АХУРКӔНУЙНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНГӔЙ
11 УРОК
Ӕнцонлӕдӕрӕн дзурд кӕнӕ
Уагӕвӕрд: «Уӕ дзурдтӕ ӕнцонлӕдӕрӕн ку нӕ уонцӕ, уӕд, ци дзоретӕ, уой куд балӕдӕрдзӕнцӕ?» (1 Кор. 14:9).
Киристе куд архайдта?
1. Бакӕсӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ кенӕ бакӕсӕ Матфеййи 6:25–27. Уой фӕсте расагъӕс кӕнӕ дӕлдӕр финст фарстатӕбӕл:
Киристейӕй цӕбӕл ахур кӕнис?
2. Адӕймаги ахур кӕнгӕй хумӕтӕг дзурдтӕй ку пайда кӕнӕн, уӕд ин ци дзордзиан, уой хуӕздӕр нигъгъуди кӕндзӕй, удта ӕ зӕрдӕбӕл дӕр бамбӕлдзӕй.
Киристей хузӕн архайӕ
3. Берӕ ма дзорисӕ. Цӕхуӕндӕр теми фӕдбӕл цидӕриддӕр зонис, уой дзоруни бӕсти де ’ргом раздахисӕ, ци ӕрмӕг ӕртасетӕ, уомӕ. Фарста ку раттис, уӕд фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсисӕ, адӕймаг дзуапп кӕд ратдзӕй, уомӕ. Фарстабӕл дзуапп раттун ӕ бон ку нӕ уа кенӕ, ци гъуди кӕнуй, е Библий нихмӕ ку уа, уӕд ма имӕ никкидӕр фарстатӕ раттӕ, цӕмӕй ин расагъӕс кӕнунмӕ банхус кӕнай. Сӕйраг гъуди ку балӕдӕра, уӕд иннӕ гъудимӕ рахезӕ.
4. Адӕймагӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй, нӕуӕгӕй ци базонуй, уой рабӕтта, нурмӕти ци базудта, уой хӕццӕ. Зӕгъӕн, уӕ урок ӕй райгасдзийнади туххӕй. Уӕд бал цубуртӕй радзубанди кӕнтӕ, нурмӕти ци базудта, ка рамардӕй, етӕ ци уавӕри ’нцӕ, уой туххӕй.
5. Цӕхуӕн цӕветтонтӕ хӕсдзӕнӕ, уой лӕмбунӕг ӕвзарисӕ. Цӕветтон ӕрхӕссуни размӕ дӕхе бафӕрсӕ: