Хуцау нин игон кӕнуй ӕ фӕндтӕ
4 хай
Хуцау нин игон кӕнуй ӕ фӕндтӕ
1, 2. Хуцау кӕдзосзӕрдӕ адӕмӕн сӕ фарстатӕн дзуапп ке дӕттуй, уой кӕцӕй зонӕн?
УАРЗӔГОЙ Хуцау ӕ фӕндтӕ игон кӕнуй ка ’й агоруй, еци кӕдзосзӕрдӕ адӕмӕн. Сӕ фарстатӕн син дӕттуй дзуапп. Еци фарстатӕй сӕ еу ӕй: Хуцау гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзуй?
2 Библи зӕгъуй: «Ку ӕй агорай, уӕд ӕй иссердзӕнӕ». «Уӕлӕрвти ес сосӕгдзийнӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуцау». «Дуйнедарӕг Хуцау Йеговӕ неци искӕнуй, цалинмӕ ӕ сосӕг гъуддаг ӕ пахампартӕн нӕ раргом кӕнуй, уӕдмӕ» (1 Анзфинстити 28:9; Данел 2:28; Амос 3:7).
Дзуапп иссерӕн кӕми ес?
3. Хуцау гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзуй, уобӕл дзуапп иссерӕн кӕми ес?
3 Хуцау гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзуй ӕма син идарддӕр ци кӕнунмӕ гъавуй? Уомӕн дзуапп иссерӕн ес, мах пайдайӕн Хуцауи хъаурӕй финст ка ӕрцудӕй, еци киунуги. Еци киунугӕ ӕй Хуцауи Дзурд, Библи. «Финстадӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр ӕй Хуцауи разамундӕй финст ӕма пайда ӕй адӕймаги ахур кӕнунмӕ, уайдзӕф кӕнунмӕ, гъуддӕгтӕ раст кӕнунмӕ, раст зундбӕл аразунмӕ, цӕмӕй Хуцауи адӕймаг алцидӕр хуарз зона ӕма алли хуарз гъуддагмӕ дӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).
4, 5. Библи цӕмӕй дессаг ӕй?
4 Библий хузӕн киунугӕ дуккаг нӕййе. Финст си ес, адӕм мингай ӕнзти дӕргъи куд цардӕнцӕ, уой туххӕй, удта зӕнхӕбӕл ӕппундӕр ку нецима адтӕй, уой размӕ ци хабӕрттӕ цудӕй, етӕ дӕр. Ци пахампарӕдтӕ си ес, етӕ мах рӕстӕги ӕнхӕст кӕнунцӕ, удта ма федӕни дӕр ӕнхӕст кӕндзӕнцӕ.
5 Адӕм кӕдӕй цӕрунцӕ, уӕдӕй сӕбӕл ци хабӕрттӕ цудӕй, уой туххӕй Библийӕй растдӕр финст некӕми ес. Зӕгъӕн, рагон финсгути къохфинститӕй мах рӕстӕгмӕ берӕ нӕбал ӕрхъӕрдтӕй. Ӕнӕгъӕнӕ Библий къохфинститӕ кенӕ ӕ кӕцидӕр хӕйттӕ ба ма абони дӕр ӕнцӕ: еу-6 000 – Дзиуиттаг Финститӕй (39 киунуги «Рагон фӕдзӕхстӕй») ӕма еу-13 000 ба – Киристон Грекъаг Финститӕй (27 киунуги «Нӕуӕг фӕдзӕхстӕй»).
6. Цӕмӕн ӕй нӕ бон зӕгъун, ӕма мах рӕстӕги Библи фиццаг финститӕй ке нецӕмӕй хецӕн кӕнуй?
6 Алци ӕ бон кӕмӕн ӕй, еци Хуцау ӕ цӕстӕ дардта, цӕмӕй, Библи ка исфинсидӕ, етӕ си маци феййивтайуонцӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ, федарӕй ес зӕгъӕн, мах рӕстӕги ци Библи ес, е тӕккӕ фиццаг финститӕй ке нецӕмӕй хецӕн кӕнуй. Уой ма нӕ бон ӕй еу гъуддагӕй дӕр балӕдӕрун: Киристон Грекъаг Финститӕбӕл сӕдӕ анзи дӕр нӕ рацӕуидӕ, уотемӕй син къопитӕ искӕниуонцӕ, ӕма еци къопитӕй абони уӕнгӕ дӕр еуӕй-еуетӕ байзадӕнцӕ. Раги дзамани финсгути къохфинститӕ ку райсӕн, уӕд уонӕй ба абони уӕнгӕ байзадӕй, цалдӕр сӕдӕ анзей фӕсте ма син ци къопитӕ финст ӕрцудӕй, ӕрмӕстдӕр етӕ, фал уонӕй дӕр берӕ нӕбал байзадӕй.
Хуцауи лӕвар
7. Библи цӕйбӕрцӕбӕл парахатгонд ӕй?
7 Библи куд парахатгонд ӕй, уотӕ еунӕг киунугӕ дӕр нӕма адтӕй. Мухургонд си ӕрцудӕй ӕртӕ миллиарди бӕрцӕ. Еунӕг киунугӕ дӕр еци нимӕдзӕмӕ хӕстӕг дӕр нӕ лӕууй. Библи ӕнӕгъӕнӕй кенӕ ӕ кӕцидӕр хӕйттӕ тӕлмацгонд ӕрцудӕнцӕ еу-2 000 ӕвзагемӕ. Уой фӕрци ӕгас дуйней адӕмӕн сӕ 98 проценттемӕн сӕ бон ӕй Библи кӕсун.
8–10. Библимӕ гъӕуама нӕ гъос цӕмӕн ӕрдарӕн?
8 Кӕд Библи ӕхецӕй уотӕ зӕгъуй, ӕма Хуцауи хъаурӕй финст ӕй ӕма кӕд уомӕн берӕ бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес, уӕд имӕ гъӕуама нӕ гъос ӕрдарӕн. Библи нин лӕдӕрун кӕнуй, адӕймаг цӕмӕн цӕруй, дуйней хабӕрттӕ цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ ӕма нӕмӕ федӕни ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой. Ӕндӕр некӕци киунуги бон ӕй еци фарстатӕн дзуапп раттун.
9 Мадта Библи ӕй Хуцауи дзурд адӕммӕ. 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13).
Финстонцӕ ’й еу-40 адӕймаги, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ син ци разамунд лӕвардта, уой фӕрци. Апостол Павел финста: «Махӕй Хуцауи дзурд ку фегъустайтӕ, уӕд ӕй адӕймаги дзурдбӕл нӕ банимадтайтӕ, фал, ӕцӕгӕйдӕр ци ӕй, уобӕл – Хуцауи дзурдбӕл» (10 Америки Еугонд Штатти 16-аг президент Авраам Линкольн Библий туххӕй загъта, зӕгъгӕ, е ӕй, «Хуцау адӕмӕн ке балӕвар кодта, уонӕй тӕккӕ хуӕздӕр лӕвар... Ӕнӕ уомӕй мах хуарз ӕма лӕгъуз не ’ртастаййанӕ». Цума еци киунуги ци финст ес, гъезӕмӕрттӕ куд райдӕдтонцӕ, Хуцау сӕ цӕмӕн уадзуй ӕма син идарддӕр ци кӕнуйнаг ӕй, уой туххӕй?
[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]
[Хузӕ 10 фарсбӕл]
Библи ӕй Хуцауи дзурд адӕммӕ