Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

ДЗУБАНДИ КУ РАЙДАЙАЙ

2 УРОК

Хумӕтӕг дзурд кӕнӕ

Хумӕтӕг дзурд кӕнӕ

Уагӕвӕрд: «Куд хуарз ӕй, ӕ афони ке зӕгъай, уӕхӕн дзурд!» (Ӕмб. 15:23).

Филипп куд архайдта?

1. Бакӕсӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ кенӕ бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 8:30, 31. Уой фӕсте расагъӕс кӕнӕ дӕлдӕр финст фарстатӕбӕл:

  1.   а) Филипп дзубанди куд райдӕдта?

  2.  б) Дзубанди куд райдӕдта, уой хумӕтӕг исхонӕн цӕмӕн ес ӕма ин уой фӕрци куд бантӕстӕй рӕстдзийнадӕ балӕдӕрун кӕнун?

Филиппӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

2. Уӕ дзубанди хумӕтӕг ку уа, уӕд адӕймагӕн дӕ хӕццӕ дзорун ӕхцӕуӕндӕр уодзӕй ӕма рӕстдзийнадӕмӕ хуӕздӕр байгъосдзӕй.

Филиппи хузӕн архайӕ

3. Лӕмбунӕг уо. Адӕймагӕн ӕ цӕсгони ӕма ӕ бауӕри ’змӕлдӕй берӕ цидӕртӕ ес базонӕн. Ӕ бакастӕй зиннуй, дӕ хӕццӕ дзорунмӕ цӕттӕ ке ӕй? Кӕд гъо, уӕд дӕ бон ӕй дзубанди уӕхӕн хумӕтӕг дзурдтӕй райдайун: «Зудтай ӕй...?» Ку ’й балӕдӕрай, ӕма адӕймаги дзорун нӕ фӕндуй, уӕд дӕ дзурдӕн ракӕрон кӕнӕ.

4. Фӕразон уо. Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма адӕймагӕн гъӕуама рӕстдзийнадӕ еци фӕдбӕл радзорай. Уадзӕ, цӕмӕй уавӕр ӕхе ӕвдеса. Гӕнӕн ес, ӕма дин дӕ зӕгъуйнаг зӕгъунмӕ фадуат ӕрмӕстдӕр иннӕ хатт фӕззиндзӕй.

5. Цӕттӕ уо дзубанди феййевунмӕ. Алкӕд дзубанди, мах куд ӕнгъӕл адтан, уотӕ нӕ рауайуй. Ӕма уӕд цӕттӕ уо, дӕ дзубандий сӕр феййевунмӕ ӕма, адӕймаги ци тухсун кӕнуй, уобӕл радзорунмӕ.