Хуцау адӕм нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ абони ӕмбурд кӕнуй
11 хай
Хуцау адӕм нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ абони ӕмбурд кӕнуй
1, 2. Абони цӕхуӕн пахампарадӕ ӕнхӕст кӕнуй?
ДЕССАГ ма е ӕй, ӕма абони, Сайтани дуйне исӕфтмӕ ци рӕстӕг цӕуй, еци рӕстӕг, Хуцау адӕм нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ ӕмбурд кӕнуй. Нӕхе цӕститӕй ӕй уинӕн, Хуцау сӕ куд ӕмбурд кӕнуй аллихузи адӕмихӕттитӕй. Етӕ цӕрдзӕнцӕ нӕуӕг дуйней. Еци нӕуӕг дуйне тагъд раййевдзӕй нури змӕнст дуйне. Библий, 2 Петури 3:13 стихи, еци адӕм хуннунцӕ «нӕуӕг зӕнхӕ».
2 Библий ма уӕхӕн пахампарадӕ ес: «Фӕстаг бӕнтти [мах рӕстӕги]... берӕ адӕм цӕудзӕнцӕ ӕма зӕгъдзӕнцӕ: „Рацотӕ, иссӕуӕн Йегови хонхмӕ [гъома, раст дин кӕми ес, уордӕмӕ]... Е нин ӕ нӕдтӕ байамондзӕй, ӕма мах цӕудзиан ӕ нӕдтӕбӕл“» (Исай 2:2, 3).
3. а) Исайи пахампарадӕ кӕбӕл ӕнхӕст кӕнуй? ӕ) Библий фӕстаг киунуги уой туххӕй куд финст ӕй?
3 Еци пахампарадӕ абони ӕнхӕст кӕнуй, Раргомадӕ 7:9, 14; Матфейи 24:3).
Хуцауи надбӕл ка цӕуй ӕма ин ӕ закъӕнттӕ ка ӕнхӕст кӕнуй, уонӕбӕл. Библий фӕстаг киунуги еци сабур адӕм хуннунцӕ «хъӕбӕр берӕ адӕм... еугур адӕмӕй, муггӕгтӕй, адӕмихӕттитӕй ӕма ӕвзӕгтӕй», ӕма еугурӕйдӕр еумӕйагӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ Хуцауӕн. Библи ма уотӕ зӕгъуй: «Етӕ ӕнцӕ, устур бӕллӕхи сӕрти ка рахизтӕй, еци адӕм». Куд ӕй уинӕн, уотемӕй аци цардӕвӕрдӕн ӕ кӕрон ку ӕрхъӕрта, уӕд еци адӕм фӕййервӕздзӕнцӕ (Ӕгас дуйнебӕл еудзийнадӕ ке астӕу ес, еци адӕм
4, 5. Йегови Ӕвдесӕнти астӕу еудзийнадӕ цӕй фӕрци ес?
4 Милиуангай Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕгас хъауритӕй архайунцӕ Хуцауи фӕдзӕхститӕмӕ гӕсгӕ цӕрунбӕл. Уонӕн ес федар нифс, Хуцауи нӕуӕг дуйней ӕностӕмӕ ке цӕрдзӕнцӕ, уомӕй. Сӕ цард Хуцауи закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ке аразунцӕ, уомӕй ӕвдесунцӕ, ӕ разамундмӕ ин абони дӕр ке игъосунцӕ ӕма нӕуӕг дуйней дӕр ке игъосдзӕнцӕ. Кӕд алли адӕмихаттӕй ӕнцӕ, уӕддӕр цӕрунцӕ еци еу уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ, Хуцауи Дзурди финст ка ӕрцудӕй, уонӕмӕ гӕсгӕ. Гъеуой фӕрци сӕ астӕу ес ӕцӕг еудзийнадӕ. Етӕ ӕнцӕ, Хуцау нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ ке ӕмбурд кӕнуй, еци адӕм (Исай 54:13; Матфейи 22:37, 38; Иоанни 15:9, 14).
5 Йегови Ӕвдесӕнтӕ ’й лӕдӕрунцӕ, се ’хсӕн уӕхӕн еудзийнадӕ ке ес, е сӕхе фӕрци нӕй, фал син Хуцау хъаурӕ ке дӕттуй ӕма ин ӕ закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрунцӕ, уой фӕрци (Гъуддӕгтӕ 5:29, 32; Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23). Еци гъуддаг Хуцау аразуй. Киристе куд дзурдта, уомӕ гӕсгӕ, «адӕмӕн сӕ бон ци нӕй, е Хуцауӕн ӕй ӕ бон» (Лукай 18:27). Мадта, ӕгас Дун-дуйне ка сфӕлдиста, еци Хуцауӕн зин нӕй, нӕуӕг дуйней еудзийнадӕ ке астӕу уодзӕй, еци адӕм ӕрӕмбурд кӕнун дӕр.
6. Йегови Ӕвдесӕнти астӕу ӕцӕг еудзийнӕдӕ ке ес, е дессаг цӕмӕн ӕй?
6 Йеговӕ нӕуӕг дуйней разамунд куд дӕтдзӕй, е бӕрӕг ӕй, нӕуӕг дуйней ци адӕм цӕрдзӕй, уонӕн абони разамунд куд дӕттуй, уомӕй. Абони Хуцау ӕ адӕм куд ӕмбурд кӕнуй, е дессаг ӕй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Йеговӕ е ’вдесӕнти уотӕ баеу кодта, ӕма ӕгас дуйней дӕр ӕцӕг ӕнсувӕрти цард кӕнунцӕ, кӕд аллихузи адӕмихӕттитӕй ӕнцӕ ӕма раздӕр аллихузи динтӕбӕл хуӕст адтӕнцӕ, уӕддӕр. Кӕд милиуантӕ ӕнцӕ ӕма 235 бӕстӕй фулдӕри цӕрунцӕ, уӕддӕр сӕ кӕрӕдзебӕл хъӕбӕр федар хуӕцунцӕ, куд еу бийнонтӕ, уотӕ. Кӕдӕй адӕм цӕрунцӕ, уӕдӕй уойбӕрцӕ аллихузи адӕми астӕу уӕхӕн еудзийнадӕ некӕдма адтӕй. Е мах рӕстӕги хъӕбӕр устур дессаг ӕй – ӕцӕгӕйдӕр еци гъуддаг Хуцау аразуй (Исай 43:10, 11, 21; Гъуддӕгтӕ 10:34, 35; Галатӕгтӕмӕ 3:28).
Хуцауи адӕми цӕмӕй ес базонӕн?
7. Киристе куд загъта, уотемӕй е ’цӕг фӕдбӕлдзӕугути куд ӕнгъезуй базонун?
7 Хуцау нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ цӕхуӕн адӕм ӕмбурд кӕнуй, уой ма куд ӕнгъезуй базонун? Зӕгъӕн, Йесо Иоанни 13:34, 35 стихти ци загъта, уой ка ӕнхӕст кӕнуй? Уоми финст ӕй: «Ӕз уин дӕттун нӕуӕг фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзей уарзетӕ. Ӕз уӕ куд бауарзтон, сумах дӕр уотӕ уарзетӕ уӕ кӕрӕдзей. Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕм дӕр уомӕй базондзӕнцӕ, ӕма уӕ кӕрӕдзей ку уарзайтӕ». Йегови Ӕвдесӕнтӕ Киристей дзурдтӕбӕл ӕууӕндунцӕ ӕма сӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ. Хуцауи Дзурд сӕ куд разӕнгард кӕнуй, уотӕ уарзунцӕ кӕрӕдзей (1 Петури 4:8). Сӕ астӕу ес «уарзондзийнадӕ, уомӕн ӕма уой хузӕн неци еу кӕнуй ӕма неци бӕттуй кӕрӕдзебӕл» (Колоссӕгтӕмӕ 3:14). Мадта ӕгас дуйней уойбӕрцӕ адӕми астӕу уӕхӕн еудзийнадӕ ес ӕрмӕстдӕр уарзондзийнади фӕрци.
8. Хуцауи адӕми ма куд ӕнгъезуй базонун, 1 Иоанни 3:10–12 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ?
8 Удта ма 1 Иоанни 3:10–12 финст ӕй: «Хуцауи сувӕллӕнтти ӕма Сайтани сувӕллӕнтти уомӕй ес базонӕн: раст гъуддӕгтӕ ка нӕ кӕнуй, е Хуцауӕй нӕй. Уотӕ зӕгъӕн ес, е ’нсувӕри ка нӕ уарзуй, уомӕй дӕр. Уӕ зӕрдӕбӕл даретӕ, райдайӕни ке фегъустайтӕ, еци хабар: мах гъӕуама кӕрӕдзей уарзӕн ӕма, Фидбилизӕй ка адтӕй ӕма е ’нсувӕри фудмард ка ракодта, еци Каини хузӕн ма уӕн». Уомӕ гӕсгӕ ӕгас дуйнебӕл Хуцауи адӕм фудмиутӕй сӕхе еуварс дарунцӕ.
Никкидӕр ма сӕ цӕмӕй ес базонӕн?
9, 10. а) Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ фӕстаг бӕнтти циуавӕр куст гъӕуама кӕнонцӕ? ӕ) Йегови Ӕвдесӕнтӕ Матфейи 24:14 куд ӕнхӕст кӕнунцӕ?
9 Хуцауи лӕггадгӕнгути ма ес еу цӕмӕй дӕр базонӕн. Киристе аци дуйнейӕн ӕ кӕрон куд ӕрцӕудзӕй, уой туххӕй ку дзурдта, уӕд ранимадта, фӕстаг бӕнтти ке цӕрӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, берӕ уӕхӕн хабӕрттӕ (кӕсӕ 9 хай). Сӕ еу финст ӕй Матфейи 24:14 стихи: «Хуцауи паддзахади туххӕй аци хуарз хабар игъустгонд ӕрцӕудзӕй ӕнӕгъӕнӕ дуйнебӕл дӕр, цӕмӕй ӕй ӕгас адӕм дӕр фегъосонцӕ. Ӕма гъеуӕд ӕрцӕудзӕй кӕрон».
10 Аци пахампарадӕ ӕнхӕст кӕнуй? 1914-аг анзи райдӕдтонцӕ фӕстаг бӕнттӕ ӕма Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнунцӕ Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар, Киристе син куд амудта, уотӕ (Матфейи 10:7, 12; Гъуддӕгтӕ 20:20). Милиуангай Ӕвдесӕнтӕ цӕунцӕ аллихузи адӕммӕ ӕма син дзорунцӕ нӕуӕг дуйней туххӕй. Аци брошюрӕ дӕр дӕмӕ гъеууой фӕрци ӕрбахаудтӕй, уомӕн ӕма Хуцауи Паддзахади туххӕй литературӕ тӕлмац ӕма мухур кӕнун Йегови Ӕвдесӕнти кустмӕ хауй. Хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ ка игъосун кӕнуй, уӕхӕнттӕ ма ӕндӕр еске зонис? Марки 13:10 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, цалинмӕ кӕрон нӕма ӕрхъӕрдтӕй, уӕдмӕ еугур адӕм дӕр гъӕуама фегъосонцӕ Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар.
Дзуапп дуккаг дзурддаг фарстабӕл
11. Йегови Ӕвдесӕнтӕ Хуцауи закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрунцӕ, е цӕбӕл дзорӕг ӕй?
11 Йегови Ӕвдесӕнтӕ Хуцауи закъӕнттӕмӕ ӕма уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрунцӕ, е ма еу цӕбӕлдӕр дзорӕг ӕй. Етӕ ’й сӕ цардӕй ӕвдесунцӕ, Сайтан мӕнгӕттӕ ке дзурдта, уотӕ ку загъта, зӕгъгӕ, адӕм зиндзийнӕдти Хуцаубӕл еузӕрдонӕй нӕ байзайдзӕнцӕ. Гъеуотемӕй, адӕми еузӕрдондзийнади туххӕй ци дзурддаг фарста исӕвзурстӕй, уобӕл дзуапп дӕттунцӕ (Иов 2:1–5). Милиуангай Йегови Ӕвдесӕнтӕ алли адӕмихаттӕй Хуцаубӕл еузӕрдон ӕнцӕ. Кӕд ӕнӕнхӕст ӕнцӕ ӕма сӕ Сайтан хъор кӕнуй, уӕддӕр дзурддаг фарстай Хуцауи хецаудзийнади фарс лӕуунцӕ.
12. Йегови Ӕвдесӕнтӕ фӕнзуйнагбӕл ке нимайунцӕ?
12 Абони еци милиуангай Йегови Ӕвдесӕнтӕ ес рабарӕн, Хуцауӕн раги дзамани еузӕрдонӕй ка лӕггадӕ кодта, уони хӕццӕ. Уонӕй сӕ еуетӕ адтӕнцӕ Авел, Ной, Иов, Авраам, Сарра, Исаак, Иаков, Деворӕ, Руф, Давид ӕма Данел (Дзиуиттӕгтӕмӕ, 11 сӕр). Библи сӕ хонуй «ӕвдесӕнти устур мегъӕ» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 12:1). Етӕ, удта ма Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ дӕр Хуцауӕн еузӕрдонӕй байзадӕнцӕ. Йесо ӕхуӕдӕг дӕр кӕронмӕ еузӕрдонӕй ке байзадӕй, уомӕй махӕн ӕй фӕнзуйнаг.
13. Киристе Сайтани туххӕй ци загъта, е раст цӕмӕн разиндтӕй?
13 Уомӕй бӕрӕг ӕй, Киристе дини разамонгутӕн Сайтани туххӕй ци загъта, е раст ке разиндтӕй: «Фал сумах ба мӕн, Хуцауӕй ци растдзийнадӕ фегъуста, уой уин ка дзоруй, еци адӕймаги, марунмӕ гъаветӕ... Сумахӕн уӕ фидӕ ӕй Сайтан, ӕма уӕ фӕндуй, уӕ фиди зӕрдӕ ци зӕгъуй, уой кӕнун. Е ӕхе надбӕл ку ислӕудтӕй, уӕд дӕр адтӕй лӕгмар, ӕма рӕстдзийнади надӕй рахаудтӕй, уомӕн ӕма ӕ медӕг рӕстдзийнадӕ нӕййе. Е мӕнгӕттӕ ку фӕдздзоруй, уӕд фӕдздзоруй, ци ӕй, уомӕ гӕсгӕ, уомӕн ӕма е ӕй мӕнгӕттӕ дзорӕг ӕма мӕнгӕдзийнади фидӕ» (Иоанни 8:40, 44).
Ду ци равзардзӕнӕ?
14. Абони Хуцау нӕуӕг дуйней цӕрунӕн ке ӕмбурд кӕнуй?
14 Абони Хуцау нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ ци адӕм ӕмбурд кӕнуй, етӕ фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ. Еци адӕм ӕнцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ. Алли анз дӕр сӕдӕгай мин адӕм бӕлвурд зонундзийнӕдти фӕрци сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст испайда кӕнунцӕ ӕма равзарунцӕ Хуцауи хецаудзийнадӕ. Етӕ ӕнцӕ, нӕуӕг дуйней ка цӕрдзӕй, еци адӕм. Етӕ дзурддаг фарстай Хуцауи хецаудзийнади фарс ислӕудтӕнцӕ ӕма уомӕй бавдистонцӕ, Сайтан мӕнгӕттӕ дзорӕг ке ӕй, уой.
15. Киристе абони цӕхуӕн куст кӕнуй?
15 Етӕ Хуцауи хецаудзийнадӕ ке равзурстонцӕ, Матфейи 25:31–46).
уомӕй бавдистонцӕ, уой аккаг ке ӕнцӕ, цӕмӕй, Киристе «фусти» «сӕгътӕй» ку хецӕн кӕна, уӕд ӕ «рахес фарс» ӕрлӕууонцӕ. Киристе фӕстаг бӕнтти туххӕй ку дзурдта, уӕд загъта: «Еугур адӕм дӕр ӕ рази ӕрӕмбурд уодзӕнцӕ, ӕма фиййау фусти сӕгътӕй куд рахецӕн кӕнуй, уотӕ е дӕр рахецӕн кӕндзӕй адӕми. Ӕма фусти ӕрлӕуун кӕндзӕй ӕ рахес фарс, сӕгъти ба – ӕ галеу фарс». «Фустӕ» амонунцӕ сӕрниллӕг адӕммӕ, Киристей ӕнсувӕртӕн сӕ кусти ка ӕнхус кӕнуй ӕма Хуцауи хецаудзийнади фарс ка лӕууй, уонӕмӕ. «Сӕгътӕ» ба амонунцӕ сӕрбӕрзонд адӕммӕ, Киристей ӕнсувӕрти ка нецӕмӕ даруй ӕма Хуцауи хецаудзийнади, фарс ка нӕ лӕууй, уонӕмӕ. Уонӕн сӕ хабар куд уодзӕй? Йесо загъта: «Етӕ [сӕгътӕ] ӕностӕмӕ фесӕфдзӕнцӕ, растгӕнгутӕ [фустӕ] ба ӕностӕмӕ цӕрдзӕнцӕ» (16. Цӕмӕй дзенети цӕрай, уой туххӕй дӕ ци кӕнун гъӕуй?
16 Ӕцӕгӕйдӕр, Хуцау нӕбӕл тухсуй! Хъӕбӕр тагъд рӕстӕги зӕнхӕй дзенет искӕндзӕй. Дӕу дӕр фӕндуй еци дзенети цӕрун? Кӕд о, уӕд идарддӕр дӕр архайӕ Йегови хуӕздӕр базонунбӕл ӕма, ци базонай, уомӕ гӕсгӕ дӕ цард аразӕ. «Агоретӕ Йегови, цалинмӕ ’й иссерӕн ес, уӕдмӕ. Цалинмӕ хӕстӕг ӕй, уӕдмӕ имӕ коветӕ. Фудгӕнӕг ниууадзӕд ӕ над, фудгъуддӕгтӕ ка кӕнуй, е ниууадзӕд ӕ фӕндтӕ ӕма Йеговӕмӕ раздӕхӕд, уомӕн ӕма имӕ е уодзӕй фӕлмӕнзӕрдӕ» (Исай 55:6, 7).
17. Кӕмӕн лӕггадӕ кӕндзиан, уой равзарунмӕ нин берӕ рӕстӕг цӕмӕн нӕбал ес?
17 Рӕстӕг берӕ нӕбал байзадӕй, уомӕн ӕма аци дуйнейӕн ӕ кӕрон хъӕбӕр хӕстӕг ӕй. Хуцауи Дзурд нин фӕдзӕхсуй: «Ма уарзетӕ дуйне, нӕдӕр, дуйней ци ес, уой. Дуйне ка уарзуй, е Фиди нӕ уарзуй... Дуйне дӕр фӕййевгъуйуй ӕма ӕ монцтӕ дӕр, Хуцауи фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй, е ба цӕрдзӕй ӕностӕмӕ» (1 Иоанни 2:15–17).
18. Ци кӕнун дӕ гъӕуй, цӕмӕй дин федар нифс уа Хуцауи дессаги нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ?
18 Хуцауи адӕм нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ сӕхе абони цӕттӕ кӕнунцӕ. Ахур кӕнунцӕ, зӕнхӕбӕл дзенет аразунмӕ сӕ ка багъӕудзӕй, уӕхӕн хуарз менеугутӕбӕл, удта ма берӕ ӕндӕр цӕбӕлдӕрти дӕр. Зӕрдиагӕй нӕ фӕндуй, цӕмӕй ду дӕр Хуцауи хецаудзийнади фарс ӕрлӕууай ӕма дуйнебӕл адӕми ервӕзун кӕнуни гъуддагӕн ӕнхус кӕнай. Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ Библи ахур кӕнӕ ӕма хуӕздӕр базонӕ, ӕцӕгӕйдӕр нӕбӕл ка тухсуй ӕма гъезӕмӕрттӕн кӕрон ка искӕндзӕй, еци Хуцауи. Уотемӕй ду дӕр исуодзӕнӕ, Хуцау нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ ке ӕмбурд кӕнуй, еци адӕмӕй сӕ еу. Гъеуӕд Хуцауи цӕсти растгӕнӕгбӕл нимад уодзӕнӕ ӕма федарӕй дӕ бон уодзӕй дӕ зӕрдӕ дарун, дессаги нӕуӕг дуйней ӕностӕмӕ ке цӕрдзӕнӕ, уобӕл.
[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]
[Хузӕ 31 фарсбӕл]
Ӕгас дуйнебӕл Йегови Ӕвдесӕнти астӕу ес ӕцӕг еудзийнадӕ
[Хузӕ 32 фарсбӕл]
Хуцау адӕм нӕуӕг дуйней цӕрунмӕ абони ӕмбурд кӕнуй