Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

4 ХАЙ

Сайтанмӕ байгъустонцӕ. Е сӕ цӕмӕ ӕркодта?

Сайтанмӕ байгъустонцӕ. Е сӕ цӕмӕ ӕркодта?

Адам ӕма Евӕ Хуцаумӕ нӕ байгъустонцӕ, ӕма рамардӕнцӕ. Райдайӕн 3:6, 23

Евӕ байгъуста хелагӕмӕ ӕма бахуардта еци бӕласи рӕзӕй. Уой фӕсте си равартта Адамӕн ӕма си е дӕр бахуардта.

Етӕ ци бакодтонцӕ, е Хуцауи рази адтӕй тӕрегъӕд. Хуцау сӕ ратардта сӕ дессаги цӕрӕнбунатӕй – дзенетон хӕдзарӕй.

Сӕхуӕдӕг дӕр ӕма сӕ цӕуӕт дӕр тухцард кӕнун байдӕттонцӕ. Адам ӕма Евӕ базӕронд ӕнцӕ ӕма рамардӕнцӕ. Етӕ мӕрдти бӕстӕмӕ нӕ рандӕ ’нцӕ. Рамардӕнцӕ ӕма сӕ цард уобӕл фӕцӕй.

Мӕрдтӕ ӕнцӕ сикъити хузӕн ӕнӕуод. Райдайӕн 3:19

Адӕм уой туххӕй мӕлунцӕ, ӕма ӕгасӕйдӕр ӕнцӕ Адам ӕма Еви байзӕдтӕгтӕ. Мӕрдтӕн сӕ бон нӕй нӕдӕр уинун, нӕдӕр игъосун, нӕдӕр ӕндӕр ести кӕнун (Екклесиаст 9:5, 6, 10).

Йеговӕ адӕми мӕлунӕн не сфӕлдиста. Ӕма тагъд рӕстӕги, ка рамардӕй, уонӕн нӕуӕгӕй ратдзӕй цард зӕнхӕбӕл. Ку имӕ игъосонцӕ, уӕд цӕрдзӕнцӕ ӕностӕмӕ.