Адӕми гъезӕмӕрттӕн кӕрон уодзӕй?
Дӕумӕ гӕсгӕ...
-
уодзӕй?
-
нӕ уодзӕй?
-
зин зӕгъӕн ӕй?
БИБЛИЙ ФИНСТ ЕС
«Хуцау... син ниссӕрфдзӕй сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист» (Раргомадӕ 21:3, 4, «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»).
Е ДӔУӔН ЦӔБӔЛ ДЗОРӔГ ӔЙ
Зондзӕнӕ ’й, зиндзийнӕдтӕ Хуцауи фудӕй ке не ’ййафӕн (Иакови 1:13).
Зондзӕнӕ ’й, Хуцауи зӕрдӕ нӕбӕл ке фӕрресуй, ӕма дин е хӕсдзӕй уодӕнцойнӕ (Захари 2:8).
Нифс дӕмӕ уодзӕй, тагъд еугур гъезӕмӕрттӕн дӕр кӕрон ке ӕрцӕудзӕй (Псалом 37:9–11).
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, УОБӔЛ ЦӔМӔН ӔЙ НӔ БОН ӔУУӔНДУН?
Тӕккӕ минкъийдӕр, дууӕ гъуддагей туххӕй.
-
Хуцауӕн зин кӕсӕн ӕй гъезӕмӕрттӕмӕ ӕма ӕнӕраст гъуддӕгтӕмӕ. Йеговӕн раги дзаманти хъӕбӕр зин уидӕ, ӕ адӕм карз ӕфхуӕрд ку баййафиуонцӕ, уӕд. Библи зӕгъуй, Хуцау син тӕрегъӕд ке кодта, уомӕн ӕма сӕ «аллирдигӕй ӕлхъивтонцӕ» (Тӕрхонгӕнгути 2:18).
Хуцау мӕстӕй фицуй, фудгъуддӕгтӕ ка кӕнуй, уонӕмӕ кӕсгӕй. Библи зӕгъуй, зӕгъгӕ, «фудгин ка нӕй, уой тог ка никкалуй», уӕхӕн адӕмӕй Хуцау е ’сӕфт уинуй (Ӕмбесӕндтӕ 6:16, 17).
-
Хуцауӕн махӕй алке дӕр хъазар ӕй. Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй нӕ сагъӕстӕ уой бӕрагӕ бакӕнӕн, уомӕн ӕма нӕбӕл тухсуй (1 Петури 5:7).
Тагъд Йеговӕ ӕ Паддзахади фӕрци адӕми гъезӕмӕрттӕн кӕрон искӕндзӕй (Матфейи 6:9, 10). Нур ба бал дӕттуй уодӕнцойнӕ, ка ’й агоруй, еци кӕдзосзӕрдӕ адӕмӕн (Гъуддӕгтӕ 17:27; 2 Коринфӕгтӕмӕ 1:3, 4).
КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?
Хуцау гъезӕмӕрттӕн кӕрон цӕмӕннӕ кӕнуй?
Библий аци фарстайӕн дзуапп ес РОМӔГТӔМӔ 5:12 ӕма 2 ПЕТУРИ 3:9.