Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

12 ХАЙ

Бийнонтӕ амондгун кӕд уодзӕнцӕ?

Бийнонтӕ амондгун кӕд уодзӕнцӕ?

Бийнонти амонд кӕнгӕ ’й уарзондзийнадӕй. Ефесӕгтӕмӕ 5:33

Хуцауи закъонмӕ гӕсгӕ ӕнкъайадӕбӕл нимад цӕуй, еу лӕг ӕма еу уосӕ сӕ цард ку баеу кӕнунцӕ, е.

Уарзӕг лӕг ӕ бийнойнагӕн фӕууй фӕлмӕн ӕма си ӕгӕр берӕ нӕ фӕддомуй.

Уосӕ ӕ лӕги дзурдӕн гъӕуама аргъ кӕна.

Сувӕллӕнттӕ гъӕуама сӕ ниййергути коммӕ кӕсонцӕ.

Хӕларзӕрдӕ ӕма еузӕрдон уо. Колоссӕгтӕмӕ 3:5, 8–10

Библи фӕдзӕхсуй, зӕгъгӕ, лӕг ӕхе уод куд уарзуй, ӕ уоси дӕр уотӕ гъӕуама уарза, уосӕ ба ӕ лӕги гъӕуама нимайа.

Лӕг ӕ уосӕй уӕлдай мондаг цӕстӕй макӕци силгоймагмӕ гъӕуама кӕса. Библимӕ гӕсгӕ адӕймагӕн уӕхӕн барӕ нӕййе, цӕмӕй ин цалдӕр уоси кенӕ цалдӕр лӕги уа.

Библи амонуй, бийнонти цард амондгун цӕй фӕрци уодзӕй, уой.