1 ХАЙ
Хуцаумӕ игъосетӕ, цӕмӕй амондгун уайтӕ
«Райдайӕни сӕ ка сфӕлдиста, е сӕ нӕлгоймагӕй ӕма силгоймагӕй... сфӕлдиста» (Матфейи 19:4).
Йеговӕ a Хуцау байеу кодта фиццаг нӕлгоймаг ӕма силгоймаги цард. Библий финст ӕй, зӕгъгӕ, Хуцау сфӕлдиста силгоймаги «ӕма ’й адӕймагмӕ ӕрбакодта». Адами цийнӕн кӕрон дӕр нӕ адтӕй ӕма загъта: «Кӕдӕй-уӕдӕй! Айӕ ӕй стӕг ме стӕгӕй, ӕма бауӕр мӕ бауӕрӕй» (Райдайӕн 2:22, 23). Йегови фӕндуй, цӕмӕй абони дӕр бийнонтӕ амондгун уонцӕ.
Адӕймаг ӕ цард еске хӕццӕ ку байеу кӕнуй, уӕд имӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма ӕ бийнонти цардӕн тӕссаг некӕд нецӕмӕй уодзӕй. Фал лӕг ӕма уосӕ кӕрӕдзей цийфӕнди уарзт ма кӕнонцӕ, уӕддӕр зиндзийнӕдтӕй хизт неке ӕй (1 Коринфӕгтӕмӕ 7:28). Аци брошюри Библийӕй ци уагӕвӕрдтӕ ес, уонӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрайтӕ, уӕд амондгун уодзинайтӕ (Псалом 19:8–11).
1 ЙЕГОВӔ УӔБӔЛ ЦИ ИХӔСТӔ ИСӔВАРДТА, УОНИ ӔНХӔСТ КӔНТӔ
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? Нӕлгоймаг ӕй бийнонти хестӕр (Ефесӕгтӕмӕ 5:23).
Йегови фӕндуй, цӕмӕй лӕг ӕ уосӕбӕл тухса (1 Петури 3:7). Хуцау силгоймаги сфӕлдиста, цӕмӕй нӕлгоймагӕн, ӕ хӕццӕ ка ’сфедауа, уӕхӕн ӕнхусгӕнӕг уа, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй лӕг ӕ уосӕн кадӕ кӕна ӕма ’й уарза (Райдайӕн 2:18). Лӕг ӕ уоси ӕцӕгӕй ку уарза, уӕд ибӕл ӕхецӕй хъӕбӕрдӕр тухсдзӕй (Ефесӕгтӕмӕ 5:25–29).
Йегови ма фӕндуй, цӕмӕй уосӕ дӕр ӕ лӕги нимайа ӕма ин ӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ ӕнхус кӕна (1 Коринфӕгтӕмӕ 11:3; Ефесӕгтӕмӕ 5:33). Нӕлгоймаг ести унаффӕ ку рахӕсса, уӕд ибӕл силгоймаг гъӕуама исарази уа ӕма ӕнӕзийнадӕй ӕ фарсмӕ балӕууа (Колоссӕгтӕмӕ 3:18). Уӕд ин ӕ лӕги цӕсти дӕр ӕма Йегови цӕсти дӕр устур кадӕ уодзӕй (1 Петури 3:1–6).
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Дӕ цардӕмбали бафӕрсӕ, ци ӕй дӕ бон кӕнун, цӕмӕй ин хуӕздӕр уай. Лӕмбунӕг имӕ байгъосӕ ӕма байархайӕ, цӕмӕй, ци гъӕуй, уой раййевай.
-
Бухсун зонӕ. Цӕмӕй кӕрӕдзей лӕдӕрун исахур уайтӕ, уой туххӕй рӕстӕг гъӕуй.
2 ДӔ ЦАРДӔМБАЛБӔЛ САГЪӔС КӔНӔ
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? Сагъӕс кӕнӕ, дӕ цардӕмбалӕн куд хуӕздӕр уодзӕй, уобӕл (Филиппӕгтӕмӕ 2:3, 4). Гъӕуама ’й уина, хъӕбӕр хъазар дин ке ӕй, уой. Иронх ди ма уӕд, Йегови уотӕ ке фӕндуй, цӕмӕй ӕ лӕггадгӕнгутӕ «алке хӕццӕ дӕр уонцӕ фӕлмӕн» (2 Тимофеймӕ 2:24). Йегови сугъдӕг хъаурӕ дин банхус кӕндзӕй дӕ цардӕмбали хӕццӕ фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзорун (Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23; Колоссӕгтӕмӕ 4:6).
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Дӕ цардӕмбали хӕццӕ уӕ ести ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл радзорун ку гъӕуа, уӕд уой размӕ Йеговӕмӕ исковӕ, цӕмӕй бухсун зонай ӕма ин ӕ гъуди балӕдӕрай.
-
Ци зӕгъдзӕнӕ, удта ’й куд зӕгъдзӕнӕ, уобӕл рагацау расагъӕс кӕнӕ.
3 ЕУ ЗУНДБӔЛ ХУӔСТ УОТӔ
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? Уӕ цард ку байеу кодтайтӕ, уӕд иссайтӕ «еу бауӕр» (Матфейи 19:5). Фал уӕддӕр дууӕ фӕйнӕхузи адӕймаги ке айтӕ, уомӕ гӕсгӕ алцӕмӕ еци-еу цӕстӕй нӕ кӕсдзинайтӕ. Уой туххӕй гъӕуама исахур уайтӕ ӕмзундӕй архайун (Филиппӕгтӕмӕ 2:2). Еу зундбӕл хуӕст ку уайтӕ, уӕд уин унаффитӕ хӕссун ӕнцондӕр уодзӕй. Библий финст ес: «Унаффи фӕрци адӕймагӕн ӕ фӕндтӕ ӕ къохи бафтуйунцӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 20:18). Мадта ӕхсидзгӕ унаффитӕ хӕсгӕй Библий уагӕвӕрдтӕй пайда кӕнтӕ (Ӕмбесӕндтӕ 8:32, 33).
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Дӕ цардӕмбалӕн айдагъ дӕ гъудитӕ ма дзорӕ, фал ин дӕ зӕрди ци ес, уой дӕр раргом кӕнӕ.
-
Ескӕмӕн ести дзурд раттуни размӕ бал дӕ цардӕмбали хӕццӕ радзорӕ.
a Библимӕ гӕсгӕ Йеговӕ ӕй Хуцауи ном.