Хуцау гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзуй
6 хай
Хуцау гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзуй
1, 2. Хуцау Адам ӕма Евӕн ци дессаги цард равардта, уой куд фехалдтонцӕ?
ГЪУДДАГ иннердӕмӕ цӕмӕн рауадӕй? Хуцау Адам ӕма Евӕн ци дессаги цард равардта, е цӕй туххӕй фехалдӕй? Дзенети бӕсти зӕнхӕбӕл мингай ӕнзти лӕгъуздзийнадӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ес?
2 Адам ӕма Евӕ сӕ сӕребарӕдзийнадӕй раст ке не ’спайда кодтонцӕ, уой туххӕй рауадӕй уотӕ. Се ’скондмӕ гӕсгӕ ӕнӕ Хуцауӕй ӕма ӕнӕ ӕ закъӕнттӕй сӕ бон цӕрун ке нӕ исуодзӕй, уой нецӕмӕ ӕрдардтонцӕ. Уотӕ сӕмӕ кастӕй, ӕма Хуцауи закъӕнтти сӕрти ку рахезонцӕ, уӕд сӕ цард фӕххуӕздӕр уодзӕй (Райдайӕн, 3 сӕр).
Хуцау Дун-дуйней Хецау ке ӕй, е дзурддаг иссӕй
3–5. Хуцау Адам ӕма Еви цӕмӕннӕ фесафта ӕма син сӕ бӕсти ӕндӕр адӕм цӕмӕннӕ ’скодта?
3 Хуцау Адам ӕма Еви еци фӕдбӕл цӕмӕннӕ фесафта ӕма сӕ бӕсти ӕндӕр адӕм цӕмӕннӕ ’скодта? Уомӕн ӕма дзурддаг иссӕй, ӕрмӕстдӕр Хуцау ке ӕй Дун-дуйней
хецау, гъома ӕрмӕстдӕр уомӕн ке ес хецауеуӕг кӕнуни барӕ.4 Ӕндӕр загъдӕй, исӕвзурдӕй уӕхӕн фарста: хецауеуӕг кӕнуни барӕ кӕмӕн ес ӕма ке разамунд ӕй тӕккӕ хуӕздӕр? Хуцау гъомусгин ке ӕй ӕма алцидӕр ке сфӕлдиста, уомӕ гӕсгӕ ин ес хецауеуӕг кӕнуни барӕ. Хуцау ӕй устур зунди хецау, ӕма ӕ разамунд дӕр ӕй тӕккӕ хуӕздӕр. Фал ӕ хецаудзийнадӕ дзурддаг иссӕй. Исӕвзурстӕй ма еу фарста дӕр: цума Хуцауи исконд адӕймагмӕ ести гъӕндзийнадӕ разиндтӕй? Фӕстӕдӕр ӕркӕсдзиан, адӕймаги еузӕрдондзийнадӕ аци фарстамӕ куд хауй, уомӕ.
5 Адӕм Хуцауӕй ке раеуварс ӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ ма фӕззиндтӕй еу фарста: ӕнӕ Хуцауӕй адӕми цард хуӕздӕр уодзӕй ӕви нӕ? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Хуцау еци фарстатӕн дзуапп зудта, фал ӕй цӕмӕй адӕм дӕр балӕдӕронцӕ, уой туххӕй ба син гъудӕй раттун, ци ӕнӕкӕрон сӕребарӕдзийнадӕ агурдтонцӕ, уой. Еци над сӕхуӕдтӕ равзурстонцӕ ӕма сӕ Хуцау дӕр сӕхе барӕ бауагъта.
6, 7. Хуцау адӕми уойбӕрцӕ рӕстӕг сӕхе барӕ цӕмӕн уадзуй?
6 Хуцау адӕмӕн фагӕ рӕстӕг равардта, цӕмӕй сӕ сӕребарӕдзийнадӕй аллихузи дӕр испайда кӕнонцӕ, ӕма исбӕрӕг уа, Хуцауи разамундмӕ гӕсгӕ цӕрун хуӕздӕр ӕй ӕви, сӕхе барӕ ку уонцӕ, уӕд. Фагӕ рӕстӕг син лӕвӕрд ӕрцудӕй, цӕмӕй аллихузи хецаудзийнӕдтӕ бавзаронцӕ, удта науки, индустрии ӕма медецини гъуддӕгти се ’нтӕстдзийнӕдтӕ бавдесонцӕ.
7 Уомӕ гӕсгӕ Хуцау адӕмӕн барӕ равардта, цӕмӕй абони уӕнгӕ дӕр сӕхуӕдтӕ хецауеуӕг кӕнонцӕ ӕма уотемӕй кӕронмӕ исбӕлвурд уа, ӕнӕ Хуцауӕй адӕмӕн сӕ бон ке нӕй ӕнтӕстгунӕй хецауеуӕг кӕнун. Адӕймаг ӕхуӕдӕг ӕвзаруй, хӕларзӕрдӕ уодзӕй ӕви дорзӕрдӕ, адӕми уарздзӕй ави си ӕ исӕфт уиндзӕй, раст гъуддӕгтӕ кӕндзӕй ӕви ӕнӕраст. Фал адӕймаг ци байтауй, кӕрдгӕ дӕр уой ӕркӕнуй: хуарздзийнадӕ ӕма фарнӕ кенӕ лӕгъуздзийнадӕ ӕма гъезӕмарӕ.
Изӕдтӕ рацудӕнцӕ Хуцауи нихмӕ
8, 9. а) Тӕккӕ фиццаг Хуцауи хецаудзийнади нихмӕ ка рацудӕй, удта цӕмӕн? ӕ) Сайтан Хуцауи нихмӕ, Адам ӕма Евӕй уӕлдай, ке рацӕун кодта?
8 Еу гъуддагмӕ дӕр ма ӕркӕсӕн. Хуцауи хецаудзийнади нихмӕ айдагъ Адам ӕма Евӕ нӕ рацудӕнцӕ. Мадта ма ка цардӕй еци рӕстӕги? Хуцау адӕми разӕй уӕлӕрвти сфӕлдиста берӕ изӕдтӕ. Уонӕн дӕр лӕвӕрд адтӕй сӕребарӕдзийнадӕ ӕма уони бон дӕр нӕй ӕнӕ Хуцауи разамундӕй цӕрун (Иов 38:7; Псалом 104:4; Раргомадӕ 5:11).
9 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ тӕккӕ фиццаг Хуцауи хецаудзийнади нихмӕ рацудӕнцӕ уӕлӕрвти. Еу изӕди бафӕндадтӕй, цӕмӕй Хуцауи разамундӕй иссӕребарӕ уа. Удта ма ’й бафӕндадтӕй, цӕмӕй ин адӕм ковонцӕ (Матфейи 4:8, 9). Еци изӕд Адам ӕма Еви искодта Хуцауи нихмӕ, хуарзӕй уи цидӕр римӕхсуй, зӕгъгӕ (Райдайӕн 3:1–5). Гъеууой туххӕй ӕй хонунцӕ Ибилис (мӕнгӕттӕ дзорӕг) ӕма Сайтан (нихмӕлӕууӕг). Фӕстӕдӕр ба ма берӕ изӕдти дӕр Хуцауи нихмӕ ’скодта. Етӕ иссӕнцӕ лӕгъуз изӕдтӕ (Дуккаг закъон 32:17; Раргомадӕ 12:9; 16:14).
10. Адӕм ӕма изӕдтӕ Хуцауи нихмӕ ке рацудӕнцӕ, е цӕмӕ ’ркодта?
10 Адӕм Хуцауи нихмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд сӕхе Сайтан ӕма лӕгъуз изӕдти барӕ бакодтонцӕ. Гъеууой туххӕй Библи Сайтани хонуй «аци цардӕвӕрди хуцау», ӕцӕг Хуцаубӕл ка не ууӕндуй, уони зунд ка бахъӕрӕу кодта, е. Уомӕ гӕсгӕ Хуцауи Дзурди финст ес: «Ӕгас дуйне... ӕй Фидбилизи къохи». Киристе дӕр Сайтани ’схудта «аци дуйней хецау» (2 Коринфӕгтӕмӕ 4:4; 1 Иоанни 5:19; Иоанни 12:31).
Дууӕ дзурддаг фарстай
11. Сайтан ма цӕхуӕн дзурддаг фарста рахаста Хуцауи нихмӕ?
11 Сайтан ма Хуцауи нихмӕ еу дзурддаг фарста рахаста, зӕгъгӕ, адӕми раст не сфӕлдистай ӕма дин еунӕг адӕймаг дӕр фӕлварӕнти еузӕрдонӕй нӕ байзайдзӕй. Уотӕ зӕгъун ӕй фӕндадтӕй, ӕма адӕймаг фӕлварӕнти бахаугӕй Хуцауи дӕр ралгъетдзӕй (Иов 2:1–5). Уотемӕй Сайтан адӕми еузӕрдондзийнадӕ исдзурддаг кодта.
12–14. Сайтан ци дууӕ гъуддаги исдзурддаг кодта, уонӕбӕл рӕстӕг дзуапп куд равардта?
12 Уомӕ гӕсгӕ Хуцау фагӕ рӕстӕг равардта, цӕмӕй адӕм дӕр ӕма изӕдтӕ дӕр сӕхуӕдтӕ фӕууинонцӕ, еци фарста, удта ма Хуцауи хецаудзийнади туххӕй ци фарста исӕвзурдӕй, е дӕр куд ниллух уодзӕй, уой. (Рабарӕ Рацуд 9:16.) Еци дууӕ дзурддаг фарстайӕн дзуапп рабӕрӕг ӕй, адӕм ӕности дӕргъи куд цардӕнцӕ, уомӕй.
13 Рӕстӕг ци бавдиста, Хуцауӕн хецауеуӕг кӕнуни барӕ ес ӕви нӕ, уой туххӕй? Адӕми хецаудзийнадӕ Хуцауи хецаудзийнадӕй хуӕздӕр разиндтӕй? Цума зӕнхон хецауӕдтӕн бантӕстӕй, зӕнхӕбӕл тугъд, фудмиуӕ ӕма ӕнӕрастдзийнадӕ кӕми нӕ уа, уӕхӕн сабур ӕма амондгун цард искӕнун? Еске мӕгурдзийнадӕн кӕрон искодта, адӕм куд маци гъӕуагӕ уонцӕ, уотӕ? Адӕм незтӕй, зӕронд кӕнунӕй ӕма мӕлӕтӕй иссӕребарӕ ’нцӕ? Уӕхӕн цард ӕрмӕстдӕр искодтайдӕ Хуцауи хецаудзийнадӕ (Райдайӕн 1:26–31).
14 Дуккаг дзурддаг фарстай туххӕй ба рӕстӕг ци бавдиста? Адӕймаг раст конд ӕрцудӕй ӕви Хуцау рӕдуд ескӕми бауагъта? Фӕлварӕнти еске Хуцауӕн еузӕрдонӕй байзайдзӕй? Ескӕци адӕмихатт бавдиста, зӕнхон хецаудзийнади размӕ сӕ Хуцауи хецаудзийнадӕ ке гъӕуй?
[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]
[Хузӕ 13 фарсбӕл]
Хуцау адӕмӕн рӕстӕг равардта, цӕмӕй се ’нтӕстдзийнӕдтӕ бавдесонцӕ
[Барлӕвӕрдӕй]
Shuttle: Based on NASA photo