14 ХАЙ
Йеговӕбӕл еузӕрдон кӕд уодзӕнӕ?
Хуцауи фарс ӕрлӕууӕ. 1 Петури 5:6–9
Библий нихмӕ цидӕриддӕр ӕгъдӕуттӕ ес, уонӕй дӕхе хезӕ. Уомӕн ба гъӕуй лӕгдзийнадӕ.
Политики гъуддӕгтӕй дӕхе хезӕ. Политики ка архайуй, етӕ нӕ ’нцӕ Йеговӕ ӕма ӕ Паддзахади фарс.
Матфейи 7:24, 25
Раст унаффӕ рахӕссӕ – Хуцаумӕ игъосӕ.Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ Библи ахур кӕнӕ ӕма дин банхус кӕндзӕнцӕ Хуцаубӕл ӕновуд ун.
Идарддӕр дӕр Хуцауи базонунбӕл архайӕ ӕма ин ӕ закъӕнттӕ ӕнхӕст кӕнӕ.
Де ’ууӕндундзийнадӕ ку исфедар уа, уӕд дӕ гъӕудзӕй Йеговӕн дзурд раттун ӕма донаргъуд райсун (Матфейи 28:19).
Хуцаумӕ игъосӕ. Библи кӕсӕ ӕма Йегови Ӕвдесӕнтӕн зӕгъӕ, цӕмӕй дин ӕй лӕдӕрун кӕнонцӕ. Ци базонай, уомӕ гӕсгӕ ба цӕргӕ дӕр кӕнӕ. Уотӕ ку кӕнай, уӕд цӕрдзӕнӕ ӕностӕмӕ (Псалом 37:29).