Хуцау искӕндзӕй дессаги нӕуӕг дуйне
10 хай
Хуцау искӕндзӕй дессаги нӕуӕг дуйне
1, 2. Цӕхуӕн рӕстӕг ӕрлӕудзӕй, Армагеддони фӕсте зӕнхӕ лӕгъуздзийнадӕй ку исуӕгъдӕ уа, уӕд?
ХУЦАУИ тугъд Армагеддони фӕсте, зӕнхӕ лӕгъуздзийнадӕй ку исуӕгъдӕ уа, уӕд, цӕхуӕн рӕстӕг ӕрлӕудзӕй? Райдайдзӕй дессаги рӕсугъд цард! Хуцауӕн еузӕрдонӕй ка байзайа ӕма Армагеддони сӕрти ка рахеза, етӕ цӕрдзӕнцӕ нӕуӕг дуйней. Ци дессаги рӕстӕг ралӕудзӕй, Хуцау ӕ адӕмбӕл арфӕдзийнӕдтӕ ку ӕруадза, уӕд!
2 Зӕнхӕбӕл цӕргӕ ка байзайа, етӕ Хуцауи уӕларвон Паддзахади разамунди фӕрци зӕнхӕй дзенет кӕнун райдайдзӕнцӕ. Се ’гас хъауритӕй архайдзӕнцӕ иннети пайдайӕн. Уотемӕй зӕнхӕ рӕсугъддӕргӕнгӕ цӕудзӕй ӕма исуодзӕй, фарнӕ ӕма уодӕнцойнӕ ка хӕссуй, уӕхӕн цӕрӕн бунат.
Лӕгъуздзийнадӕ рӕстдзийнадӕй ӕййивд ӕрцӕудзӕй
3. Армагеддони фӕсте адӕм цӕмӕй исуӕгъдӕ уодзӕнцӕ?
3 Уӕхӕн цард адӕмӕн уодзӕй, Хуцау Сайтани дуйне ке фесафдзӕй, уой фӕрци. Нӕбал уодзӕй, адӕми ка змӕнтуй, еци мӕнгӕ динтӕ ӕма хецауӕдтӕ. Сайтани гъуддӕгтӕй нецибал байзайдзӕй, удта ӕ зундбӕл ка цӕуй, етӕ дӕр фесӕфдзӕнцӕ. Расагъӕс кӕнӕ, адӕм куд исуолӕфдзӕнцӕ Сайтани гъуддӕгтӕй ӕппундӕр ку нецибал байзайа, уӕд!
4. Радзорӕ, федӕни цӕхуӕн ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцӕудзӕй, уой.
4 Уӕд зӕнхон хецӕуттӕ адӕми зунд нӕбал дзӕгъӕл кӕндзӕнцӕ, фал, Библий куд финст ӕй уотӕ сӕ «еугурей дӕр ахур кӕндзӕй Йеговӕ» (Исай 54:13). Ӕма ӕнзтӕ куд цӕуонцӕ, уотемӕй еци ахури фӕрци «зӕнхӕ байдзаг уодзӕй зонундзийнӕдтӕй Йегови туххӕй, денгиз донӕй куд идзаг ӕй, уотӕ» (Исай 11:9). Адӕм лӕгъуз гъуддӕгтӕбӕл нӕбал ахур кӕндзӕнцӕ, уомӕн ӕма «уӕд зӕнхи цӕргутӕ исахур уодзӕнцӕ рӕстдзийнадӕбӕл» (Исай 26:9). Ӕма еци ахури фӕрци адӕмӕн сӕ гъудитӕ ӕма сӕ гъуддӕгтӕ уодзӕнцӕ раст ӕма кӕдзос (Гъуддӕгтӕ 17:31; Филиппӕгтӕмӕ 4:8).
5. Лӕгъуз адӕмӕн ӕма лӕгъуздзийнадӕн кӕрон цӕмӕн ӕрцӕудзӕй?
5 Гъеуотемӕй нӕбал уодзӕй лӕгмартӕ, тухмиуӕгӕнгутӕ, давгутӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн фудгӕнгутӕ. Ӕмбесӕндти 10:30 стихи уотӕ финст ӕй: «Растгӕнӕг ӕностӕмӕ нӕ фӕккеудзӕй, фудгӕнгутӕ ба зӕнхӕбӕл нӕ байзайдзӕнцӕ».
Нӕуӕгӕй ӕнӕнез цард
6, 7. а) Хуцауи Паддзахадӕ цӕмӕн искӕндзӕй кӕрон? ӕ) Киристе уой куд бавдиста, зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд?
6 Адам ӕма Евӕ Хуцауи нихмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕд уомӕй адӕмӕн ци зиан ӕрхастонцӕ, уой Хуцауи Паддзахадӕ нӕуӕг дуйней фӕстӕмӕ исраст кӕндзӕй. Зӕгъӕн, адӕм сӕйгӕ ӕма зӕронд нӕбал кӕндзӕнцӕ. Кӕд нӕ нур нециуавӕр нез тухсун кӕнуй, уӕддӕр
ӕй алке дӕр зонуй: ӕнзтӕ куд цӕунцӕ, уотӕ адӕймагӕн ӕ цӕститӕ лӕгъуздӕр уинун райдайунцӕ, гъостӕ дзӕбӕх нӕбал фегъосунцӕ, дӕндӕгтӕ нигъзӕлунцӕ, бауӕр нимпулуй, ӕ хурфидзаумӕуттӕ хуарз нӕбал фӕккосунцӕ, фӕстагмӕ ба адӕймаг рамӕлуй.7 Фиццаг дууӕ адӕймагей фудӕй ци гъезӕмӕрттӕ бавзурстан, етӕ тагъд рӕстӕги нӕбал уодзӕнцӕ. Гъуди ’й кӕнис, Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд адӕми куд дзӕбӕх кодта? Библи зӕгъуй: «Ӕма имӕ уордӕмӕ хъӕбӕр берӕ адӕм ӕмбурд кӕнун райдӕдта. Сӕ хӕццӕ ӕрбакӕниуонцӕ къулухти, сахъатгунти, хъӕрӕути, къуӕттити ӕма берӕ ӕндӕр алли хузи адӕми, ӕ къӕхти размӕ ин сӕ ӕвардтонцӕ, ӕма сӕ исдзӕбӕх кӕнидӕ. Адӕм уой ку фӕууидтонцӕ, ӕма къуӕттитӕ дзорунцӕ, къулухтӕ цӕунцӕ ӕма хъӕрӕутӕ цӕстӕй уинунцӕ, уӕд дес кодтонцӕ» (Матфейи 15:30, 31).
8, 9. Радзорӕ, адӕм куд амондгун уодзӕнцӕ, нӕуӕг дуйней алцӕмӕй ӕнхӕст ӕма ӕнӕнез ку уонцӕ, уӕд.
8 Ци хъӕбӕр амондгун цард нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй нӕуӕг дуйней, нӕ еугур незтӕй дӕр ку исуӕгъдӕ уӕн, уӕд! Еунӕг нез дӕр нӕ некӕдбал батухсун кӕндзӕй. «Ӕма уоми цӕрӕг адӕмӕй еу дӕр нӕбал зӕгъдзӕй: „Ӕз сӕйгӕ дӕн“». «Уӕд хъӕрӕутӕ цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ ӕма къурути гъостӕ райгон уодзӕнцӕ. Уӕд, къулух ка ӕй, е сагау ледздзӕй ӕма къуӕттити ӕвзаг фурцийнӕй гъӕр кӕндзӕй» (Исай 33:24; 35:5, 6).
9 Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, алли сӕумӕ дӕр исистис ӕма ’й лӕдӕрис, де ’нӕнездзийнадӕ федарӕй-федардӕр кӕнуй. Уӕд дӕ зӕрдӕ цийнӕй нӕ байдзаг уодзӕй? Кенӕ, ка ӕрзӕронд ӕй, уонӕмӕ бонӕй-бонмӕ се ’ригон бонти хъаурӕ ку ’здӕха, фӕстагмӕ ба алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст ку исуонцӕ, райдайӕни Адам ӕма Ева куд адтӕнцӕ, уотӕ, уӕд ма сӕ цийнӕн кӕрон уодзӕй? Библий уӕхӕн зӕрдӕвӕрд ес: «Уадзӕ ма ӕ бауӕр, ӕригонӕй куд адтӕй, уомӕй нӕуӕгдӕр исуӕд, уадзӕ ма е ’ригон бонтӕмӕ раздӕхӕд» (Иов 33:25). Ци ӕхцӕуӕн нин уодзӕй рагӕлдзун кӕсӕн цӕститӕ, игъосӕн аппараттӕ, лӕдзгутӕ ӕма хуастӕ! Дохтиртӕ ӕма сӕйгӕдӕнттӕ некӕдбал багъӕудзӕнцӕ.
10. Мӕлӕт ци фӕууодзӕй?
10 Ӕнӕнез уогӕй адӕймаги мӕлун дӕр некӕд ӕрфӕнддзӕй. Уогӕ мӕлгӕ дӕр некебал кӕндзӕй, уомӕн ӕма нӕ тоги ци тӕрегъӕд ӕма мӕлӕт рахастан, уой дӕлбарӕ нӕбал уодзиан. «Киристе паддзах уодзӕй, цалинмӕ ин Хуцау е знӕгти се ’гасей дӕр ӕ къӕхти буни не ’ривӕра, уӕдмӕ. Исӕфт ӕрцӕудзӕй фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт». «О, Хуцау ци лӕвар дӕттуй, е ба ӕй ӕносон цард» (1 Коринфӕгтӕмӕ 15:25, 26; Ромӕгтӕмӕ 6:23; кӕсӕ ма Исай 25:8).
11. Хуцау адӕми цӕхуӕн арфӕдзийнӕдттӕй исхайгин кӕндзӕй?
11 Уарзӕгой Хуцау адӕми нӕуӕг дуйней ци дессаги арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй, уой туххӕй Библий фӕстаг киунуги финст ӕй: «Ӕма син [Хуцау] ниссӕрфдзӕй сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист. Раздӕр ци адтӕй, е фӕййевгъудӕй» (Раргомадӕ 21:3, 4).
Ка рамардӕй, етӕ райгас уодзӕнцӕ
12. Киристе куд бавдиста, Хуцау ин адӕм игас кӕнунмӕ хъаурӕ ке равардта, уой?
12 Киристе ма сӕйгити дзӕбӕх кӕнунӕй уӕлдай берӕ ӕндӕр дессӕгтӕ кодта. Ка рамӕлидӕ, уони цардмӕ раздахидӕ. Уомӕй Марки 5:41, 42; кӕсӕ ма Лукай 7:11–16; Иоанни 11:1–45).
бавдиста, Хуцау ин адӕм игас кӕнунмӕ хъаурӕ ке равардта. Гъуди ӕй кӕнис, Йесо, ӕ кизгӕ кӕмӕн рамардӕй, еци лӕги хӕдзарӕмӕ ку ӕрбацудӕй? Киристе, ка рамардӕй, еци кизгӕмӕ исдзурдта: «Кизгӕ, дзорун дӕмӕ, исистӕ!» Ӕма уой фӕсте хабар куд рауадӕй? «Кизгӕ уайтагъд фестадӕй ӕма цӕун райдӕдта». Уой ка фӕууидта, еци адӕм «фурцийнӕй ци кодтайуонцӕ, уой нӕбал зудтонцӕ» (13. Цӕхуӕн адӕм райгас уодзӕнцӕ?
13 Нӕуӕг дуйней «райгас уодзӕнцӕ растгӕнгутӕ дӕр ӕма фудгӕнгутӕ дӕр» (Гъуддӕгтӕ 24:15). Еци рӕстӕг Киристе, Хуцау ин ци хъаурӕ дӕттуй, уой фӕрци райдайдзӕй мӕрдти игас кӕнун. Ӕхуӕдӕг еу хатт уотӕ загъта: «Ӕз дӕн райгасдзийнадӕ ӕма цард. Мӕнбӕл ка ӕууӕндуй, е ку рамӕла, уӕддӕр райгас уодзӕй» (Иоанни 11:25). Удта ма уотӕ дӕр дзурдта: «Ӕрцӕуй еци рӕстӕг, ӕма, ингӕнти [Хуцауи гъудий] кадӕриддӕр ес, етӕ ин [гъома Киристейӕн] фегъосдзӕнцӕ ӕ гъӕлӕс, ӕма рацӕудзӕнцӕ» (Иоанни 5:28, 29).
14. Мӕлӕт ке нӕбал уодзӕй, е ма цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй?
14 Адӕми цийнӕн кӕрон дӕр нӕ уодзӕй, хеуӕнттӕй син ка рамардӕй, етӕ сӕмӕ фӕстӕмӕ ку здӕхонцӕ, уӕд! Гъӕргӕнӕг некебал хӕтдзӕй, фал нӕмӕ игъусдзӕй айдагъдӕр, кадӕр ке райгас ӕй, уӕхӕн хуарз хабӕрттӕ. Некӕдбал уодзӕй еунӕг зиангун хӕдзарӕ дӕр ӕма уӕлмӕрдтӕ дӕр!
Ӕцӕг фарнӕ кӕми уодзӕй, уӕхӕн дуйне
15. Михейи пахампарадӕ куд исӕнхӕст уодзӕй?
15 Адӕмӕн тӕссаг нецӕмӕйбал уодзӕй. Тохӕндзаумӕттӕн ӕма тугъдтитӕн сӕ кой дӕр нӕбал уодзӕй. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма фесӕфдзӕнцӕ, еу адӕмихатт иннӕ адӕмихатти нихмӕ ка искӕнуй ӕма ӕрмӕстдӕр ӕхе сагъӕс ка кӕнуй, еци хецауӕдти фӕндтӕ. Гъеуӕд ӕцӕгӕйдӕр уодзӕй зӕгъӕн: «Еу адӕм иннӕ адӕммӕ хъӕма нӕбал исесдзӕй ӕма тохунбӕл дӕр нӕбал ахур кӕндзӕнцӕ» (Михей 4:3).
16. Хуцау тугъдтитӕн кӕрон куд искӕндзӕй?
16 Гӕнӕн ес, ӕма нӕмӕ е дессаг фӕккӕса, уомӕн ӕма кӕдӕй адӕм цӕрунцӕ, уӕдӕй тугъдтитӕ алкӕддӕр адтӕй. Уӕхӕн хабӕрттӕ дуйней абони уӕнгӕ цӕуй, зӕнхӕ Сайтан ӕма хецауӕдти бӕрагӕ ке ӕй, уой туххӕй. Нӕуӕг дуйней ба зӕнхӕ Хуцауи Паддзахади Псалом 46:8, 9).
дӕлбарӕ ку исуа, уӕд исӕнхӕст уодзӕнцӕ мӕнӕ аци дзурдтӕ: «Ӕрцотӕ ӕма фӕууинетӕ Йегови гъуддӕгтӕ, фӕууинетӕ, зӕнхӕбӕл ци дессӕгтӕ аразуй, уой. Зӕнхи кӕрӕнтти уӕнгӕ уорамуй тугъдтитӕ. Сӕттуй саздахътӕ, дууӕ дехи кӕнуй арцитӕ ӕма тохӕн уӕрдунтӕ содзуй» (17, 18. Нӕуӕг дуйней сирдтӕ ӕма адӕм куд цӕрдзӕнцӕ?
17 Адӕмӕн сирдтӕй тӕссаг нӕбал уодзӕй, Едеми дзӕхӕрадони куд адтӕй, уотӕ (Райдайӕн 1:28; 2:19). Хуцау зӕгъуй: «Еци бон ӕз мӕ адӕми туххӕй бадзурд искӕндзӕн гъӕддаг сирдти хӕццӕ, уӕларвон мӕргъти хӕццӕ ӕма, зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр хелгутӕ ес, уони хӕццӕ... ӕма адӕм сӕхецӕн ӕдасӕй цӕрдзӕнцӕ» (Оси 2:18).
18 Цӕйбӕрцӕбӕл сабур уодзӕй цард? «Берӕгъ ӕма уӕриккӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уодзӕнцӕ еумӕ, фӕранк хусдзӕй дӕркъи фарсмӕ. Уӕс, ӕвзонг домбай ӕма хуӕрзхаст фонс уодзӕнцӕ еумӕ ӕма сӕ минкъий биццеу рахонӕ-бахонӕ кӕндзӕй». Адӕм ӕма сирдтӕн сӕ кӕрӕдземӕй тассаг некӕдбал уодзӕй. Сауӕнгӕ ма «домбай дӕр гали хузӕн хуӕрдзӕй гъӕмпӕ» (Исай 11:6–9; 65:25).
Зӕнхӕ исуодзӕй дзенет
19. Зӕнхӕ цӕхуӕн исуодзӕй?
19 Ӕгас зӕнхӕ дӕр исуодзӕй дзенет ӕма си адӕм цӕрдзӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ Киристе дӕр, еу нӕлгоймаг ибӕл ку баууӕндтӕй, уӕд ин зӕрдӕ байвардта: «Уодзӕнӕ мӕ хӕццӕ дзенети». Библи уотӕ зӕгъуй: «Ӕдзӕрӕг будур ӕма ӕнӕдон бӕстӕ фурцийнӕй зардзӕнцӕ, сор бӕстӕ цийнӕ кӕндзӕй ӕма шафрани хузӕн дидинӕг калдзӕй... Ӕдзӕрӕг будури рагулф кӕндзӕнцӕ сауӕдӕнттӕ, сор бӕсти – цӕугӕдӕнттӕ» (Лукай 23:43; Исай 35:1, 6).
20. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма адӕм хуӕруйнаг гъӕуагӕ нӕбал уодзӕнцӕ?
20 Зӕнхӕ Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ ке уодзӕй, уой фӕрци милиуангай адӕм хуӕруйнаг гъӕуагӕ нӕбал уодзӕнцӕ. «Зӕнхӕбӕл хуар уодзӕй фӕндон, хуӕнхти цъоппитӕбӕл Псалом 72:16; Йезекил 34:27).
зӕу-зӕу кӕндзӕй... ӕма будурон бӕласӕ ӕрхӕсдзӕй рӕзӕ, зӕнхӕ ратдзӕй тиллӕг, ӕма етӕ сӕ зӕнхӕбӕл цӕрдзӕнцӕ ӕдасӕй» (21. Мӕгурдзийнадӕ ӕма, фудракӕндтӕ арӕх кӕми цӕуй, уӕхӕн рауӕнтӕ ци фӕууодзӕнцӕ?
21 Уоми нӕбал уодзӕй мӕгур ӕма ӕнӕхӕдзарӕ адӕм, удта фудракӕндтӕ арӕх кӕми цӕуй, уӕхӕн рауӕнтӕ дӕр. «Адӕм хӕдзӕрттӕ кӕндзӕнцӕ ӕма си цӕрдзӕнцӕ, садздзӕнцӕ сӕнӕфсердӕнттӕ ӕма син сӕ рӕзӕ хуӕрдзӕнцӕ. Уотӕ нӕ уодзӕй, цӕмӕй хӕдзарӕ исаразонцӕ, ӕма си ӕндӕр еске цӕра, сӕнӕфсердонӕ искӕнонцӕ, ӕма ин ӕ рӕзӕ ӕндӕр еске хуӕра». «Алкедӕр си баддзӕй ӕ сӕнӕфсери буни ӕма ӕ легъонбӕласи буни, ӕма син тӕссаг некӕмӕй уодзӕй» (Исай 65:21, 22; Михей 4:4).
22. Хуцауи Паддзахадӕ ци арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй, уой туххӕй Библий ци финст ес?
22 Аци арфӕдзийнӕдтӕй ӕма ма берӕ ӕндӕртӕй дӕр адӕм исхайгин уодзӕнцӕ дзенети. Псаломи 145:16 уотӕ финст ес: «Дӕ къох райгон кӕнис ӕма алкӕмӕн дӕр раттис, ӕ зӕрдӕ ци зӕгъуй, уой». Уомӕ гӕсгӕ Хуцау зӕрдӕ ӕвӕруй: «Сабур адӕм ба зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма фарнӕй бафсӕддзӕнцӕ... Растгӕнгутӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма ибӕл цӕрдзӕнцӕ ӕностӕмӕ» (Псалом 37:11, 29).
Раздӕр ци адтӕй, е фӕййевгъуйдзӕй
23. Хуцауи Паддзахадӕ адӕми гъезӕмӕрттӕй куд исуӕгъдӕ кӕндзӕй?
23 Хуцауи Паддзахадӕ адӕми исуӕгъдӕ кӕндзӕй, ӕхсӕз мин анзей дӕргъи сӕбӕл цидӕриддӕр зиан ӕрцудӕй, уомӕй. Уӕд адӕми цийнӕн кӕрон нӕбал уодзӕй ӕма, раздӕр ци гъезӕмӕрттӕ бавзурстонцӕ, етӕ сӕ зӕрдӕбӕл некӕдбал ӕрлӕудзӕнцӕ. Адӕмӕн алли бон дӕр сӕ гъудитӕ хуарз естӕбӕл ке уодзӕнцӕ, удта хуарз гъуддӕгтӕ ке кӕндзӕнцӕ, уой фӕрци сабургай сӕ зӕрди рист иссӕудзӕй.
24, 25. а) Исайи пахампарадӕмӕ гӕсгӕ гъӕуама ци ӕрцӕуа? ӕ) Цӕмӕн ӕй нӕ бон федарӕй зӕгъун, ӕма раздӕр ци гъезӕмӕрттӕ бавзурстан, етӕ нӕ зӕрди къуми ке нӕбал ӕрӕфтуйдзӕнцӕ?
24 Нӕ уарзӕгой Фидӕ нин зӕгъуй: «Ӕз аразун нӕуӕг арв [гъома уӕларвон хецауадӕ Исай 14:7; 65:17, 18).
адӕми сӕргъи] ӕма нӕуӕг зӕнхӕ [гъома Хуцауи разамундмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, еци адӕм]. Ӕма, раздӕр ци адтӕй, уони гъуди дӕр некебал ӕркӕндзӕй ӕма зӕрди дӕр нӕбал байзайдзӕнцӕ. Цийнӕ кӕнтӕ, уӕ зӕрдӕ ӕностӕмӕ игъӕлдзӕг уӕд, ци аразун, уой туххӕй». «Ӕгас зӕнхӕ дӕр исуолӕфтӕй, ӕрсабур ӕй. Адӕм цийнӕ кӕнунцӕ, фурцийнӕй гъӕр кӕнунцӕ» (25 Хуцау ӕ Паддзахади фӕрци раййевдзӕй, зӕнхӕбӕл уойбӕрцӕ рӕстӕг ци лӕгъуз уавӕртӕ адтӕй, уони. Ӕцӕгӕйдӕр нӕбӕл ке тухсуй, уой нин бавдесдзӕй, ӕнӕгъӕнӕ ӕности дӕргъи нин ци арфӕдзийнӕдтӕ дӕтдзӕй, уомӕй. Ӕма раздӕр ци гъезӕмӕрттӕ бавзурстан, етӕ нӕ зӕрди къуми некӕдбал ӕрӕфтуйдзӕнцӕ.
26. Хуцау нин фагӕй фулдӕр хуарздзийнӕдтӕ цӕмӕн искӕндзӕй?
26 Гъеуотемӕй, аци царди ци гъезӕмӕрттӕ бавзурстан, уони нин Хуцау, фагӕй фулдӕр хуарздзийнӕдтӕй бафеддзӕй. Зонуй ӕй, ӕнӕнхӕст ке ан, е нӕхе фуд нӕй – тӕрегъӕд нӕ тоги рахастан. Сайтани дуйней ке райгурдан, уоми дӕр мах неци фудгин ан. Адам ӕма Евӕ Хуцауӕн еузӕрдонӕй ку байзадайуонцӕ, уӕд мах дӕр дзенети райгурдайанӕ. Хуцау нин нӕ гъезӕмӕрттӕ уинуй, ӕма нин уомӕ гӕсгӕ, куд фӕлмӕнзӕрдӕ Фидӕ, уотӕ берӕ хуарздзийнӕдтӕ искӕндзӕй.
27. Кӕци пахампарӕдтӕ ма гъӕуама исӕнхӕст уонцӕ?
27 Нӕуӕг дуйней адӕм ӕцӕгӕйдӕр ке иссӕребарӕ уодзӕнцӕ, е финст ӕй Ромӕгтӕмӕ 8:21, 22 стихти: «Хуцау цидӕриддӕр сфӕлдиста, етӕ иссӕребарӕ уодзӕнцӕ мӕлӕти цагъайрадӕй ӕма син уодзӕй, Хуцауи сувӕллӕнттӕн ци дессаги сӕребарӕдзийнадӕ ес, уӕхӕн сӕребарӕдзийнадӕ. Мах ӕй зонӕн, Хуцау цидӕриддӕр сфӕлдиста, етӕ еугурӕйдӕр ке дзиназунцӕ ӕма ке уодхарӕ кӕнунцӕ абони уӕнгӕ дӕр». Гъеуӕд адӕм фӕууиндзӕнцӕ, куд исӕнхӕст уодзӕй, Киристе адӕми цӕбӕл ахур кодта ковун, е: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахадӕ. Дӕ фӕндон уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ уӕд зӕнхӕбӕл дӕр» (Матфейи 6:10). Гъема, уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ зӕнхӕбӕл дӕр уодзӕй хуарз цард.
[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]
[Хузтӕ 23 фарсбӕл]
Ка ӕрзӕронд ӕй, етӕ нӕуӕг дуйней сӕ ӕригон бонтӕмӕ раздӕхдзӕнцӕ
[Хузӕ 24 фарсбӕл]
Нӕуӕг дуйней незтӕ ӕма сахъатдзийнадӕ нӕбал уодзӕй
[Хузӕ 25 фарсбӕл]
Ка рамардӕй, етӕ нӕуӕг дуйней райгас уодзӕнцӕ
[Хузӕ 26 фарсбӕл]
Тохунбӕл некебал ахур кӕндзӕй
[Хузтӕ 27 фарсбӕл]
Дзенети адӕмӕн цӕрӕгойтӕй тӕссаг нӕбал уодзӕй
[Хузӕ 27 фарсбӕл]
Хуцау «ӕ къох райгон кӕндзӕй ӕма алкӕмӕн дӕр ратдзӕй, ӕ зӕрдӕ ци зӕгъуй, уой»
[Хузӕ 28 фарсбӕл]
Хуцауи Паддзахади фӕрци не ’гас гъезӕмӕрттӕ дӕр байронх уодзиан