Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

4 ХАЙ

Уе ’хца цӕбӕл харз кӕнтӕ?

Уе ’хца цӕбӕл харз кӕнтӕ?

«Унаффи фӕрци адӕймагӕн ӕ фӕндтӕ ӕ къохи бафтуйунцӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 20:18).

Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, бийнонтӕ дарунмӕ ӕхца гъӕуй (Ӕмбесӕндтӕ 30:8). Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ӕхцатӕ адӕймаги гъӕуай кӕнунцӕ (Екклесиаст 7:12). Ка ’й зонуй, лӕг ӕма уосӕн ӕнцон нӕ фӕууй ӕхцай хӕццӕ баст гъуддӕгтӕбӕл дзорун, фал гъӕуама архайонцӕ, цӕмӕй сӕмӕ ӕхцай туххӕй хӕлхъой ма рауайа (Ефесӕгтӕмӕ 4:32). Лӕг ӕма уосӕ гъӕуама кӕрӕдзебӕл ӕууӕндонцӕ ӕма, се ’хцатӕ цӕбӕл харз кӕндзӕнцӕ, уой фӕдбӕл кӕрӕдзей хӕццӕ унаффӕ кӕнонцӕ.

1 УӔ ХӔРЗТӔ ПЪЛАН КӔНТӔ

БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Сумахӕй еске мӕсуг исамайун ку исфӕндӕ кӕна, уӕд бал раздӕр не ’рбаддзӕй ӕма, е ’скӕнӕггаг цӕйбӕрцӕ ислӕудзӕй, уой нӕ банимайдзӕй, цӕмӕй ӕй зона, е ’скӕнуни фагӕ имӕ ес ӕви нӕ?» (Лукай 14:28). Уе ’хцатӕ цӕбӕл харз кӕндзинайтӕ, уой гъӕуама еумӕ пълан кӕнайтӕ (Амос 3:3). Расагъӕс кӕнтӕ, ӕцӕгӕйдӕр уӕ ци гъӕуй балхӕнун ӕма уӕ бон цӕйбӕрцӕ ’й бахарз кӕнун, уобӕл (Ӕмбесӕндтӕ 31:16). Ести балхӕнунмӕ уӕмӕ ’хца ке ес, е уобӕл дзорӕг нӕма ’й, ӕма ’й гъӕуама ӕлхӕнгӕ бакӕнайтӕ. Архайетӕ, цӕмӕй уӕ ӕфстау есун ма багъӕуа. Уӕ къох цӕйбӕрцӕ амонуй, уомӕй фулдӕр ма харз кӕнтӕ (Ӕмбесӕндтӕ 21:5; 22:7).

ЦИ ЕС БАКӔНӔН?

  • Мӕйи кӕронмӕ уӕмӕ ’хца ку байзайа, уӕд бадзубанди кӕнтӕ, хуӕздӕр си куд ес испайда кӕнӕн, уобӕл.

  • Ӕхца уин ку нӕбал фагӕ кӕна, удта бадзубанди кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ хӕрзтӕ фӕмминкъийдӕр кӕнайтӕ. Зӕгъӕн, цӕттӕ хуӕруйнаг ӕлхӕнуни бӕсти ’й уӕхуӕдтӕ кӕнтӕ.

2 ӔРГОМ ДЗОРЕТӔ ӔМА БОНЗОНГӔ УОТӔ

БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС? «Архайетӕ алцидӕр ӕнӕзӕрдихудтӕй кӕнун, ӕма айдагъ Йегови рази нӕ, фал адӕми рази дӕр» (2 Коринфӕгтӕмӕ 8:21). Дӕ цардӕмбалӕн ӕргом дзорӕ, ӕхца дӕмӕ цӕйбӕрцӕ ӕфтуйуй ӕма цӕйбӕрцӕ бахарз кӕнис, уой.

Устур хӕрзтӕ кӕнун дӕ ку багъӕуа, уӕд дӕ цардӕмбали хӕццӕ радзубанди кӕнӕ (Ӕмбесӕндтӕ 13:10). Ӕхцай туххӕй ӕргом ку дзорайтӕ, уӕд уӕ медастӕу фарнӕ уодзӕй. Иронх ди ма уӕд, ци ’хца уӕмӕ ӕфтуйуй, етӕ айдагъ дӕу нӕ ’нцӕ, фал уӕ дууей дӕр (1 Тимофеймӕ 5:8).

ЦИ ЕС БАКӔНӔН?

  • Бадзубанди кӕнтӕ, ӕнӕ кӕрӕдзей фӕрсгӕй уи алкӕмӕн дӕр ӕ бон цӕйбӕрцӕ ’й бахарз кӕнун, уобӕл.

  • Цалинмӕ уин ӕхцай хӕццӕ баст зиндзийнӕдтӕ нӕма фӕззиндтӕй, уӕдмӕ сӕбӕл рагацау дзоретӕ.