Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцау нӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр тухсуй?

Хуцау нӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр тухсуй?

1 хай

Хуцау нӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр тухсуй?

1, 2. Адӕммӕ цӕхуӕн фарста фӕззиннуй ӕма цӕмӕн?

КА ’Й ЗОНУЙ, ду дӕр ескӕд сагъӕс кодтай: «Кӕд Хуцау ес ӕма нӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр тухсуй, уӕд уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн уадзуй?» Алке дӕр ни гъезӕмӕрттӕ бавзурста, кенӕ зонӕн гъезӕмӕрттӕ ка ӕвзаруй, уӕхӕн адӕм.

2 Кӕдӕй адӕм цӕрунцӕ, уӕдӕй сӕ зӕрдитӕ ӕнцӕ рист ӕма мӕстӕйдзаг. Гъезӕмарӕ кӕнунцӕ тугъдтитӕй, фудракӕндтӕй, фудмиутӕй, ӕнӕраст гъуддӕгтӕй, мӕгурдзийнадӕй ӕма незтӕй. Уомӕй устурдӕр маст ба ма бавзарунцӕ, берӕ ке уарзунцӕ, уонӕй еске ку рамӕлуй, уӕд. Айдагъ 20-аг ӕноси тугъдтити фӕммардӕй 100 милиуан адӕймагемӕй фулдӕр. Сӕдӕгай милиуантӕ фӕццӕфтӕ ӕнцӕ, беретӕ ба ӕнӕ хӕдзарӕ ӕма ӕнӕ есбонӕй байзадӕнцӕ. Абони уойбӕрцӕ лӕгъуз хабӕрттӕ ке цӕуй, уой туххӕй адӕми зӕрдитӕ хъӕбӕр рист ӕнцӕ, сӕ цӕстисуг сор нӕбал кӕнуй ӕма рохс некӕцӕйбал уинунцӕ.

3, 4. Хуцау гъезӕмӕрттӕ ке уадзуй, уой туххӕй беретӕ ци гъуди кӕнуцӕ?

3 Аци цардмӕ кӕсгӕй беретӕ уотӕ маст кӕнунцӕ, ӕма фӕззӕгъунцӕ: «Кӕд Хуцау ес, уӕддӕр имӕ мах мӕтӕ ба нӕййе». Кадӕртӕ ба, Хуцау ке ес, уобӕл дӕр нӕбал феууӕндунцӕ. Зӕгъӕн, Фиццаг дуйнейон тугъди рӕстӕг кӕцидӕр адӕмихӕттитӕ ку цагътонцӕ, уӕд си еу нӕлгоймагӕн ӕ бийнонти ӕма е ’мбӕлтти рамардтонцӕ, ӕма уой фӕсте уотӕ загъта: «Кӕми адтӕй Хуцау, е ’нхус нӕ ку гъудӕй, уӕд?» Иннӕ адӕймаг ба, Дуккаг дуйнейон тугъди ка фӕййервазтӕй ӕма нациститӕ милиуангай адӕми куд мардтонцӕ, уой ка фӕууидта, е ӕ фур зӕрди ристӕй загъта: «Мӕ зӕрди уойбӕрцӕ маст ес, ӕма мин имӕ еске ку никкӕсидӕ, уӕд имӕ цӕрун нӕбал цӕуидӕ».

4 Куд ӕй уинӕн, уотемӕй беретӕ нӕ лӕдӕрунцӕ, кӕд Хуцау хуарз ӕй, уӕд уойбӕрцӕ лӕгъуздзийнӕдтӕ цӕмӕ уадзуй. Хуцау нӕбӕл ке тухсуй, айдагъ уобӕл нӕ дузӕрдуг кӕнунцӕ, фал ма, ескӕми ӕй ӕви нӕ, уобӕл дӕр. Уотӕ сӕмӕ кӕсуй, ӕма адӕм гъезӕмӕрттӕй некӕд исуӕгъдӕ уодзӕнцӕ.

[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]

[Хузӕ 2, 3 фӕрстбӕл]

Цума, гъезӕмарӕ кӕми нӕбал уодзӕй, еци нӕуӕг дуйне хӕстӕг ӕй?