2 ХАЙ
Кӕрӕдзебӕл еузӕрдон уотӕ
«Хуцау ци байеу кодта, уой адӕймаг ма рахецӕн кӕнӕд» (Марки 10:9).
Йегови фӕндуй, цӕмӕй «еузӕрдон» уӕн (Псалом 18:25). Е уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр ӕй бийнонти царди, уомӕн ӕма лӕг ӕма уосӕ кӕрӕдзебӕл еузӕрдон ку нӕ уонцӕ, уӕд кӕрӕдзебӕл не ’ууӕнддзӕнцӕ. Кӕрӕдзебӕл ку ’ууӕндонцӕ, уӕд сӕ уарзондзийнадӕ некӕд ӕруазал уодзӕй.
Абони лӕг ӕма уосӕ кӕрӕдзебӕл сӕ зӕрдӕ ӕнцонтӕй исӕййевунцӕ. Ӕма цӕмӕй уӕ бийнонти цард ма фехӕла, уой туххӕй уӕ гъӕуй дууӕ гъуддаги кӕнун.
1 ДӔ БИЙНОНТӔЙ ХЪАЗАРДӔР ДИН ГЪӔУАМА МАЦИ УА
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой исбӕлвурд кӕнтӕ» (Филиппӕгтӕмӕ 1:10). Царди сӕйрагдӕр гъуддӕгтӕй еу ӕй бийнонти цард. Ӕма дин уомӕй хъазардӕр гъӕуама маци уа.
Йегови фӕндуй, цӕмӕй дин дӕ цардӕмбалӕй хъазардӕр маке уа ӕма еумӕ уӕ цардбӕл цийнӕ кӕнайтӕ (Екклесиаст 9:9). Лӕдӕрун нин кӕнуй, лӕг ӕма уосӕн кӕрӕдземӕ уазал цӕстӕй кӕсӕн ке нӕййес ӕма сӕ дууей дӕр архайун ке гъӕуй, цӕмӕй кӕрӕдзей зӕрдӕ рохс кӕнонцӕ (1 Коринфӕгтӕмӕ 10:24). Алцидӕр кӕнӕ, цӕмӕй ӕй дӕ цардӕмбал лӕдӕра, ке ’й уарзис ӕма ин ке аргъ кӕнис, уой.
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Еумӕ фулдӕр рӕстӕг ӕрвететӕ, цӕмӕй ӕй дӕ цардӕмбал уина, уомӕй хъазардӕр дин ке неке ес, уой.
-
Иронх ди ма уӕд, нур еунӕг ке нӕбал дӕ, фал дууемӕй ке айтӕ.
2 УӔ ЗӔРДИТӔ ГЪӔУАЙ КӔНТӔ
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Силгоймагмӕ ка кӕсуй ӕма имӕ ӕхе ка мондаг кӕнуй, е фӕххаттӕй ӕ хӕццӕ ӕ зӕрди медӕг» (Матфейи 5:28). Адӕймаг ихӕлд гъуддӕгтӕбӕл ку фӕссагъӕс кӕнуй, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма ӕ цардӕмбалбӕл гадзирахаттӕй рацӕуй.
Йеговӕ нӕ фӕдзӕхсуй, «гъӕуай кӕнӕ дӕ зӕрдӕ», зӕгъгӕ (Ӕмбесӕндтӕ 4:23; Йереми 17:9). Уой туххӕй ба гъӕуама гъӕуай кӕнай дӕ цӕститӕ (Матфейи 5:29, 30). Еци гъуддаги нин фӕнзуйнаг ӕй Хуцауи лӕггадгӕнӕг Иов. Е ӕ цӕстити хӕццӕ бадзурд искодта, ӕндӕр силгоймӕгтӕмӕ мондаг каст ке некӕд кӕндзӕй (Иов 31:1). Дӕхецӕн федарӕй зӕгъӕ, порнографимӕ ке некӕд кӕсдзӕнӕ. Удта ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕндӕр ескӕмӕ дзора.
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Иннетӕ ’й гъӕуама уинонцӕ, дӕ цардӕмбали берӕ ке уарзис, уой.
-
Дӕ цардӕмбал ци гъуди кӕнуй, уобӕл сагъӕс кӕнӕ. Зӕгъӕн, иннети хӕццӕ дӕхе куд дарис, е ӕ зӕрдӕмӕ ку нӕ цӕуа, уӕд дӕхе уотӕ мабал дарӕ.