Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

15 СӔР

Дӕ бон куд ӕй, раст дин кӕци ӕй, уой базонун?

Дӕ бон куд ӕй, раст дин кӕци ӕй, уой базонун?

1. Хуцауӕн куд гъӕуама ковӕн, уой нин ка балӕдӕрун кӕндзӕй?

ДИНТӔН сӕ фулдӕр уотӕ фӕдздзорунцӕ, ӕма адӕнӕн Хуцауи туххӕй рӕстдзийнадӕ амонунцӕ. Фал уомӕн гӕнӕн нӕййес, уомӕн ӕма си еуетӕ еу хузи дзорунцӕ, иннетӕ ба – ӕндӕрхузи. Мадта Хуцау ка ӕй ӕма имӕ куд гъӕуама ковӕн, уой нӕ бон куд ӕй базонун? Уой нин Хуцауӕн ӕхецӕй хуӕздӕр неке балӕдӕрун кӕндзӕй.

2. Хуцауӕн куд гъӕуама ковӕн, уой нӕ бон кӕцӕй ӕй базонун?

2 Йеговӕ нин равардта Библи, ӕма уордигӕй нӕ бон ӕй базонун, куд ин гъӕуама ковӕн, уой. Мадта Библи идарддӕр дӕр ахур кӕнӕ. Йеговӕ дин ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй Библий ахурӕдтӕ лӕдӕрай ӕма дӕ цард уонӕмӕ гӕсгӕ аразай, уомӕн ӕма дӕбӕл тухсуй (Исай 48:17).

3. Хуцау нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

3 Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма Хуцауи зӕрдӕмӕ еугур динтӕ дӕр цӕунцӕ. Фал Йесо ӕндӕрхузи дзурдта. Е загъта: «Мӕнмӕ „Хецау! Хецау!“ ка дзоруй, уонӕй алке нӕ бацӕудзӕй уӕларвон паддзахадӕмӕ, фал имӕ бацӕудзӕй, мӕ уӕларвон Фиди фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй, е». Уомӕ гӕсгӕ бал гъӕуама Хуцауӕн ӕ фӕндон базонӕн ӕма ’й ӕнхӕст кӕнӕн. Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй, уомӕн ӕма Хуцаумӕ ка нӕ игъосуй, уони Йесо исхудта «фудгӕнгутӕ» (Матфеййи 7:21–23).

4. Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнуни туххӕй Йесо ци загъта?

4 Йесо дзурдта, Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун нин алкӕд ӕнцон ке нӕ уодзӕй. Е загъта: «Бахезетӕ нарӕг дуарбӕл, уомӕн ӕма исӕфтмӕ ка кӕнуй, еци над ӕй фӕтӕн ӕма уӕрӕх, ӕма ибӕл беретӕ цӕунцӕ. Цардмӕ ка кӕнуй, еци над ба унгӕг ӕй, ӕма дуар дӕр нарӕг ӕй, ӕма еци над беретӕ не ’ссерунцӕ» (Матфеййи 7:13, 14). Унгӕг над, кенӕ раст дин, кӕнуй ӕносон цардмӕ. Уӕрӕх над ба, кенӕ мӕнгӕ дин, кӕнуй мӕлӕтмӕ. Фал Йегови нӕ фӕндуй, цӕмӕй еске рамӕла. Е алли адӕймагӕн дӕр фадуат дӕттуй, цӕмӕй ӕй базона ӕма цӕра (2 Петури 3:9).

ДӔ БОН КУД ӔЙ, РАСТ ДИН КӔЦИ ӔЙ, УОЙ БАЗОНУН?

5. Раст динбӕл хуӕст адӕни дӕ бон куд ӕй базонун?

5 Йесо куд загъта, уомӕ гӕсгӕ раст динбӕл хуӕст адӕни базонӕн ес, сӕ гъуддӕгтӕй ӕма, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уомӕй. Е загъта: «Сӕ гъуддӕгтӕй [комкоммӕ „рӕзӕй“] сӕ базондзиайтӕ». Удта ма ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта: «Алли хуарз бӕласӕбӕл дӕр ӕрзайуй хуарз рӕзӕ» (Матфеййи 7:16, 17, феппайуйнаг). Е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма Хуцауӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст ӕнцӕ. Фал етӕ алкӕддӕр фӕййархайунцӕ, раст ци ӕй, уой кӕнунбӕл. Мадта лӕмбунӕгдӕр радзубанди кӕнӕн, раст динбӕл хуӕст адӕни куд ӕнгъезуй базонун, уобӕл.

6, 7. Раст дини ахурӕдтӕн сӕ бундор Библи цӕмӕн ӕй? Йесойӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

6 Сӕ ахурӕдти бундор ӕй Библи. Библи зӕгъуй: «Финстадӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр ӕй Хуцауи разамундӕй финст ӕма пайда ӕй адӕймаги ахур кӕнунмӕ, уайдзӕф кӕнунмӕ, гъуддӕгтӕ раст кӕнунмӕ, раст зундбӕл аразунмӕ, цӕмӕй Хуцауи адӕймаг алцидӕр хуарз зона ӕма алли хуарз гъуддагмӕ дӕр алцӕмӕйдӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Апостол Павел киристӕнттӕмӕ ниффинста: «Махӕй Хуцауи дзурд ку фегъустайтӕ, уӕд ӕй адӕймаги дзурдбӕл нӕ банимадтайтӕ, фал, ӕцӕгӕй ци ӕй, уобӕл – Хуцауи дзурдбӕл» (1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13). Раст динӕн ӕ ахурӕдти бундор ӕй ӕрмӕстдӕр Хуцауи Дзурд, Библи. Еци ахурӕдтӕ адӕни гъудитӕбӕл ӕма ӕгъдӕуттӕбӕл арӕзт нӕ ’нцӕ.

7 Йесо цидӕриддӕр амудта, уомӕн дӕр ӕ бундор адтӕй Хуцауи Дзурд. (Бакӕсӕ Иоанни 17:17.) Еске хӕццӕ дзоргӕй арӕх ӕрхӕссидӕ Финстадӕй кӕцидӕр скъуддзӕгтӕ (Матфеййи 4:4, 7, 10). Хуцауи ӕцӕг лӕггадгӕнгутӕ дӕр Йесой фӕнзунцӕ – иннетӕн ци фӕййамонунцӕ, е ист фӕууй Библийӕй.

8. Хуцауӕн ковуни туххӕй Йесо ци дзурдта?

8 Ковунцӕ ӕрмӕстдӕр Йеговӕн. Псалом 83:18 финст ӕй: «Ду, ӕ ном Йеговӕ кӕмӕн ӕй, ӕрмӕстдӕр ду... дӕ Еунӕг Устур Хуцау, Хецау ӕгас зӕнхӕн». Йесой фӕндадтӕй, цӕмӕй адӕн зудтайуонцӕ, ӕцӕг Хуцау ка ӕй, уой, ӕма син Хуцауи ном ӕргом кодта. (Бакӕсӕ Иоанни 17:6.) Йесо загъта: «Дӕ Хуцау Йеговӕн ковӕ ӕма ӕрмӕстдӕр уомӕн лӕггадӕ кӕнӕ» (Матфеййи 4:10). Хуцауӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ фӕнзунцӕ Йесой, удта ковунцӕ ӕрмӕстдӕр Йеговӕн ӕма ’й хонунцӕ ӕ номӕй. Етӕ адӕнӕн Хуцауи ном ӕргом кӕнунцӕ ӕма син дзорунцӕ, ци хуарздзийнӕдтӕ син искӕндзӕй, уой туххӕй.

9, 10. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ кӕрӕдзей ке уарзунцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

9 Кӕрӕдзей уарзунцӕ ӕцӕг уарзтӕй. Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн дзурдта, кӕрӕдзей ке гъӕуама уарзонцӕ. (Бакӕсӕ Иоанни 13:35.) Ӕма уӕлдай нӕй, кӕцӕй ӕнцӕ кенӕ цӕхуӕн адӕни астӕу исгъомбӕл ӕнцӕ, кенӕ ба гъӕздуг ӕнцӕ ӕви мӕгур. Кӕрӕдзей ке уарзунцӕ, е сӕ еу кӕнуй, ӕма уой фӕрци ӕнцӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ (Колоссӕгтӕмӕ 3:14). Уомӕ гӕсгӕ етӕ тохгӕ нӕ кӕнунцӕ. Библий финст ӕй: «Хуцауи сувӕллӕнтти ӕма Сайтани сувӕллӕнтти уомӕй ес базонӕн: раст гъуддӕгтӕ ка нӕ кӕнуй, е Хуцауӕй нӕй. Уотӕ зӕгъӕн ес, е ’нсувӕрти ка нӕ уарзуй, уомӕй дӕр». Идарддӕр ба си ес уӕхӕн дзурдтӕ: «Мах гъӕуама кӕрӕдзей уарзӕн ӕма, Фидбилизӕй ка адтӕй ӕма е ’нсувӕри фудмард ка ракодта, еци Каини хузӕн ма уӕн» (1 Иоанни 3:10–12; 4:20, 21).

10 Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ кӕрӕдземӕн ӕнхус кӕнунцӕ ӕма кӕрӕдзей нифс федар кӕнунцӕ, ӕма уобӕл сӕ рӕстӕг, сӕ хъауритӕ ӕма сӕмӕ ци ес, уой не ’вгъау кӕнунцӕ (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25). Етӕ «алкӕмӕндӕр хуарздзийнадӕ» кӕнунцӕ (Галатӕгтӕмӕ 6:10).

11. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ Киристемӕ цӕмӕн игъосунцӕ?

11 Йесо Киристемӕ игъосунцӕ, уомӕн ӕма ӕрмӕстдӕр уой фӕрци ес фӕййервӕзӕн. Библий финст ӕй: «Удта фӕййервӕзӕн дӕр ӕндӕр неке фӕрци ес, уомӕн ӕма арви бун Хуцау ӕндӕр некӕмӕн равардта уӕхӕн ном – ӕрмӕстдӕр уой фӕрци фӕййервӕздзиан» (Гъуддӕгтӕ 4:12). Аци киунуги 5 сӕри куд базудтан, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ Йесой рарвиста, цӕмӕй ӕ цард нивондӕн равардтайдӕ, Хуцаумӕ игъосун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕни туххӕй (Матфеййи 20:28). Йеговӕ Йесой равзурста, цӕмӕй зӕнхӕн Паддзах иссайдӕ. Мадта Библий дӕр уомӕ гӕсгӕ финст ӕй, зӕгъгӕ, кӕд нӕ ӕносмӕ цӕрун фӕндуй, уӕд гъӕуама Киристемӕ игъосӕн. (Бакӕсӕ Иоанни 3:36.)

12. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ политики цӕмӕннӕ архайунцӕ?

12 Политики нӕ архайунцӕ. Йесо политики нӕ архайдта. Тӕрхон ин ку кодтонцӕ, уӕд ромаг хецау Пилатӕн загъта: «Мӕ паддзахадӕ аци дуйнейӕй нӕй». (Бакӕсӕ Иоанни 18:36.) Раст динбӕл хуӕст адӕн дӕр Йесой хузӕн еузӕрдон ӕнцӕ Хуцауи уӕларвон Паддзахадӕбӕл. Уомӕ гӕсгӕ политики нӕ архайунцӕ, кӕмифӕнди ма цӕронцӕ, уӕддӕр. Фал ма син Библи фӕдзӕхсуй, «хецӕуттӕн», кенӕ хецауӕдтӕн, коммӕгӕс уотӕ, зӕгъгӕ (Ромӕгтӕмӕ 13:1). Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ, сӕ бӕсти ци закъӕнттӕ ес, уони. Фал ескӕци закъон Хуцауи закъони нихмӕ ку фӕууй, уӕдта бакӕнунцӕ, апостолтӕ куд бакодтонцӕ, уотӕ. Апостолтӕ ба загътонцӕ: «Хуцау ӕй нӕ хецау, ӕма фиццагидӕр гъӕуама уомӕ игъосӕн, адӕнмӕ нӕ, фал» (Гъуддӕгтӕ 5:29; Марки 12:17).

13. Раст динбӕл хуӕст адӕн Хуцауи Паддзахади туххӕй цӕхуӕн хабар игъосун кӕнунцӕ?

13 Ӕууӕндунцӕ, зиндзийнӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуцауи Паддзахадӕ ке искӕндзӕй. Йесо загъта: «Хуцауи Паддзахади туххӕй... хуарз хабар игъустгонд ӕрцӕудзӕй ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр». (Бакӕсӕ Матфеййи 24:14.) Зӕнхон хецауӕдтӕй еуей бон дӕр нӕй сабур цард искӕнун. Е ӕрмӕстдӕр Хуцауи Паддзахади бон ӕй (Псалом 146:3). Йесо разӕнгард кодта Хуцауи Паддзахади туххӕй ковун: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахадӕ. Дӕ фӕндон уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ уӕд зӕнхӕбӕл дӕр» (Матфеййи 6:10). Библий финст ӕй, зӕгъгӕ, Хуцауи Паддзахадӕ фесафдзӕй зӕнхон паддзахӕдтӕ еугурейдӕр, «ӕхуӕдӕг ба уодзӕй ӕносмӕ» (Данел 2:44).

14. Куд дӕмӕ кӕсуй, раст динбӕл хуӕст ка ӕй?

14 Мадта фӕууидтан, раст динбӕл хуӕст адӕни куд ес базонӕн, уой. Иннетӕн амонунцӕ, ӕрмӕстдӕр Библий ци финст ес, уой. Адӕнӕн Хуцауи ном ӕргом кӕнунцӕ ӕма кӕрӕдзей ӕцӕг уарзтӕй уарзунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма Киристемӕ игъосунцӕ, политики нӕ архайунцӕ ӕма адӕнӕн дзорунцӕ, сабур цард ӕрмӕстдӕр Хуцауи Паддзахадӕ ке искӕндзӕй. Уотӕ ка кӕнуй? Ӕрмӕстдӕр Йегови Ӕвдесӕнтӕ (Исай 43:10–12).

ДУ КУД БАКӔНДЗӔНӔ?

15. Цӕмӕй нӕ лӕггадӕ Хуцауи зӕрдӕмӕ цӕуа, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй?

15 Хуцау ке ес, уобӕл ӕууӕндун фагӕ нӕй. Уобӕл сайтӕнттӕ дӕр ӕууӕндунцӕ, фал имӕ игъосгӕ нӕ кӕнунцӕ (Иакови 2:19). Кӕд нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕ лӕггадӕ Хуцауи зӕрдӕмӕ цӕуа, уӕд Хуцаубӕл айдагъ ӕууӕндгӕ гъӕуама ма кӕнӕн, фал ма нин ци дзоруй, уой ӕнхӕст дӕр кӕнӕн.

16. Мӕнгӕ динӕй рацӕун цӕмӕн гъӕуй?

16 Цӕмӕй нӕ лӕггадӕ Хуцауи зӕрдӕмӕ цӕуа, уой туххӕй гъӕуама мӕнгӕ динӕй рацӕуӕн. Пахампар Исай ниффинста: «Рацотӕ уордигӕй, уӕхе ма ницъцъумур кӕнтӕ» (Исай 52:11; 2 Коринфӕгтӕмӕ 6:17). Мадта нин гъӕуама мӕнгӕ динти хӕццӕ еумӕйагӕй мацибал уа.

17, 18. «Устур Вавилон» ци ӕй ӕма си тагъддӕр рацӕун цӕмӕн гъӕуй?

17 Мӕнгӕ дин ци ӕй? Ӕ ахурӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст кӕмӕн нӕ ’нцӕ, еци дин ӕй мӕнгӕ дин. Зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр мӕнгӕ динтӕ ес, уони Библи хонуй «Устур Вавилон» (Раргомадӕ 17:5). Цума цӕмӕн? Дони хъиамӕти фӕсте горӕт Вавилони фӕззиндтӕй берӕ мӕнгӕ ахурӕдтӕ. Фӕстӕдӕр еци ахурӕдтӕ зӕнхӕбӕл рапурхӕ ’нцӕ. Зӕгъӕн, Вавилони ка цардӕй, еци адӕн кувтонцӕ ӕртеууон хуцӕуттӕн. Ӕма абони дӕр берӕ динтӕ Хуцауи Троицӕ фӕххонунцӕ. Фал Библий комкоммӕ финст ӕй, Йеговӕ еунӕг ӕцӕг Хуцау ке ӕй, Йесо Киристе ба – ӕ Фурт (Иоанни 17:3). Вавилони цӕргутӕ ма ӕууӕндтӕнцӕ, адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ӕ уод цӕргӕ ке байзайуй, удта зиндонӕ ке ес, уобӕл. Фал етӕ мӕнгӕ ахурӕдтӕ ’нцӕ. (Кӕсӕ 14, 17 ӕма 18 уӕлӕнхасӕнтӕ.)

18 Хуцау загъта, тагъд рӕстӕги мӕнгӕ динтӕ исӕфт ке ӕрцӕудзӕнцӕ (Раргомадӕ 18:8). Мадта ’й лӕдӕрис, мӕнгӕ динӕй тагъддӕр рацӕун цӕмӕн гъӕуй, уой? Йеговӕ Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй си тагъддӕр рацӕуай (Раргомадӕ 18:4).

Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ку райдайай, уӕд дин фӕззиндзӕй, алли адӕнихӕттитӕй ка ӕй, уӕхӕн бийнонтӕ

19. Йеговӕ дӕбӕл куд батухсдзӕй, лӕггадӕ кӕнун ин ку исфӕндӕ кӕнай, уӕд?

19 Мӕнгӕ дин ниууадзун ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ку исфӕндӕ кӕнай, уӕд дӕ, гӕнӕн ес, ӕма дӕ бийнонтӕй ӕма де ’мбӕлттӕй кадӕртӕ ма балӕдӕронцӕ ӕма ма дӕ нихмӕ дӕр рацӕуонцӕ. Фал дӕ Йеговӕ нӕ ниууадздзӕй. Ратдзӕй дин, кӕрӕдзей ӕцӕг уарзтӕй ка уарзуй, уӕхӕн бийнонтӕ – етӕ ӕнцӕ милиуантӕ ӕма цӕрунцӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр. Уомӕй уӕлдай ма дин фӕззиндзӕй ӕносмӕ цӕруни нифс Хуцауи нӕуӕг дуйней (Марки 10:28–30). Удта де ’мбӕлттӕй кенӕ дӕ бийнонтӕй дӕ нихмӕ ка цӕуй, уонӕй еске, гӕнӕн ес, ӕма фӕстӕдӕр Библи ахур кӕнун дӕр райдайа.

20. Ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, цӕмӕй Хуцауӕн, ӕ зӕрдӕмӕ куд цӕуй, уотӕ лӕггадӕ кӕнун райдайай?

20 Тагъд рӕстӕги Йеговӕ ӕгас фуддзийнадӕн дӕр кӕрон искӕндзӕй ӕма ӕ Паддзахадӕ ӕгас зӕнхӕн дӕр разамунд дӕтдзӕй (2 Петури 3:9, 13). Е дессаги рӕстӕг уодзӕй! Еугурӕйдӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ, уой куд фӕндуй, уотӕ. Мадта рӕстӕг мабал ивазӕ. Хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй, цӕмӕй Хуцауӕн, ӕ зӕрдӕмӕ куд цӕуй, уотӕ лӕггадӕ кӕнун райдайай.