Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

1 СӔР

Хуцау адӕми ӕрцӕрун кодта Дзенети

Хуцау адӕми ӕрцӕрун кодта Дзенети

Хуцау сфӕлдиста Дун-дуйне ӕма цард зӕнхӕбӕл. Удта ма сфӕлдиста ӕнхӕст нӕлгоймаг ӕма силгоймаги, ӕрцӕрун сӕ кодта рӕсугъд дзӕхӕрадони ӕма син равардта фӕдзӕхститӕ

«РАЙДАЙӔНИ Хуцау сфӕлдиста арв ӕма зӕнхӕ» (Райдайӕн 1:1). Аци дзурдтӕ ӕнцӕ хумӕтӕг ӕма дессаг, уомӕн ӕма сӕ зӕнхӕбӕл ка нӕма фегъуста, уӕхӕн адӕймаг, ӕвӕдзи, нӕбал байзадӕй. Гъе уотемӕй нӕ Библи зонгӕ кӕнуй, сӕйрагидӕр си ке туххӕй финст ес, уой хӕццӕ – Дуйнедарӕг Хуцау Йегови хӕццӕ. Библий фиццаг стихти финст ес, Хуцау ке сфӕлдиста Дун-дуйне, планетитӕ ӕма мах ци зӕнхӕбӕл цӕрӕн, уой дӕр. Идарддӕр си дзурд цӕуй, Хуцау бӕлвурд рӕстӕгути дӕргъи зӕнхӕ цӕрунмӕ ке цӕттӕ кодта ӕма си дессаги рӕсугъд ӕрдзӕ ке искодта. Еци рӕстӕгутӕ Библи хонуй «бӕнттӕ».

Хуцау зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр сфӕлдиста, уонӕй тӕккӕ дессагдӕр адтӕй адӕймаг. Хуцау ӕй ӕхемӕ гӕсгӕ сфӕлдиста, гъома ’й исхайгин кодта, ӕхемӕ ци менеугутӕ ес, уонӕй, зӕгъӕн, уарзондзийнадӕ ӕма зундӕй. Йеговӕ адӕймаги зӕнхӕй искодта, равардта ин ном Адам ӕма ’й ӕрцӕрун кодта дзенети – Едеми дзӕхӕрадони. Еци дзӕхӕрадони адтӕй аллихузи бӕлӕстӕ.

Хуцау ӕй уидта, Адами ӕмбал ке гъудӕй. Ӕма ин ӕ еу фӕрскъӕй силгоймаги искодта ӕма ’й Адаммӕ ӕрбакодта. Еци силгоймаг иссӕй Адами уосӕ ӕма ’й исхудта Евӕ. Адам хъӕбӕр бацийнӕ кодта ӕма загъта: «Кӕдӕй-уӕдӕй! Айӕ ӕй стӕг ме стӕгӕй, ӕма бауӕр мӕ бауӕрӕй». Хуцау загъта: «Уомӕ гӕсгӕ адӕймаг ниууадздзӕй ӕ фидӕ ӕма ӕ мади ӕма байеу уодзӕй ӕ уоси хӕццӕ, ӕма дууемӕй уодзӕнцӕ еу бауӕр» (Райдайӕн 2:22–24; 3:20).

Хуцау Адам ӕма Евӕн равардта дууӕ фӕдзӕхсти. Фиццаг: гъӕуама зӕнхӕ рӕсугъд кодтайуонцӕ, цӕуӕт уагътайуонцӕ ӕма зӕнхӕ байдзаг кодтайуонцӕ. Дуккаг: гъӕуама ӕнӕгъӕнӕ дзӕхӕрадони еу бӕласи рӕзӕй ма бахуардтайуонцӕ, «хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой зонуни бӕласӕй» (Райдайӕн 2:17). Хуцаумӕ ку нӕ байгъустайуонцӕ, уӕд сӕ хизтайдӕ мӕлӕт. Адам ӕма Евӕ еци фӕдзӕхститӕ ку ӕнхӕст кодтайуонцӕ, уӕд бавдистайуонцӕ, Хуцауи сӕ Хецаубӕл ке нимайунцӕ, ке ’й уарзунцӕ ӕма син ци искодта, уомӕн ке аргъ кӕнунцӕ, уой. Неци гъӕуагӕ адтӕнцӕ, сӕ бон адтӕй Хуцаумӕ игъосун ӕма амондгунӕй цӕрун. Фиццаг дууӕ адӕймаги алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст адтӕнцӕ. Библий финст ес: «Уой фӕсте Хуцау ракастӕй цидӕриддӕр сфӕлдиста уомӕ ӕма алцидӕр адтӕй хъӕбӕр хуарз» (Райдайӕн 1:31).

Райдайӕн, 1 ӕма 2 сӕртӕ.