Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

9 СӔР

Израилӕгтӕ паддзах байагурдтонцӕ

Израилӕгтӕ паддзах байагурдтонцӕ

Израили фиццаг паддзах Саул Хуцауӕн ӕгоммӕгӕс разиндтӕй. Ӕ фӕсте паддзах иссӕй Давид. Хуцау ӕ хӕццӕ бадзурд искодта, ӕносмӕ ка лӕудзӕй, еци паддзахади туххӕй

САМСОНИ рӕстӕгути фӕсте Израили пахампар ӕма тӕрхонгӕнӕг адтӕй Самуил. Израилӕгтӕ имӕ ниллӕудтӕнцӕ, цӕмӕй син паддзахӕй еске исӕвардтайдӕ, уомӕн ӕма сӕ нӕ фӕндадтӕй иннӕ адӕмӕй хецӕн кӕнун. Кӕд уомӕй Хуцауи ӕгадӕ кодтонцӕ, уӕддӕр Йеговӕ Самуилӕн загъта, цӕмӕй син сӕ дзурд исӕнхӕст кодтайдӕ. Хуцау паддзахӕй равзурста сӕрниллӕг адӕймаги, хундтӕй Саул. Рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд Саул иссӕй сӕрбӕрзонд ӕма ӕгоммӕгӕс. Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ Самуилӕн загъта, цӕмӕй ин ӕ бӕсти ӕригон Давиди паддзахӕй исӕвардтайдӕ. Фал цалинмӕ Давид паддзах иссӕй, уӕдмӕ ӕнзтӕ рацудӕй.

Еу хатт ӕригон Давид е ’нсувӕрти бабӕрӕг кӕнунмӕ рандӕ ’й. Етӕ лӕггадӕ кодтонцӕ Саули ӕфсади. Ӕнӕгъӕнӕ ӕфсад дӕр хъӕбӕр тарстӕй, Голиаф ке худтонцӕ, еци филистимаг уӕйугӕй. Голиаф израилӕгтӕбӕл гириз кодта ӕма Хуцауи номбӕл цъифӕ калдта. Давид имӕ хъӕбӕр рамӕстгун ӕй, ӕма ӕртӕ метри ка адтӕй, еци уӕйуги нихмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ рацудӕй. Хуӕцӕнгарзӕй имӕ адтӕй ӕрмӕстдӕр дорӕхсӕн ӕма цалдӕр дори. Голиаф ӕй ку фӕууидта, уӕд ибӕл ходун райдӕдта. Фал ин Давид ба загъта, зӕгъгӕ, ду мӕ нихмӕ хъӕмай хӕццӕ рацудтӕ, ӕз ба дӕ нихмӕ цӕун мӕ Хуцау Йегови номи хӕццӕ. Давид ибӕл дор фехста, ӕма Голиаф рахъан ӕй, удта ин ӕхе хъӕмайӕй ӕ сӕр ракъуӕрдта. Филистимӕгтӕ сӕ фур тӕссӕй ледзӕги фӕцӕнцӕ.

Фиццаг Саул Давиди лӕгдзийнадӕбӕл хъӕбӕр бацийнӕ кодта, ӕма ’й е ’фсади сӕргълӕууӕгӕй исӕвардта, фал имӕ удта соцъа кӕнун райдӕдта. Уой туххӕй си Давид ледзӕги фӕцӕй ӕма цалдӕр анзи хауӕггаги цард фӕккодта. Кӕд ӕй Саул марунмӕ гъавта, уӕддӕр ӕй Давид ӕ паддзахбӕл нимадта, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрдтӕй, Йеговӕй ӕвӕрд ке ӕй. Фӕстагмӕ Саул тугъди будури фӕммардӕй. Уой фӕсте берӕ нӕ рацудӕй, ӕма Давид паддзах иссӕй, Йеговӕ куддӕриддӕр загъта, уотӕ.

«Ӕз [ин] ӕ паддзахбадӕн исфедар кӕндзӕн ӕносмӕ» (2 Самуили 7:13)

Паддзах Давиди хъӕбӕр фӕндадтӕй Йеговӕн ковӕндонӕ исаразун. Фал ин Хуцау ба загъта, е нӕ, фал ӕй ӕ байзӕддаг ке искӕндзӕй. Е адтӕй ӕ фурт Соломон. Фал Хуцау Давидӕн уӕддӕр райарфӕ кодта ӕма ӕ хӕццӕ искодта бадзурд. Зӕрдӕ ин байвардта, ӕ байзӕддӕгтӕ ӕносмӕ паддзӕхтӕ ке уодзӕнцӕ ӕма, Едеми ци Байзӕддаги кой кодта, гъома Ервӕзунгӕнӕг, е дӕр уомӕй ке рацӕудзӕй. Еци Байзӕддаг адтӕй Киристе. Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, Киристе, ӕности дӕргъи ка лӕудзӕй, еци Паддзахади Паддзах ке уодзӕй.

Давид Хуцауӕй хъӕбӕр боз адтӕй, ӕма еци ковӕндонӕ исаразунмӕ цидӕриддӕр ӕрмӕг гъудӕй, уой ӕрӕмбурд кодта. Давид ма берӕ псаломтӕ ниффинста. Ӕ царди кӕрон ба ма загъта: «Йегови хъаурӕй дзурдтон ӕз, ӕма ӕ дзурд адтӕй ме ’взагбӕл» (2 Самуили 23:2).

1 ӕма 2 Самуили; 1 Анзфинстити; Исай 9:7; Матфеййи 21:9; Лукай 1:32; Иоанни 7:42.