7 СӔР
Хуцау израилӕгти Египеттӕй исуӕгъдӕ кодта
Йеговӕ Египетбӕл бӕллӕхтӕ ӕруагъта, ӕма Моисей израилӕгти уордигӕй ракодта. Хуцау израилӕгтӕн равардта закъӕнттӕ
БЕРӔ ӕнзти израилӕгтӕ дзӕбӕхӕй цардӕнцӕ Египетти ӕма фулдӕрӕй-фулдӕр кодтонцӕ. Фал си фӕззиндтӕй, Иосифи ка нӕ зудта, уӕхӕн фараон. Е адтӕй ӕнӕхатир адӕймаг ӕма израилӕгтӕ фулдӕр ке кӕнунцӕ, уомӕй тарстӕй. Уой туххӕй израилӕгтӕй цагъартӕ искодта ӕма бардзурд равардта, цӕмӕй син сӕ нӕуӕгигурд биццеути Нили цӕугӕдонмӕ рагӕлстайуонцӕ. Фал еу нифсгун силгоймаг ӕ сувӕллони тӕскъи ниввардта ӕма ’й Нили цӕугӕдони кӕрдӕгути астӕу баримахста. Уоми ’й иссирдта фараони кизгӕ ӕма ’й ӕхецӕн райста. Е ӕй исхудта Моисей, ӕма ’й куд ӕхе биццеу, уотӕ исхаста.
Моисейбӕл 40 анзи ку цудӕй, уӕд израилаг цагъари сӕрбӕл исдзурдта ӕма египеттаги рамардта. Уой фӕсте Моисей ӕндӕр бӕстӕмӕ фӕллигъдӕй ӕма уоми цӕрун райдӕдта. 80 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд ӕй Йеговӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ рарвиста. Уоми гъӕуама фараони рази ӕрлӕудтайдӕ ӕма ин загътайдӕ, цӕмӕй израилӕгти рауадза.
Фал имӕ фараон нӕ байгъуста. Уӕд Хуцау Египетбӕл дӕс бӕллӕхи ӕруагъта. Алли бӕллӕхи размӕ дӕр Моисей фараони бафӕдзӕхсидӕ, фал фараон Моисей ӕма Йегови фӕдзӕхститӕ нецӕмӕ дардта. Ӕма фӕстаг бӕллӕхи египеттӕгти фиццагигурдтӕ рамардӕнцӕ, фал Йеговӕмӕ ка байгъуста ӕма ӕ дуари тӕрвазӕ нивонди уӕрикки тогӕй ка байсарста, уонӕбӕл ба неци ’рцудӕй. Хуцауи изӕд еци хӕдзӕртти рӕзти рацудӕй ӕма син сӕ фиццагигурдти нӕ рамардта. Уой фӕсте израилӕгтӕ алли анз дӕр бӕрӕг кодтонцӕ еци бон, ӕма син хундтӕй Комуадзӕн.
Фараонӕн ӕ фурт ку рамардӕй, уӕд Моисеййӕн загъта, исистетӕ ӕма еугурӕйдӕр Египетти зӕнхӕй рандӕ уотӕ, зӕгъгӕ. Етӕ дӕр сӕхе рацӕттӕ кодтонцӕ ӕма рацудӕнцӕ. Фал уой фӕсте фараон ӕрфӕсмон кодта, ке сӕ рауагъта, уобӕл, ӕма е ’фсади хӕццӕ тохӕн бӕхуӕрдӕнттӕбӕл сӕ фӕдбӕл рацудӕй. Израилӕгтӕ Сурх денгизмӕ ку бахъӕрдтӕнцӕ, уӕд сӕмӕ уотӕ фӕккастӕй, цума скъӕппӕги бахаудтӕнцӕ. Фал Йеговӕ денгизи дӕнттӕ рахецӕн кодта, ӕма израилӕгтӕ сор зӕнхӕбӕл иннӕ фарсмӕ бацудӕнцӕ! Египеттӕгтӕ дӕр бӕхуӕрдӕнттӕбӕл сӕ фӕсте рараст ӕнцӕ, фал сӕбӕл Йеговӕ дӕнттӕ фӕстӕмӕ ӕркалдта ӕма фараони е ’фсади хӕццӕ фесафта.
Фӕстӕдӕр Синаййи хонхрӕбун Йеговӕ израилӕгти хӕццӕ бадзурд искодта. Уоми син равардта закъӕнттӕ. Моисей ба куд ӕхсӕни лӕг, уотӕ син сӕ фегъосун кодта. Еци закъӕнттӕ сӕ гъӕуай кодтонцӕ ӕма син разамунд лӕвардтонцӕ царди алли фӕззелӕни дӕр. Израилӕгтӕ сӕ Хуцаумӕ ку игъустайуонцӕ, уӕд син ӕнхус кодтайдӕ, ӕма уони фӕрци иннӕ адӕмихӕттитӕн дӕр арфӕ кодтайдӕ.
Фал израилӕгтӕн сӕ фулдӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон н’ адтӕнцӕ ӕма ин ӕ зӕрдӕ ресун кодтонцӕ. Уой туххӕй Йеговӕ уотӕ бакодта, ӕма ӕдзӕрӕг будури 40 анзи фӕррахау-бахау кодтонцӕ. Уой фӕсте Моисей ӕхе бӕсти разамонӕгӕй исӕвардта, ӕууӕнкӕ кӕбӕл адтӕй, уӕхӕн адӕймаги, Навини фурт Йесой. Ӕма нур сӕ бон адтӕй, Йеговӕ Авраамӕн зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци зӕнхӕмӕ бацӕун.
Рацуд; Левит; Нимӕдзтӕ; Дуккаг закъон; Псалом 136:10–15; Гъуддӕгтӕ 7:17–36.