Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АХУРКӔНУЙНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНГӔЙ

10 УРОК

Уодуӕлдаййӕй архайӕ

Уодуӕлдаййӕй архайӕ

Уагӕвӕрд: «Адтан цӕттӕ, цӕмӕй уин Хуцауи хуарз хабар фегъосун кодтайанӕ, фал ма цӕттӕ адтан сумахӕн нӕ уодтӕ раттунмӕ дӕр, уомӕн ӕма нӕ зӕрдитӕн иссайтӕ хъазар» (1 Фес. 2:8).

Киристе куд архайдта?

1. Бакӕсӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ кенӕ бакӕсӕ Иоанни 3:1, 2. Уой фӕсте расагъӕс кӕнӕ дӕлдӕр финст фарстатӕбӕл:

  1.   а) Никодим Киристей хӕццӕ радзорунмӕ ӕхсӕвӕ цӕмӕн ӕрбацудӕй? (Кӕсӕ Иоанни 12:42, 43.)

  2.  б) Киристе Никодими хӕццӕ ӕхсӕвигон ке фембалдӕй, уомӕй куд бавдиста, ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл ке нимайуй?

Киристейӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

2. Адӕни ке уарзӕн, уой ӕвдесдзиан, не ’гас хъауритӕй ку архайӕн, цӕмӕй син банхус кӕнӕн Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исунмӕ.

Киристей хузӕн архайӕ

3. Адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнӕ, ӕхе кӕд ӕма кӕми фӕндуй, уоми. Ка ’й зонуй, адӕймаги ахур кӕнун фӕндуй цӕхуӕндӕр бӕлвурд рӕстӕг кенӕ къуӕрей медӕг еу кӕцидӕр бон. Ахур кӕнун ин ӕнцондӕр кӕми уодзӕй: кусти, хӕдзари кенӕ ӕндӕр ескӕми? Аци гъуддӕгтӕмӕ гӕсгӕ цӕттӕ уо дӕ график раййевунмӕ, цӕмӕй адӕймагӕн ӕнцондӕр уа.

4. Байархайӕ, цӕмӕй Библий ахур алли къуӕре дӕр уадзай. Кӕд дин Библий ахур рауадзун нӕ уайуй, уӕд байархайӕ, цӕмӕй:

  1.   а) Библий ахур ӕндӕр бон рауадзай.

  2.  б) Библий ахур видеосвязи кенӕ телефони фӕрци рауадзай.

  3.  в) Ӕндӕр ескӕмӕн зӕгъай, цӕмӕй Библий ахур е рауадза.

5. Ковӕ, цӕмӕй дӕ ахуркӕнуйнагмӕ раст цӕстӕй кӕсай. Йеговӕй ӕнхус корӕ, цӕмӕй дӕ къохтӕ ма ’руадзай, Библи ахур кӕнун уин алли къуӕре ку нӕ уайа кенӕ адӕймаг ӕ цард Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ӕййевунмӕ ку нӕ тагъд кӕна, уӕд (Фил. 2:13). Ка ’й зонуй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уомӕ берӕ хуарз менеугутӕ ес. Йеговӕй корӕ, цӕмӕй сӕ уинай.