Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

11 СӔР

Уодӕнцойнӕ ка хӕссуй ӕма ахур ка кӕнуй, уӕхӕн зартӕ

Уодӕнцойнӕ ка хӕссуй ӕма ахур ка кӕнуй, уӕхӕн зартӕ

Давид ӕма иннетӕ ниффинстонцӕ, Хуцауӕн кадӕ ка хӕссуй, уӕхӕн зартӕ. Псаломти киунуги ес 150 уӕхӕн зари

БИБЛИЙ тӕккӕ устурдӕр киунуги финст ес, Хуцауӕн кадӕ ка хӕссуй, уӕхӕн зартӕ. Еци зартӕ финст цудӕнцӕ 1 000 анзей дӕргъи, ӕма си Хуцауи туххӕй берӕ арф гъудитӕ ес. Ӕвдист си цӕуй, адӕймагмӕ цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ фӕззиннуй, е, зӕгъӕн, цийнӕдзийнадӕ, боздзийнадӕ, зӕрди рист ӕма фӕсмон. Бӕрӕг ӕй, псаломтӕ ка финста, етӕ Хуцауи хъӕбӕр ке уарзтонцӕ ӕма ибӕл федарӕй ке ӕууӕндтӕнцӕ. Ӕркӕсӕн, еци зарти цӕхуӕн арф гъудитӕ ес, уонӕй цалдӕремӕ.

Хуцау ӕй Дуйнедарӕг ӕма кади аккаг. Псалом 83:18 стихи финст ӕй: «Ду, ӕ ном Йеговӕ кӕмӕн ӕй, ӕрмӕстдӕр ду дӕ Еунӕг Устур Хуцау, Хецау ӕгас зӕнхӕн». Еуӕй-еу псаломтӕ Йегови кадгин кӕнунцӕ, ци сфӕлдиста, уой туххӕй, зӕгъӕн, стъалутӕ, рӕсугъд ӕрдзӕ ӕма адӕймаги дессаги бауӕр (Псалом 8, 19, 139, 148). Иннӕ псаломтӕ ба ’й кадгин кӕнунцӕ, ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути ке гъӕуай кӕнуй ӕма сӕ ке ервӕзун кӕнуй, уой туххӕй (Псалом 18, 97, 138). Кӕцидӕртӕ ба Йегови кадгин кӕнунцӕ, раст Хуцау ке ӕй, ӕфхуӕрд адӕми ке ервӕзун кӕнуй ӕма фудгӕнгути ке бафхуӕруй, уой туххӕй (Псалом 11, 68, 146).

Йеговӕ ӕнхус кӕнуй ӕма уодӕнцойнӕ дӕттуй, ка ’й уарзуй, уонӕн. Ӕвӕдзи, псаломтӕй тӕккӕ зундгонддӕр ӕй 23-аг псалом. Уоми Давид Йегови хонуй, ӕ фусти ка гъӕуай кӕнуй ӕма сӕбӕл ка тухсуй, уӕхӕн фӕлмӕнзӕрдӕ Фиййау. Псалом 65:2 стих нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, Йеговӕ, «кувдтитӕ ка игъосуй», уӕхӕн Хуцау ке ӕй. Уӕззау тӕрегъӕд ка искодта, етӕ уодӕнцойнӕ иссердзӕнцӕ 39-аг ӕма 51-аг псаломти. Уоми финст ӕй, Давид ӕ тӕрегъӕдбӕл куд фӕсмон кодта ӕма куд федарӕй ӕууӕндтӕй, Йеговӕ ин ӕй ке ниххатир кӕндзӕй, уобӕл. Псалом 55:22 стих нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕн ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн.

Йеговӕ ӕ Паддзахади фӕрци дуйней уавӕр раййевдзӕй. Псаломти кӕцидӕр скъуддзӕгтӕ хаунцӕ Киристемӕ – Хуцау зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци Паддзахмӕ. 2-аг псаломи финст ӕрцудӕй, еци Паддзах, ӕ нихмӕ ка цӕуй, еци лӕгъуз адӕми ке фесафдзӕй. 72-аг псалом ба ӕвдесуй, еци Паддзах кӕрон ке искӕндзӕй стонгдзийнадӕн ӕма хӕран гъуддӕгтӕн, удта иннети ка ӕфхуӕруй, уони фесафдзӕй. Псалом 46:9 стих куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ба Хуцау ӕ Паддзахади фӕрци кӕрон искӕндзӕй тугъдтитӕн, ӕма зӕнхӕбӕл еунӕг тохӕндзаумау дӕр нӕбал байзайдзӕй. 37-аг псалом ба нин зӕрдӕ ӕвӕруй, фудгӕнгутӕ ке фесӕфдзӕнцӕ, растгӕнгутӕ ба зӕнхӕбӕл ӕносмӕ амондгунӕй ӕма фӕрнӕй ке цӕрдзӕнцӕ.

Псаломтӕ.