Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АДӔЙМАГИ НӔУӔГӔЙ КУ БАБӔРӔГ КӔНАЙ

9 УРОК

Иннети лӕдӕрӕ

Иннети лӕдӕрӕ

Уагӕвӕрд: «Цийнӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ цийнӕ кӕнтӕ, кӕугӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ ба котӕ» (Ром. 12:15).

Киристе куд архайдта?

1. Бакӕсӕ ВИДЕОРОЛИКМӔ кенӕ бакӕсӕ Марки 6:30–34. Уой фӕсте расагъӕс кӕнӕ дӕлдӕр финст фарстатӕбӕл:

  1.   а) Киристей ӕма апостолти хебарӕ рауӕнмӕ рандӕ ун цӕмӕн бафӕндадтӕй?

  2.  б) Киристей адӕни ахур кӕнунмӕ ци баразӕнгард кодта?

Киристейӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

2. Иннети ку лӕдӕрӕн, уӕд син айдагъ хуарз хабар не ’гъосун кӕндзиан, фал ма син ӕнхус дӕр кӕндзиан.

Киристей хузӕн архайӕ

3. Лӕмбунӕг игъосӕ. Адӕймаги бауадзӕ, цӕмӕй дин ӕ сагъӕстӕ радзора. Ӕ дзурд ин ӕрдӕгбӕл ма ’ркъуӕрӕ. Лӕмбунӕг имӕ ку байгъосӕн, уӕд уомӕй бавдесдзиан, ӕ гъудитӕн ин ке аргъ кӕнӕн.

4. Адӕймаги сагъӕс кӕнӕ. Цӕбӕл дзурдтайтӕ, уобӕл расагъӕс кӕнӕ ӕма дӕхе бафӕрсӕ:

  1.   а) Рӕстдзийнадӕ базонун ӕй цӕмӕн гъӕуй?

  2.  б) Библи ку ахур кӕна, уӕд ин е ӕ цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ куд раййевдзӕй нур дӕр ӕма федӕни дӕр?

5. Адӕймагӕн дзорӕ, хъӕбӕрдӕр ӕй базонун ци фӕндуй, уобӕл. Ба ин лӕдӕрун кӕнӕ, ӕ фарстатӕбӕл Библий дзуӕппитӕ ке иссердзӕй, ӕма е ӕ цардӕн пайда ке ӕрхӕсдзӕй.