзонд хӕдзари сӕрӕй ку рагӕпп кӕнӕн, уӕд нӕхе ниппурх кӕндзиан. Нӕ бауӕри закъӕнттӕ дӕр ку нецӕмӕ дарӕн ӕма хуӕргӕ ку нӕбал кӕнӕн, дон ку нӕ ниуазӕн ӕма ку нӕбал уолӕфӕн, уӕд рамӕлдзиан.
14. Кӕцӕй ӕй зонӕн, адӕмӕн сӕ бон ӕнӕ Хуцауи закъӕнттӕй цӕрун ке нӕй?
14 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕрдзи ӕма нӕ бауӕри закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ цӕрун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уотӕ ӕхсидзгӕ ӕй, Хуцау уагӕ ӕма ӕгъдауӕн ци закъӕнттӕ исфедар кодта, уонӕмӕ гӕсгӕ цӕрун дӕр (Матфейи 4:4). Адӕймаг уотӕ конд ӕй, ӕма ӕнӕ Хуцауӕй ӕ цард рӕстмӕ нӕ цӕуй. Пахампар Йереми уотӕ загъта: «О Йеговӕ, ӕз ӕй зонун: зӕнхон адӕймагӕн ӕ над ӕхецӕй кӕнгӕ нӕй. Ӕ къахдзӕфтӕбӕл дӕр ӕ барӕ нӕ цӕуй. О Йеговӕ, амонӕ мин зунд» (Йереми 10:23, 24). Аци дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма адӕм гъӕуама сӕхе барӕ нӕ, фал Хуцауи дӕлбарӕ уонцӕ.
15. Адам ӕма Евӕ Хуцауи закъӕнттӕмӕ ку игъустайуонцӕ, уӕд син е цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхастайдӕ?
15 Адам ӕма Евӕн Хуцауи закъӕнттӕ уаргъ нӕ адтӕнцӕ. Еци закъӕнттӕ сӕхецӕн дӕр ӕма сӕ байзайӕггӕгтӕн дӕр берӕ арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхастайуонцӕ. Фиццаг бийнонтӕ Хуцауи закъӕнттӕмӕ ку байгъустайуонцӕ, уӕд нурмӕти дӕр цард хъӕбӕр хуарз адтайдӕ. Ӕма мах дӕр абони дзенети амондгунӕй ӕма уарзгӕй еу бийнонти цард кодтайанӕ! Нӕ адтайдӕ лӕгъуздзийнадӕ, гъезӕмарӕ ӕма мӕлӕт.
[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]
[Хузӕ 11 фарсбӕл]
Сфӕлдесӕг адӕмӕн райдайӕни ци цард равардта, е адтӕй алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст
[Хузӕ 12 фарсбӕл]
Ба дӕ фӕндадтайдӕ, надбӕл цӕуни ӕгъдау кӕми нӕййе ӕма машинттӕй идзаг ка ӕй, уӕхӕн надбӕл цӕун?