5 ХАЙ
Дӕ цардӕмбали бийнонти хӕццӕ фӕрнӕй цӕрӕ
«Уотӕ хӕларзӕрдӕ, сӕрниллӕг, фӕлмӕн ӕма фӕразон» (Колоссӕгтӕмӕ 3:12).
Адӕймаг ӕ цард еске хӕццӕ ку байеу кӕна, уӕд дууемӕй исунцӕ нӕуӕг бийнонтӕ. Ӕма кӕд дӕ ниййергути уарзис, уӕддӕр дин нур зӕнхи цъарӕбӕл дӕ цардӕмбалӕй хъазардӕр неке ес. Уобӕл, ка ’й зонуй, уӕ ниййергутӕ тагъд не ’сахур уодзӕнцӕ. Фал уин Библий уагӕвӕрдтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзей ниййергути хӕццӕ дӕр фӕрнӕй цӕрайтӕ ӕма дӕ цардӕмбали хӕццӕ дӕр кӕрӕдзебӕл никки ӕхцулдӕр уайтӕ. Аци статьяй унаффитӕй пайда кӕнӕн ес, дзурд иннӕ хеуӕнттӕбӕл ку цӕуа, уӕддӕр.
1 УӔ НИЙЙЕРГУТӔН АРГЪ КӔНТӔ
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Нимайӕ дӕ фиди ӕма дӕ мади» (Ефесӕгтӕмӕ 6:2). Цӕйбӕрцӕфӕнди дӕбӕл ку цӕуа, уӕддӕр гъӕуама дӕ ниййергутӕн кадӕ кӕнай ӕма сӕ нимайай, удта дӕ цардӕмбалӕн дӕр ӕ ихӕс ӕй, цӕмӕй ӕ ниййергутӕбӕл тухса. Ӕма сӕмӕ хуарз зӕрдӕ ке даруй, е дин гъулӕг ма уӕд. «Уарзондзийнадӕ соцъа нӕ кӕнуй», зӕгъгӕ, финст ӕй Библий (1 Коринфӕгтӕмӕ 13:4; Галатӕгтӕмӕ 5:26).
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Уӕхе хезетӕ уӕхӕн дзурдтӕй: «Дӕ бийнонтӕ мӕ алкӕддӕр ӕфхуӕргӕ фӕккӕнунцӕ». Кенӕ: «Мӕ еунӕг гъуддаг дӕр дӕ мади зӕрдӕмӕ некӕд фӕццӕуй».
-
Архайӕ, дӕ цардӕмбал гъуддагмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой балӕдӕрунбӕл.
2 КУ ГЪӔУА, УӔД ФЕДАР ФӔЛЛӔУУӔ
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Адӕймаг ниууадздзӕй ӕ фидӕ ӕма ӕ мади ӕма байеу уодзӕй ӕ уоси хӕццӕ, ӕма дууемӕй уодзӕнцӕ еу бауӕр» (Райдайӕн 2:24). Адӕймаг бийнонтӕ ку ’скӕнуй, уӕддӕр ма имӕ ӕ ниййергутӕ сувӕллони цӕстӕй фӕккӕсунцӕ, ӕма сӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума ӕнӕ уони унаффитӕй цӕрун нӕ базондзӕй.
Дӕ цардӕмбали хӕццӕ радзубанди кӕнӕ, уӕ ниййергути хӕццӕ ӕрмӕстдӕр цӕхуӕн гъуддӕгти фӕдбӕл унаффӕ кӕндзинайтӕ, ӕма син уой фӕсте уӕ гъуди уӕзданӕй балӕдӕрун кӕнтӕ. Сӕ хӕццӕ дзоретӕ ӕргом, фал фӕлмӕн (Ӕмбесӕндтӕ 15:1). Сӕрниллӕг, фӕлмӕн ӕма фӕразон ку уайтӕ, уӕд уӕ бийнонти хӕццӕ фӕрнӕй цӕрдзинайтӕ ӕма «уарзондзийнади фӕрци кӕрӕдземӕн бухсдзинайтӕ» (Ефесӕгтӕмӕ 4:2).
ЦИ ЕС БАКӔНӔН?
-
Кӕд дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма уин уӕ ниййергутӕ ӕгӕр берӕ унаффитӕ дӕттунцӕ, уӕд дӕ цардӕмбали хӕццӕ сабурбӕл радзорӕ.
-
Уӕхӕн уавӕрти куд кӕндзинайтӕ, уой фӕдбӕл еу гъудимӕ ӕрцотӕ.