«Фӕстаг бӕнтти» ке цӕрӕн, уой кӕцӕй зонӕн
9 хай
«Фӕстаг бӕнтти» ке цӕрӕн, уой кӕцӕй зонӕн
1, 2. Кӕцӕй ӕй зонӕн «фӕстаг бӕнтти» ке цӕрӕн, уой?
ЦӔМӔ гӕсгӕ нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Хуцауи Паддзахадӕ адӕми хецаудзийнадӕн кӕрон ци рӕстӕг искӕндзӕй, еци рӕстӕг ке цӕрӕн? Удта ’й кӕцӕй зонӕн, Хуцау лӕгъуздзийнадӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ тагъд рӕстӕги ке рандӕ кӕндзӕй?
2 Еци фарстатӕбӕл дзуапп базонун фӕндадтӕй Йесо Киристей фӕдбӕлдзӕугути дӕр. Етӕ ’й бафарстонцӕ: «Зӕгъай нин ӕй, кӕд ӕрцӕудзӕнцӕ еци хабӕрттӕ, удта, ке ’рцудтӕ [паддзахи бартӕ дӕ къохмӕ ке райстай] ӕма аци цардӕвӕрдӕн ӕ кӕрон ке ӕрхъӕрдтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?» (Матфейи 24:3). Йесо син дзуапп ку лӕвардта уӕд бӕстонӕй радзурдта, «фӕстаг бӕнтти», ӕгас дуйне ка базмӕлун кӕндзӕй, уӕхӕн ӕверхъау хабӕрттӕ ке цӕудзӕй ӕма уой фӕдбӕл зӕнхӕбӕл ци лӕгъуз уавӕртӕ уодзӕй, уони дӕр. Еци хабӕрттӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма аци дуйнейӕн ӕ «кӕрони рӕстӕг» ӕрбахъӕрдтӕй (Данел 11:40; 2 Тимофеймӕ 3:1). Еци бӕрӕггӕнӕнтӕй 20-аг ӕноси ести фӕууидтан? Куд нӕ, удта хъӕбӕр берӕ!
Дуйнейон тугъдтитӕ
3, 4. Киристе тугъдтити туххӕй ци загъта, е 20-аг ӕноси куд исӕнхӕст ӕй?
3 Киристе ма дзурдта: «Еу адӕм исистдзӕй иннӕ адӕми нихмӕ, ӕма еу паддзахадӕ иннӕ паддзахади нихмӕ» (Матфейи 24:7). 1914-аг анзи ӕнӕгъӕнӕ дуйней райдӕдта хъӕбӕр устур тугъд. Еци тугъди сӕ кӕрӕдзей нихмӕ уойбӕрцӕ адӕм ӕма паддзахӕдтӕ куд тагъд рацӕттӕ ’нцӕ, уотӕ некӕдма адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ историктӕ еци тугъд худтонцӕ «Устур тугъд». Е зӕнхӕбӕл адтӕй фиццаг дуйнейон тугъд. Ӕфсӕддонтӕй ӕма ӕнӕуой адӕмӕй си фӕммардӕй еу-20 милиуани бӕрцӕ. Уой размӕ еунӕг тугъди дӕр уойбӕрцӕ адӕм некӕдма фӕммардӕй.
4 Фиццаг дуйнейон тугъдӕй райдӕдтонцӕ фӕстаг бӕнттӕ. Киристе загъта, зӕгъгӕ, еци хабӕрттӕ еугурӕйдӕр уодзӕнцӕ «гъезӕмӕрттӕн сӕ райдайӕн» (Матфейи 24:8). Е раст разиндтӕй, уомӕн ӕма Дуккаг дуйнейон тугъд фиццагӕй берӕ фулдӕр зиан ӕрхаста. Уоми ба фӕммардӕй еу-50 милиуан адӕймаги. 20-аг ӕноси ци тугъдтитӕ адтӕй, уони еумӕ ку райсӕн, уӕд си фӕммардӕй 100 милиуан адӕймагемӕй фулдӕр. Еци нимӕдзӕ цуппар хатти фулдӕр ӕй, уой размӕ 400 анзей дӕргъи тугъдтити цӕйбӕрцӕ адӕм фӕммардӕй, уомӕй. Ци хъӕбӕр устур тӕрегъӕд ес адӕми хецаудзийнадӕбӕл!
Ӕндӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ
5–7. Фӕстаг бӕнтти ке цӕрӕн, уомӕн ма цӕхуӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ ес?
5 Киристе ма никкидӕр дзурдта, фӕстаг бӕнттӕбӕл дзорӕг ка ӕй, еци ӕндӕр хабӕртти туххӕй дӕр: «Уодзӕй устур зӕнхинкъуститӕ, ӕма уӕд еу рауӕн, уӕд иннӕ рауӕн фӕззиндзӕй фуднезтӕ, удта адӕм уодзӕнцӕ хуӕруйнаг гъӕуагӕ» (Лукай 21:11). Аци дзурдтӕ ӕцӕгӕйдӕр ке ӕнхӕст кӕнунцӕ, е бӕрӕг ӕй, 1914-аг анзӕй ци хабӕрттӕ цӕуй, уонӕй – уӕдӕй нурмӕ гъезӕмӕрттӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ.
6 Хъӕбӕр арӕх цӕуй устур зӕнхинкъуститӕ ӕма си дуйней адӕм рамӕлуй. Незтӕ ба? Фиццаг дуйнейон тугъди фӕсте айдагъ испанки гриппӕй рамардӕй еу-20 милиуан адӕймаги, еуӕй-еу бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ ба 30 милиуани кенӕ фулдӕр. СПИД-ӕй ба рамӕлуй сӕдӕгай мин адӕм, ӕма ма, гӕнӕн ес, тагъд рӕстӕги милиуанти цард дӕр фӕххӕсса. Алли анз дӕр милиуангай адӕм рамӕлуй зӕрди незтӕй, раккӕй ӕма ӕндӕр аллихузи незтӕй. Милиуантӕ ба мӕлунцӕ стонгӕй. Куд ӕй уинӕн, уотемӕй раргомади киунуги ци цуппар бӕхгини кой цӕуй, етӕ 1914-аг анзӕй хӕссунцӕ сӕ хӕццӕ тугъдтитӕ, стонг дзамантӕ ӕма аллихузи незтӕ. Еци бӕллӕхтӕ дуйней адӕми цард исафунцӕ (Раргомадӕ 6:3–8).
7 Удта ма Киристе дзурдта, фудгъуддӕгтӕ ке исберӕ уодзӕнцӕ, ӕма абони уой уинӕн ӕгас дуйней дӕр. Е загъта: «Ӕма, фудгъуддӕгтӕ ке исарӕх уодзӕнцӕ, уой фудӕй адӕмӕн сӕ фулдӕрӕн сӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал уодзӕй» (Матфейи 24:12).
8. Абони куд ӕнхӕст кӕнуй, 2 Тимофеймӕ 3 сӕри ци пахампарадӕ финст ӕрцудӕй, е?
8 Библий ма финст ӕрцудӕй, мах рӕстӕги ӕнӕгъӕнӕ дуйнебӕл ӕгъдау ӕма ӕфсӕрми ке нӕбал уодзӕй, уой туххӕй: «Фӕстаг бӕнтти искӕндзӕй хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг. Уомӕн ӕма адӕм уодзӕнцӕ хеуарзон, ӕхцауарзагӕ, хестауагӕ, сӕрбӕрзонд, Хуцауи фаудзӕнцӕ, сувӕллӕнттӕ сӕ ниййергути коммӕ нӕ кӕсдзӕнцӕ, хуарздзийнадӕн 2 Тимофеймӕ 3:1–13). Еци пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй, уой уинӕн нӕхе цӕститӕй.
аргъ кӕнун нӕ зондзӕнцӕ, уодзӕнцӕ мӕнгард, бийнонти астӕу уарзондзийнадӕ нӕбал уодзӕй, уодзӕнцӕ зиндзурд, иннети фудкой кӕндзӕнцӕ, хебӕл хуӕцун нӕ зондзӕнцӕ, уодзӕнцӕ ӕнӕхатир, хуарздзийнадӕ нӕ уарздзӕнцӕ, кӕрӕдзебӕл гадзирахаттӕй цӕудзӕнцӕ, уодзӕнцӕ хевӕндӕ, сӕ сӕр бӕрзӕндти хӕсдзӕнцӕ, Хуцауи нӕ уарздзӕнцӕ, фал уарздзӕнцӕ ерхӕфсӕнтӕ, сӕхе уотӕ ӕвдесдзӕнцӕ, цума Хуцауӕн ковӕг адӕм ӕнцӕ, фал сӕ цардӕй ба е бӕрӕг нӕ уодзӕй... Лӕгъуз ӕма сайагӕ адӕм ба фуддӕрӕй-фуддӕр кӕндзӕнцӕ» (Еу хабар дӕр ма
9. Фӕстаг бӕнтти райдайӕни уӕлӕрвти ци хабар ӕрцудӕй?
9 20-аг ӕноси гъезӕмӕрттӕ ӕвваст ке исберӕ ’нцӕ, е ма адтӕй еу хабари туххӕй дӕр. 1914-аг анзи фӕстаг бӕнттӕ ку райдӕдтонцӕ, уӕд ӕрцудӕй, адӕми цард никки тӕссагдӕр уавӕри ка ниввардта, еу уӕхӕн хабар. Библий фӕстаг киунуги ци пахампарадӕ ес, уомӕ гӕсгӕ «уӕлӕрвти райдӕдта тугъд: Михаил [гъома Киристе, уӕларвон Паддзах] ӕма ӕ изӕдтӕ схуӕстӕнцӕ залиаг хелаги [гъома Сайтани] хӕццӕ, ӕма залиаг хелагӕ, удта ӕ изӕдтӕ хуӕстӕнцӕ сӕ хӕццӕ, фал сӕ нихмӕ фӕллӕун сӕ бон нӕ бацӕй, ӕма син уӕлӕрвти бунат нӕбал байзадӕй. Гъема устур залиаг хелагӕ, Ибилис ӕма Сайтан ка хуннуй, зӕнхӕбӕл ӕгас адӕми дӕр ка сайуй, еци рагон хелагӕ, зӕнхӕмӕ гӕлст ӕрцудӕй. Ӕ хӕццӕ гӕлст ӕрцудӕнцӕ ӕ изӕдтӕ дӕр» (Раргомадӕ 12:7–9).
10, 11. Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ зӕнхӕмӕ гӕлст ке ’рцудӕнцӕ, е зӕнхӕн цӕхуӕн бӕллӕхтӕ ӕрхаста?
10 Еци хабар адӕмбӕл куд фӕззиндтӕй? Пахампаради идарддӕр финст цӕуй: «Мадта цийнӕ кӕнтӕ, уӕлӕрвтӕ ӕма уӕлӕрвти цӕргутӕ! Мӕгурбон зӕнхӕн ӕма денгизӕн, уомӕн ӕма уӕмӕ Ибилис ниццудӕй хъӕбӕр мӕстгунӕй,– зонуй ӕй, рӕстӕг ин берӕ ке нӕбал байзадӕй!» Сайтан ӕй зонуй, ӕхецӕн дӕр ӕма ӕ къохи ка ӕй, еци дуйнейӕн дӕр сӕ кӕрон ке ӕрбахъӕртуй. Ӕма ма ин цалинмӕ рӕстӕг ес, уӕдмӕ е ’гас хъауритӕй архайуй, цӕмӕй адӕми Хуцауӕй раздаха (Раргомадӕ 12:12; 20:1–3). Ци хъӕбӕр ӕгадӕ бунатмӕ ӕрхаудтӕнцӕ Сайтан ӕма ӕ изӕдтӕ, сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст ке не ’спайда кодтонцӕ, уой туххӕй! Удта цӕйбӕрцӕ ӕверхъау хабӕрттӕ цӕуй уони туххӕй зӕнхӕбӕл, уӕлдайдӕр ба 1914-аг анзӕй!
11 Уомӕ гӕсгӕ ба дессаг дӕр нӕй, Киристе мах рӕстӕги туххӕй уотӕ ке загъта: «Уиндзӕнцӕ ӕверхъау хабӕрттӕ ӕма устур дессӕгтӕ» (Лукай 21:11).
Адӕм ӕма Сайтани хецаудзийнадӕн сӕ кӕрон ӕрхъӕрдтӕй
12. Аци дуйней исӕфти размӕ ма цӕхуӕн пахампарадӕ исӕнхӕст уодзӕй?
12 Цалинмӕ Хуцау аци дуйне нӕма фесафта, уӕдмӕ ма цал пахампаради гъӕуама исӕнхӕст уа? Еу цалдӕр. Сӕ еу финст ӕй 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:3 стихи: «Уотӕ ку дзоронцӕ: “Сабурдзийнадӕ ӕма ӕдасдзийнадӕ!”, уӕд ӕнӕнгъӕлти ӕрцӕудзӕй сӕ исӕфт». Куд ӕй уинӕн, уотемӕй дуйнейӕн ӕ кӕрон ӕрцӕудзӕй, еци дзурдтӕ «ку дзоронцӕ», уӕд. Дуйней исӕфт ӕрцӕудзӕй, адӕм ӕй ӕнгъӕл дӕр ку нӕ уонцӕ, уӕд, уомӕн ӕма сӕмӕ уодзӕй ӕдасдзийнадӕ ӕма сабурдзийнади нифс.
13, 14. Киристе цӕхуӕн бӕллӕхи кой кодта ӕма еци бӕллӕх цӕмӕй фӕууодзӕй?
13 Сайтани дуйнейӕн ма ци рӕстӕг байзадӕй, е фӕуунтӕбӕл ӕй. Тагъд ӕ кӕрон ӕрцӕудзӕй, Киристе ци бӕллӕхи кой кодта, еци бӕллӕхи рӕстӕг: «Уӕд уодзӕй, дуйне кӕдӕй фӕззиндтӕй, уӕдӕй нурмӕ ка некӕдма адтӕй, уӕхӕн устур бӕллӕх – нӕ адтӕй, ӕма уогӕ дӕр нӕбал уодзӕй» (Матфейи 24:21).
14 «Устур бӕллӕх» фӕууодзӕй Армагеддонӕй. Данели пахампарадӕмӕ гӕсгӕ, еци рӕстӕг Хуцау «ниппурх кӕндзӕй еугур еци паддзахӕдтӕ» дӕр. Уотемӕй, ӕнӕ Хуцауӕй ке фӕндуй хецауеуӕг кӕнун, еци зӕнхон хецӕуттӕн сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕй. Хуцауӕн ӕ уӕларвон Паддзахадӕ зӕнхон гъуддӕгтӕ ӕхемӕ райсдзӕй. Данел ма ӕ пахампаради ниффинста, бартӕ «ӕндӕр адӕми къохмӕ» Данел 2:44; Раргомадӕ 16:14–16).
лӕвӕрд ке некӕдбал ӕрцӕудзӕнцӕ (15. Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
15 Еци рӕстӕг Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ адӕмбӕл нӕбал ӕндавдзӕнцӕ. Хуцау сӕ рандӕ кӕндзӕй, «цӕмӕй адӕми мабал сайонцӕ» (Раргомадӕ 12:9; 20:1–3). Мӕлӕти тӕрхон син рахаста ӕма сӕ тагъд рӕстӕги фесафдзӕй. Рагъуди кӕнӕ, адӕм уӕд куд исуолӕфдзӕнцӕ!
Ка фӕййервӕздзӕй? Ка ба нӕ?
16–18. Аци дуйней кӕрон ку ’рцӕуа, уӕд ка фӕййервӕздзӕй?
16 Хуцау аци дуйнейӕн ку тӕрхон кӕна, уӕд ка фӕййервӕздзӕй? Библий куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, Хуцауи хецаудзийнади фарс ка лӕууй, етӕ гъӕуайгонд уодзӕнцӕ ӕма зӕнхӕбӕл цӕргӕ байзайдзӕнцӕ. Хуцауи хецаудзийнадӕ ке нӕ гъӕуй, етӕ ба Сайтани дуйней хӕццӕ фесӕфдзӕнцӕ.
17 Ӕмбесӕндти 2:21, 22 стихти уотӕ финст ӕй: «Растгӕнӕг адӕм [Хуцаумӕ ка игъосуй, етӕ] цӕрдзӕнцӕ зӕнхӕбӕл, ӕнӕфау ка ӕй, етӕ ибӕл байзайдзӕнцӕ. Фудгӕнгутӕ ба [Хуцаумӕ ка нӕ игъосуй, етӕ] зӕнхӕй фесӕфдзӕнцӕ, мӕнгард адӕмӕй еу дӕр нӕбал байзайдзӕй».
18 Псаломи 37:10, 11 стихти ба финст ӕй: «Еу минкъи ма, ӕма фудгӕнӕг нӕбал уодзӕй... Сабур адӕм ба зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма фарнӕй бафсӕддзӕнцӕ». Идарддӕр, Псаломи 37:29-аг стихи финст ӕй: «Растгӕнгутӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма ибӕл цӕрдзӕнцӕ ӕностӕмӕ».
19. Цӕхуӕн унаффӕмӕ гъӕуама ӕрдарӕн нӕ гъос?
19 Мах гъӕуама нӕ гъос ӕрдарӕн, Псаломи 37:34 стихи ци унаффӕ ес, уомӕ: «Дӕ нифс дарӕ Йеговӕбӕл ӕма ӕ надбӕл цо, ӕма дӕ сбӕрзонд кӕндзӕй, ӕма зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнӕ. Ӕма фудгӕнгутӕ ку исӕфонцӕ, уӕд ӕй дӕхуӕдӕг фӕууиндзӕнӕ». Псаломи 37:37 ӕма 38 стихти ба финст ӕй: «Дӕ гъос дарӕ ӕнӕфау адӕймагмӕ ӕма, рӕстзӕрдӕ ка ӕй, уомӕ лӕмбунӕг кӕсӕ, уомӕн ӕма уӕхӕн адӕймагӕн ӕ федӕн уодзӕй фӕрнӕйдзаг. Фудгъуддӕгтӕ ка кӕнуй, етӕ ба бунцагъд фӕууодзӕнцӕ, фудгӕнгутӕн сӕ федӕн фесӕфдзӕй».
20. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма дессаги рӕстӕги цӕрӕн?
20 Хуцау нӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр ке тухсуй, удта лӕгъуздзийнадӕн ӕма гъезӕмӕрттӕн тагъд кӕрон ке искӕндзӕй, е нин устур цийнӕдзийнадӕ хӕссуй. Куд ӕхцӕуӕн нин ӕй, еци дессаги хабӕрттӕ тагъд рӕстӕги ке ӕрцӕудзӕнцӕ!
[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]
[Хузӕ 20 фарсбӕл]
Библий финст ӕрцудӕнцӕ, фӕстаг бӕнттӕ цӕмӕй бӕрӕг уодзӕнцӕ, еци хабӕрттӕ
[Хузӕ 22 фарсбӕл]
Хуцаумӕ ка нӕ игъосуй, етӕ тагъд рӕстӕги Армагеддони фесӕфдзӕнцӕ. Ка имӕ игъосуй, етӕ ба зӕнхӕбӕл цӕргӕ байзайдзӕнцӕ