26 СӔР
Зӕнхӕ иссуодзӕй Дзенет!
Йеговӕ уӕларвон Паддзахади Паддзахӕй исӕвардта Киристей. Еци Паддзахади фӕрци Йеговӕ ӕ ном искадгин кӕндзӕй ӕма Дун-дуйней хецау ке ӕй, уой исбӕлвурд кӕндзӕй, удта лӕгъуздзийнадӕн кӕрон искӕндзӕй
БИБЛИЙ фӕстаг киунугӕ Раргомадӕ, кенӕ Апокалипсис, еугур адӕмӕн дӕр дӕттуй нифс. Аци киунуги финст ӕй, апостол Иоанн цӕстӕбӕлуайӕни куд фӕууидта, Йеговӕ ӕ фӕндон кӕронмӕ куд исӕнхӕст кӕндзӕй, уой.
Фиццаг цӕстӕбӕлуайӕни Иоанн фӕууидта, Йесо кӕцидӕр ӕмбурдтӕ куд ӕстауй, кӕцидӕртӕн ба унаффӕ куд дӕттуй, уой. Иннӕ цӕстӕбӕлуайӕни ба фӕууидта Хуцауи паддзахбадӕн уӕлӕрвти, ӕ алливарс ба изӕдтӕ Хуцауи куд кадгин кодтонцӕ, уой.
Уӕриккӕн, гъома Йесо Киристейӕн, лӕвӕрд ӕрцудӕй тухтонӕ авд мухурей хӕццӕ. Фиццаг цуппар мухури ист ку ’рцудӕнцӕ, уӕд фӕззиндтӕй цуппар бӕхгини. Фиццаг бӕхгин, уорс бӕхбӕл, ӕй Йесо, ӕма ин лӕвӕрд ӕнцӕ паддзахи бартӕ. Ӕ фӕсте ба ма рацудӕй ӕртӕ бӕхгини, фӕйнӕхузи бӕхтӕбӕл. Етӕ ба нисан кӕнунцӕ тугъдтитӕ, стонгдзийнадӕ ӕма незтӕ – фӕстаг бӕнтти бӕрӕггӕнӕнтӕ. Ӕвдӕймаг мухур ист ку ’рцудӕй, удта, Йегови тӕрхӕнттӕ ка игъосун кодта, еци авд уадиндзи ниууастонцӕ. Уой фӕсте ӕрцудӕй авд «бӕллӕхи», етӕ ӕвдесунцӕ Хуцауи маст.
Иннӕ цӕстӕбӕлуайӕни ба ӕвдист цӕуй нӕуӕгигурд биццеу, гъома Хуцауи Паддзахадӕ уӕлӕрвти куд исфедар ӕй, е. Уой фӕсте уӕлӕрвти райдӕдта тугъд, ӕма Сайтан, удта ӕ фӕдбӕл ка рацудӕй, еци изӕдтӕ зӕнхӕмӕ гӕлст ӕрцудӕнцӕ. Иоанн финста: «Мӕгурбон зӕнхӕн ӕма денгизӕн, уомӕн ӕма уӕмӕ Ибилис ниццудӕй хъӕбӕр мӕстгунӕй,– зонуй ӕй, рӕстӕг ин берӕ ке нӕбал байзадӕй!» (Раргомадӕ 12:12).
Иоанн фӕууидта уӕлӕрвти Уӕрикки, гъома Йесой, ӕ хӕццӕ ба 144 000 ӕвзурст адӕймаги. Етӕ ӕнцӕ Киристей ӕмпаддзӕхтӕ. Раргомади киунугӕ ӕвдесуй, Байзӕддаги хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй, етӕ ӕдеугурӕй 144 000 ке ’нцӕ (Раргомадӕ 14:1; 20:6).
Аци дуйней хецӕуттӕ ӕмбурд кӕнунцӕ, «Алцигъон Хуцауи устур бон ка уодзӕй, еци тугъдмӕ». Хуннуй Армагеддон. Еци хецӕуттӕ тохунцӕ, уорс бӕхбӕл ка бадуй, еци бӕхгини хӕццӕ – уӕларвон ӕфсӕдти сӕргълӕууӕг Йесо Киристей хӕццӕ. Киристе е ’фсӕдти хӕццӕ дуйней хецӕутти фесафдзӕй, Сайтани ба исбӕтдзӕй. Зӕнхӕн 1 000 анзей дӕргъи паддзӕхтӕ уодзӕнцӕ Киристе ӕма ӕ 144 000 ӕмпаддзахи, уой фӕсте ба Сайтан ӕносмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕй (Раргомадӕ 16:14; 20:4).
Зӕнхӕ Йесой ӕма е ’мпаддзӕхти дӕлбарӕ ку уа, уӕд е коммӕгӕс адӕмӕн цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй? Иоанн ниффинста: «[Йеговӕ] син ниссӕрфдзӕй сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист. Раздӕр ци адтӕй, е фӕййевгъудӕй» (Раргомадӕ 21:4). Зӕнхӕ нӕуӕгӕй иссӕй Дзенет!
Уотемӕй Раргомади киунуги Библийӕн ӕ сӕйраг гъуди кӕронмӕ ӕвдист цӕуй. Киристей Паддзахади фӕрци Йегови ном исрохс уодзӕй ӕма ин Дун-дуйней Хецауи бартӕ ке ес, е кӕронмӕ исбӕрӕг уодзӕй!