11 ХАЙ
Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕ игъосуй?
Хуцау нин нӕ кувдтитӕ игъосуй. 1 Петури 3:12
Йеговӕ ӕй, кувдтитӕ ка игъосуй, еци Хуцау (Псалом 65:2). Фӕндуй ӕй, цӕмӕй имӕ зӕрдӕбунӕй ковӕн.
Ковӕ ӕрмӕстдӕр Йеговӕмӕ.
1 Иоанни 5:14
Хуцаумӕ нӕ бон ӕй берӕ цӕйдӕрти туххӕй ковун.Хуцаумӕ ковӕ, цӕмӕй ӕ фӕндон куд уӕлӕрвти, уотӕ зӕнхӕбӕл дӕр уа.
Корӕ Йеговӕй, цӕмӕй дин ӕнхус кӕна, ӕ цӕсти раст ци ӕй, уой кӕнунӕн. Хуцаумӕ ма дӕ бон ӕй ковун къӕбӕр, куст, цӕрӕнбунат, ӕма уӕлӕдарӕси туххӕй, уӕдта ма сӕйгити туххӕй дӕр.
Киристей нивондӕн ке аргъ кӕнис, е бӕрӕг уодзӕй, Хуцаумӕ уой номӕй ку ковай, уӕд.