Хуцау ӕцӕгӕйдӕр ке ес, уой нӕ бон куд ӕй базонун
3 хай
Хуцау ӕцӕгӕйдӕр ке ес, уой нӕ бон куд ӕй базонун
1, 2. Цӕмӕй балӕдӕрай, Хуцау ес ӕви нӕ, уой туххӕй гъӕуама цӕбӕл исарази уай?
ЦӔМӔЙ балӕдӕрай, Хуцау ес ӕви нӕ, уой туххӕй гъӕуама еу цӕбӕлдӕр исарази уай: алцӕмӕн дӕр ес искӕнӕг. Дзаума куд зиндӕр конд уа, уотӕ е ’скӕнӕг дӕр дӕснидӕр ӕй.
2 Ракӕсай, дӕ хӕдзари ци ес, уомӕ: стъӕлттӕ, къелатӕ, хуссӕнтӕ, къостӕ, тугуртӕ, фӕрстӕ, пъолтӕ ӕма гъеууотӕ идарддӕр. Алцидӕр си кедӕр къохӕй конд ӕй, удта уотӕ зин искӕнӕн дӕр нӕ ’нцӕ. Кӕд ӕнӕуой дзаумӕттӕн дӕр искӕнӕг ес, уӕд уонӕй дессагдӕр конд ка ӕй, уонӕн ба никки дӕснидӕр искӕнӕг гъӕуама ма уа?
Нӕ дессаги Дун-дуйне
3, 4. Дун-дуйне куд конд ӕй, уомӕй куд ӕнгъезуй балӕдӕрун, Хуцау ке ес, уой?
3 Сахаттӕн ес сахатгӕнӕг. Нӕ хори системӕй ба ци ес зӕгъӕн? Планетитӕ ин ӕ алливарс зелунцӕ сӕдӕгай ӕнзти дӕргъи еу еци рӕстӕгбӕл, нӕ сикъунд раздӕр, нӕ ба – фӕстӕдӕр. Мах кӕми цӕрӕн, еци галактики, Ӕрфӕнифӕд, зӕгъгӕ, ес 100 миллиардӕй фулдӕр стъалутӕ. Ӕхсӕвӕ уӕлӕрвтӕмӕ ку искӕси, уӕд нӕ бадес кӕнис, цӕйбӕрцӕ ’нцӕ, уобӕл? Мадта расагъӕс кӕнӕ, ӕнӕгъӕнӕ Дун-дуйней Ӕрфӕнифӕди хузӕн галактикитӕн банимайӕн дӕр нӕййе! Сахат куд раст фӕццӕуй, уотӕ стъалутӕ ӕма планетитӕ дӕр сӕдӕгай ӕнзти дӕргъи еу еци рӕстӕгбӕл зелунцӕ.
4 Кӕд ӕма ӕнӕуой сахаттӕн дӕр искӕнӕг ес, уӕд нӕ устур Дун-дуйнейӕн ба сфӕлдесӕг нӕййес? Библий дӕр уомӕ гӕсгӕ финст ӕй: «Уӕ цӕститӕбӕл уӕлӕмӕ исхуӕцетӕ ӕма ракӕсетӕ. Уони еугурӕйдӕр ка искодта?» Ӕма ин уӕхӕн дзуапп дӕттуй: «[Хуцау] си алкӕций дӕр хонуй ӕ номӕй. Ӕ устур хъаури ӕма ӕ устур тухи фӕрци еугурӕйдӕр лӕуунцӕ сӕ бунӕтти» (Исай 40:26). Мадта Дун-дуйне куд конд ӕй, уомӕ гӕсгӕ федарӕй ес зӕгъӕн, зундгин Сфӕлдесӕг ин ке ес.
Нӕ дессаги Зӕнхӕ
5–7. Зӕнхӕн Сфӕлдесӕг ке ес, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
5 Ахургӕндтӕ, Зӕнхӕ куд конд ӕй, уой куд фулдӕр ӕртасунцӕ, уотӕ ’й хуӕздӕр лӕдӕрунцӕ, адӕймагӕн цӕрунмӕ конд ке ӕрцудӕй, уой. Зӕнхӕ хорӕй ӕгӕр идард ке нӕ лӕууй ӕма имӕ ӕгӕр хӕстӕг дӕр ке нӕй, уой фӕрци сӕлгӕ дӕр нӕ кӕнуй, удта имӕ фагӕ рохс ӕма гъар дӕр хъӕртуй. Анзмӕ Зӕнхӕ хори алливарс еу зилд ӕркӕнуй, къолӕ ке ӕй, уой фӕрци ба ибӕл берӕ рауӕнти анзи афӕнттӕ ӕййевунцӕ. Алли 24 сахаттемӕ ӕхегъӕди еу зилд ӕркӕнуй, ӕма уой фӕрци бон ӕхсӕвӕй ӕййевуй. Атмосферӕ уотӕ конд ӕй, цӕмӕй нӕ космоси радиацийӕй гъӕуай кӕна ӕма нӕ бон уолӕфун уа. Зӕнхӕ ба нин цӕмӕй хуӕруйнаг дӕтта, уой туххӕй ибӕл ес, цардӕн хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ка ӕй, еци дон ӕма сикъит.
6 Уӕлдӕр ке ранимадтан, етӕ ку нӕ адтайуонцӕ, уӕд зӕнхӕбӕл цард нӕ адтайдӕ. Уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма етӕ сӕхегъӕди фӕззиндтӕнцӕ? Еу журнали финст ӕй: «Зӕнхӕбӕл цӕрунмӕ ци хуарз уавӕртӕ ес, етӕ сӕхегъӕди неци хузи фӕззиндтайуонцӕ» (Science News). Еци гъуддӕгтӕн дӕсни Искӕнӕг ма уа, уомӕн гӕнӕн дӕр нӕййе.
7 Зӕгъӕн, рӕсугъд хӕдзарӕмӕ бацудтӕ ӕма ’й уинис, цӕрунмӕ си алцидӕр ке ес: кондиционер, гъаргӕнӕн, дон имӕ уагъд ӕй, хуӕруйнаг ба си берӕ. Уӕд цӕхуӕн гъудимӕ ӕрцӕуисӕ? Етӕ уоми сӕхуӕдтӕ фӕззиндтӕнцӕ? Нӕ, уомӕн ӕма бӕрӕг ӕй, кадӕр ибӕл зӕрдиагӕй ке байархайдта. Зӕнхӕ дӕр гъеууотӕ конд ӕй, цӕмӕй ибӕл ка цӕра, етӕ маци гъӕуагӕ уонцӕ. Е цийфӕнди хуарз хӕдзарӕй дӕр дессагдӕр конд ӕй.
8. Хуцау зӕнхӕ кӕнгӕй адӕми сагъӕс ке кодта, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
8 Уомӕй уӕлдай ма, цардӕн цийнӕдзийнадӕ ка хӕссуй, еци гъуддӕгтӕбӕл расагъӕс кӕнӕ. Зӕнхӕбӕл цӕйбӕрцӕ аллихузи рӕсугъд дидингутӕ ес, аллихузи адгин рӕзӕ ӕма халсартӕ. Куд рӕсугъд ӕнцӕ гъӕдтӕ, хуӕнхтӕ ӕма денгизтӕ, аллихузи цӕрӕгойтӕ ӕма сӕ бӕдӕлдтӕ. Кенӕ ба, арв куд рӕсугъд фӕууй, хор ку ранигулуй, уӕд. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, зӕнхӕбӕл еци берӕ дессӕгтӕ цардӕн уотӕ ӕхсидзгӕ нӕ ’нцӕ. Фал ӕрдзӕ уотӕ дессаги рӕсугъд ке ӕй, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма зӕнхӕ кӕнгӕй Хуцау адӕми сагъӕс кодта, цӕмӕй син сӕ цард цийнӕдзийнадӕ хӕсса.
9. Зӕнхӕ ка искодта ӕма цӕмӕн?
9 Мадта нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун, Дун-дуйней цидӕриддӕр ес, уонӕй алцӕмӕндӕр Искӕнӕг ке ес. Йеговӕ Хуцауи туххӕй Библий финсгутӕй сӕ еу загъта: «Ду искодтай арв ӕма зӕнхӕ». Цӕмӕн сӕ искодта? Дзуапп финст ӕй идарддӕр: «Е искодта зӕнхӕ, сфӕлдиста ӕй ӕма ’й федар исӕвардта, дзӕгъӕли ӕй не сфӕлдиста, искодта ӕй цӕрунмӕ» (Исай 37:16; 45:18).
Уодӕгас кълеткӕ
10, 11. Адӕймаги кълеткӕ цӕмӕй дессаг ӕй?
10 Уодӕгасӕй цидӕр ес, уони туххӕй ба нӕ бон ци ӕй зӕгъун? Цума уонӕн ба сфӕлдесӕг нӕййе? Адӕймаги кълеткӕ куд дессаги конд ӕй, уой туххӕй ахургонд Майкл Дентон ӕ киунуги ниффинста: «Зӕнхӕбӕл уодӕгасӕй цидӕриддӕр ес, уонӕй сӕ тӕккӕ хумӕтӕгдӕртӕ ӕнцӕ бактерий кълеткитӕ, фал етӕ дӕр хъӕбӕр дессаги конд ӕнцӕ... Кӕд еугур кълеткитӕй бактерити кълеткитӕ тӕккӕ минкъийдӕр ӕнцӕ, уӕддӕр си алкӕцийдӕр ес фабрики хӕццӕ рабарӕн. Уомӕн ӕма алли кълетки медӕги дӕр
молекулти астӕу уӕхӕн дессаги куст цӕуй, ӕма ин зӕгъӕн дӕр нӕййе... Адӕймаг техники цидӕриддӕр дессӕгтӕ ӕргъуди кодта, етӕ кълетки рази неци ’нцӕ, ӕма зӕнхӕбӕл ӕнӕ уодӕй цидӕриддӕр ес, уони ӕ хӕццӕ нӕ рабардзӕнӕ» (Evolution: A Theory in Crisis).11 Кълеткӕн ӕ генетикон коди туххӕй еци киунуги финст ӕй: «Адӕймаг информаци дарунмӕ ци мадзӕлттӕ ӕргъуди кодта, уонӕй еу дӕр ДНК-й хӕццӕ рабарӕн нӕййе. Адӕймаги ДНК-й медӕги цидӕриддӕр информаци ес, уомӕн ӕ уӕзӕ еунӕг граммӕн ӕ милиуанӕймаг хаййӕй дзӕвгарӕ рӕуӕгдӕр ӕй... Молекулярон механизм куд дессаги конд ӕй, уомӕ кӕсгӕй нӕмӕ тӕккӕ дессагдӕр техникӕ, адӕймаги къохӕй конд ка ӕй, е, нецибал фӕккӕсуй. Уонӕбӕл гъуди кӕнгӕй адӕймаг балӕдӕруй, куд минкъи зонуй, уой».
12. Кълеткӕ куд фӕззиндтӕй, уой туххӕй еу ахургонд ци загъта?
12 Дентон ма ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта: «Тӕккӕ хумӕтӕгдӕр кълеткӕ куд дессаги конд ӕй, уомӕ кӕсгӕй адӕймаг неци хузи исарази уодзӕй, ӕнӕнгъӕлти ка рауадӕй, уӕхӕн цидӕр цаути фӕрци ке фӕззиндтӕй, уобӕл». Мадта нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун, кълеткӕн искӕнӕг ке ес.
Сӕри магъз
13, 14. Сӕри магъз кълеткӕй цӕмӕй дессагдӕр ӕй?
13 Еци ахургонд ма уотӕ загъта: «Кълеткӕ дессаги конд ӕй, фал сӕри магъзмӕ ба хӕстӕгдӕр нӕ лӕууй. Адӕймаги сӕри магъз конд ӕй еу дӕс миллиард нейронемӕй. Алли нейронӕй дӕр рацӕуй хӕлттӕ, дӕс минемӕй сӕдӕ миней уӕнгӕ, ӕма еци хӕлтти фӕрци иннӕ нейронтӕбӕл ӕхе бӕттуй. Уӕхӕн хӕлттӕ ба сӕри магъзи медӕги ӕнцӕ... еу мин триллионей бӕрцӕ».
14 Дентон ма ниффинста: «Сӕри магъзи уӕхӕн бастдзийнӕдтӕй ӕрмӕстдӕр сӕ сӕдӕймаг хаййи бӕрцӕ ку райсай, уӕд, ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл ци аллихузи телтӕ уагъд ес, уонӕй дӕр фулдӕр разиндзӕнцӕ». Идарддӕр Дентон уӕхӕн фарста равардта: «Уомӕн гӕнӕн ес, цӕмӕй уӕхӕн бастдзийнӕдтӕ сӕхе гъӕди фӕззиндтайуонцӕ?» Неци хузи. Сӕри магъзӕн дӕсни Искӕнӕг ес.
15. Сӕри магъзи туххӕй ахургӕндтӕ ци дзорунцӕ?
15 Сӕри магъзи хӕццӕ цийфӕнди дессаги компьютер дӕр рабарӕн нӕййе. Еу ахургонд, Мортон Хант, загъта: «Сӕри магъзи, тӕккӕ тухгиндӕр компьютери хӕццӕ рабаргӕй, цалдӕр миллиард хатти фулдӕр информаци цӕуй». Уомӕ гӕсгӕ нейрохирург
Роберт Уайт уӕхӕн гъудимӕ ӕрцудӕй: «Ӕндӕр гӕнӕн мин нӕййе, гъӕуама исарази уон, адӕймагӕй берӕ зундгиндӕр ӕма берӕ уӕлдӕр ка ӕй, уӕхӕн Кадӕр ке ес – магъз ӕма зунд кӕрӕдзей хӕццӕ уотӕ дессаги хузи баст ӕнцӕ, ӕма адӕймаги бон уой кӕронмӕ балӕдӕрун нӕй... Ӕз ибӕл гъӕуама баууӕндон, алцӕмӕн дӕр райдайӕн ке адтӕй ӕма сӕ Кадӕр ке искодта». Ӕма ма еци Кадӕр гъӕуама хъӕбӕр уарзӕгой дӕр уа.Тогзелдогъ
16–18. а) Тогзелдогъ цӕмӕй дессаг ӕй? ӕ) Цӕхуӕн гъудимӕ гъӕуамӕ ӕрцӕуӕн?
16 Ӕркӕсӕн нур ба, тог куд косуй, уомӕ, ӕгас бауӕрмӕ дӕр кислород ӕма ӕндӕр гъӕугӕ гъуддӕгтӕ куд хӕссуй, удта хуӕцгӕ незӕй куд гъӕуай кӕнуй, уомӕ. Тоги сурх кълеткити туххӕй еу киунуги уотӕ финст ӕй: «Тогӕн ӕ еу тъинкки ес 250 милиуан сурх кълеткемӕй фулдӕр... Ӕнӕгъӕнӕ бауӕри ба ӕнцӕ еу-25 триллиони бӕрцӕ, цуппар тенисӕй гъазӕн корти нихгӕнуни фагӕ... Алли сикъунд дӕр 3 милиуан кълетки нӕугутӕй ӕййивд цӕунцӕ» (ABC’s of the Human Body).
17 Уорс кълеткити туххӕй ба си уотӕ финст ӕй: «Кӕд сурх кълеткитӕ еу хузи ’нцӕ, уӕд уорс кълеткитӕ ба аллихузи фӕуунцӕ, ӕма си алкӕци дӕр ӕнхус кӕнуй, бауӕри медӕг ци куст цӕуй, уомӕн. Зӕгъӕн, еуетӕ си мард кълеткитӕ ӕндӕ кӕнунцӕ, иннетӕ ба хуӕцгӕ незти нихмӕ тохунцӕ кенӕ, бауӕрӕн пайда ка нӕй, еци бактеритӕ нихъуӕрунцӕ».
18 Адӕймӕги тог ци дессаги куст кӕнуй! Алцидӕр си ӕ бунати ке ӕй ӕма ӕхе медӕги «гъӕуайгӕнгутӕ» ке ес, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ин гъӕуама хъӕбӕр зундгин ӕма уарзӕгой искӕнӕг уа, гъома Хуцау.
Ӕндӕр дессӕгтӕ
19. Цӕсти хӕццӕ цӕмӕннӕ ес рабарӕн, адӕймаг ци ӕргъуди кодта, уони?
19 Адӕймаги бауӕри ма берӕ ӕндӕр дессӕгтӕ дӕр ес. Уонӕй сӕ еу ӕй цӕстӕ. Цӕстӕ куд конд ӕй, уой еунӕг хузӕесӕн камери хӕццӕ дӕр нӕ рабардзӕнӕ. Астроном Роберт Ястров загъта: «Цӕстӕ, ӕвӕдзи, конд ӕрцудӕй, удта уотӕ конд ӕй, ӕма ’й еунӕг телескопгӕнӕг дӕр хуӕздӕр не ’скодтайдӕ». Еу журнали ба уотӕ финст адтӕй: «Цӕстӕ цийфӕнди хузӕесӕнӕй дӕр дзӕвгарӕ фулдӕр листӕг хабӕрттӕ уинуй. Адӕймаг естӕмӕ ку фӕккӕсуй, уӕд ин фӕууинуй ӕ дӕргъӕ, ӕ уӕрхӕ ӕма ӕ арф. Удта ма цийфӕнди хузӕесӕнӕй дӕр дзӕвгарӕ уӕрӕхдӕр ӕма кӕдзосдӕр уинуй, сауӕнгӕ ма цӕугӕ-цӕугӕ дӕр... Раст нӕ адтайдӕ адӕймаги цӕстӕ камери хӕццӕ барун. Зӕгъӕн ес, ӕма адӕймаги цӕстӕ ӕй тӕккӕ „тухгиндӕр компьютер“, ци ин кӕнгӕй, уой ӕхуӕдӕг ка зонуй. Еци „компьютери“ бон ӕй хъӕбӕр тагъд косун, хъӕбӕр берӕ информаци ӕхемӕ райсун ӕма си ести хатдзӕг искӕнун. Цӕстӕ адӕймаги конд компьютерӕй кенӕ тӕккӕ хуӕздӕр камерӕй берӕ дессагдӕр ӕй» (Popular Photography).
20. Адӕймаги бауӕр ма цӕмӕй дессаг ӕй?
20 Ра ма сагъӕс кӕнӕн, нӕ хурфи дзаумӕттӕ сӕхегъӕди куд косунцӕ, уобӕл дӕр. Зӕгъӕн, мах аллихузи хуӕруйнӕгтӕ бахуӕрӕн, баниуазӕн, нӕ ахсӕн ба сӕ батайун кӕнуй ӕма нӕмӕ уой фӕрци фӕззиннуй хъаурӕ. Еци хуӕруйнӕгтӕ машини бензини
бӕсти ку нивгӕнӕн, уӕд цума идардмӕ рандӕ уодзӕй? Удта сувӕллон куд райгуруй, е дӕр хъӕбӕр дессаг ӕй! Ӕдеугурӕй фараст мӕйемӕ ӕ мадӕ ӕма фиди хузӕнӕй райгуруй. Цалдӕр анземӕ ба ӕнӕзонгӕ ӕвзагбӕл кӕдзос дзорун райдайуй.21. Ахургонд адӕм, адӕймаги бауӕр куд дессаги конд ӕй, уомӕ кӕсгӕй циуавӕр гъудимӕ ӕрцӕунцӕ?
21 Адӕймаги бауӕр куд конд ӕй, е нӕ хъӕбӕр деси ӕфтауй. Еунӕг инженери бон дӕр нӕй дуккаг уӕхӕн искӕнун. Цума уӕхӕн дессаги бауӕр ӕхегъӕди фӕззиндтӕй? Бӕрӕг ӕй, ке нӕ! Бауӕр куд дессаги конд ӕй, уомӕ кӕсгӕй берӕ зундгин адӕм исарази унцӕ псаломзарӕггӕнӕги дзурдти хӕццӕ: «Кадгин дӕ кӕндзӕн, уомӕн ӕма дессаги конд дӕн. Дӕ гъуддӕгтӕ ӕнцӕ дессаг» (Псалом 139:14).
Зундгин Искӕнӕг
22, 23. а) Сфӕлдесӕг ке ес, уобӕл цӕмӕ арази кӕнӕн? ӕ) Библий Хуцауи туххӕй ци финст ес?
22 Библи уотӕ зӕгъуй: «Алли хӕдзарӕ дӕр кадӕр искӕнуй, алци искӕнӕг ба ӕй Хуцау» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 3:4). Кӕд ӕнӕуой хӕдзарӕн искӕнӕг ес, уӕд Дун-дуйне ӕма зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр цӕрӕг ес, уонӕн дӕр гъӕуама Искӕнӕг уа. Зӕгъӕн, самолёттӕ, телевизортӕ ӕма компьютертӕ адӕймаг ке ӕргъуди кодта, уобӕл неке дузӕрдуг кӕнуй. Мадта уӕд адӕймагӕн уӕхӕн дессӕгтӕ кӕнунмӕ Кадӕр зунд ке равардта, уобӕл ба нӕ исарази уодзиан?
23 Библий финст ӕй: «Ӕцӕг Хуцау Йеговӕ, арв ка сфӕлдиста ӕма ӕй ка ӕритудта, еци устур Хуцау, зӕнхӕ ка ӕривардта ӕма ибӕл ци ес, уони ка дӕттуй, ци адӕм ибӕл цӕруй, уонӕн уолӕфт ка дӕттуй» (Исай 42:5). Удта ма си уотӕ финст ӕй: «О Йеговӕ, нӕ Хуцау, ду дӕ кадӕ ӕма намуси аккаг, уомӕн ӕма ду дӕ устур хъаури хецау, ӕма алцидӕр ду сфӕлдистай ӕма алцидӕр дӕу фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕй ӕма фӕззиндтӕй» (Раргомадӕ 4:11).
24. Хуцау ке ес, уой нӕ бон куд ӕй базонун?
24 Мадта Хуцау ӕцӕгӕйдӕр ке ес, уой нӕ бон ӕй базонун, ци исфӕлдиста, уонӕй. «Цӕстӕй фӕййинӕн кӕмӕн нӕййе, ӕ еци менеугутӕ – е ’носон хъаурӕ ӕма, Хуцау ке ӕй, е – дуйне ку сфӕлдиста, уӕдӕй нурмӕ ирдӕй зиннунцӕ, уомӕн ӕма бӕрӕг ӕнцӕ е ’сконд гъуддӕгти» (Ромӕгтӕмӕ 1:20).
25, 26. Дзаумайӕй раст ку нӕ пайда кӕнай, уӕд е уобӕл дзорӕг цӕмӕн нӕ уодзӕй, ӕма ин искӕнӕг нӕййе?
25 Дзаумайӕй раст ку нӕ пайда кӕнай, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма ин искӕнӕг нӕййе. Зӕгъӕн, самолёттӕ устур ӕнхус ӕнцӕ адӕми ескумӕ бахъӕртун кӕнунмӕ, фал ма си пайда кӕнунцӕ адӕмбӕл бомбитӕ калунмӕ дӕр. Ӕма си кӕд марунмӕ пайда кӕнунцӕ, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма ин искӕнӕг нӕ адтӕй.
26 Уотӕ адӕм дӕр арӕх лӕгъуз раззиннунцӕ, фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма син Сфӕлдесӕг нӕййе. Уомӕ гӕсгӕ Библи уотӕ зӕгъуй: «Мӕнӕ куд исӕфт айтӕ! Гӕр, дорингӕнӕг ӕма сикъит еу ӕй? Дзаума е ’скӕнӕги туххӕй уотӕ зӕгъдзӕй, е мӕ не ’скодта, зӕгъгӕ? Дзаума, ке къохтӕй конд ӕй, уомӕй уотӕ зӕгъдзӕй, неци лӕдӕруй, зӕгъгӕ?» (Исай 29:16).
27. Гъезӕмӕртти туххӕй нӕмӕ ци фарстатӕ ес, уонӕбӕл нин Хуцау дзуапп ке ратдзӕй, уобӕл нӕ зӕрдӕ цӕмӕ дарӕн?
27 Дуйней цидӕриддӕр ес, етӕ куд дессаги конд ӕнцӕ, уомӕй бӕрӕг ӕй, хъӕбӕр зундгин Сфӕлдесӕг син ке ес, е. Еци Сфӕлдесӕг нӕбӕл ӕцӕгӕйдӕр ке тухсуй, е бӕрӕг ӕй, цӕрунмӕ нин цӕхуӕн рӕсугъд зӕнхӕ искодта, удта нин ци дессаги бауӕр ӕма зунд равардта удта нин цӕйбӕрцӕ хуарздзийнӕдтӕ искодта, уомӕй. Е ма ӕ зунд ӕма ӕ уарзондзийнадӕ ӕвдесуй, нӕ фарстатӕн нин дзуапп ке дӕттуй, уомӕй, зӕгъӕн: Хуцау гъезӕмӕрттӕ цӕмӕ уадзуй? Удта син ескӕд кӕрон искӕндзӕй?
[Фарстатӕ ахур кӕнунӕн]
[Хузӕ 5 фарсбӕл]
Хуцау Зӕнхӕн ӕ алливарс искодта, гъӕуай нӕ ка кӕна, уӕхӕн атмосферӕ
[Хузӕ 6 фарсбӕл]
Зӕнхӕ уотӕ конд ӕй, цӕмӕй ибӕл ка цӕра, уонӕн цийнӕдзийнадӕ хӕсса
[Хузӕ 7 фарсбӕл]
«Сӕри магъзи уӕхӕн бастдзийнӕдтӕй ӕрмӕстдӕр сӕ сӕдӕймаг хаййи бӕрцӕ ку райсай, уӕд, ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл ци аллихузи телтӕ уагъд ес, уонӕй дӕр фулдӕр разиндзӕнцӕ» (Молекулярон биологий ахургонд)
[Хузӕ 8 фарсбӕл]
«Цӕстӕ уотӕ конд ӕй, ӕма еунӕг телескопгӕнӕг дӕр хуӕздӕр неци ӕргъуди кодтайдӕ» (Астроном)