Исонибон нӕ цард цӕхуӕн уодзӕй?
Цума цард...
-
нур куд ӕй, уотемӕй байзайдзӕй?
-
фӕффуддӕр уодзӕй?
-
фӕххуӕздӕр уодзӕй?
БИБЛИЙ ФИНСТ ЕС
«Хуцау... син ниссӕрфдзӕй сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист. Раздӕр ци адтӕй, е фӕййевгъудӕй» (Раргомадӕ 21:3, 4, «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»).
Е ДӔУӔН ЦӔБӔЛ ДЗОРӔГ ӔЙ
Уодзӕй дин, дӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуа, уӕхӕн куст (Исай 65:21–23).
Незтӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ нӕбал уодзӕй (Исай 25:8; 33:24).
Ӕностӕмӕ амондгунӕй цӕрдзӕнӕ, дӕ бийнонти ӕма де ’мбӕлтти хӕццӕ (Псалом 37:11, 29).
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, УОБӔЛ ЦӔМӔН ӔЙ НӔ БОН ӔУУӔНДУН?
Тӕккӕ минкъийдӕр, дууӕ гъуддагей туххӕй.
-
Хуцау зӕрдӕ цӕмӕй байвӕруй, уой алкӕддӕр исӕнхӕст кӕнуй. Библи ӕрмӕстдӕр Йегови хонуй «Алцигъон Хуцау», уомӕн ӕма ӕ хъаурӕ ӕнӕкӕрон ӕй (Раргомадӕ 15:3). Уомӕ гӕсгӕ ин зин нӕй ӕ дзурд исӕнхӕст кӕнун ӕма цард хуарзӕрдӕмӕ раййевун. Библий финст ӕй: «Хуцауӕн алцидӕр ӕй ӕ бон» (Матфейи 19:26).
-
Хуцауи хъӕбӕр фӕндуй, зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой исӕнхӕст кӕнун. Зӕгъӕн, ка рамардӕй, уони фӕстӕмӕ райгас кӕнунмӕ Йеговӕ хъӕбӕр «бӕллуй» (Иов 14:14, 15).
Библий ма финст ӕй, Хуцауи Фурт, Йесо Киристе, сӕйгити ке дзӕбӕх кодта. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ӕхе фӕндадтӕй уотӕ (Марки 1:40, 41). Киристей дӕр ӕ Фиди хузӕн хъӕбӕр фӕндадтӕй мӕгур ӕма сӕйгӕ адӕмӕн ӕнхус кӕнун (Иоанни 14:9).
Уомӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун, Йегови ӕма Йесой ке фӕндуй, цӕмӕй федӕни амондгун цард кӕнӕн (Псалом 72:12–14; 145:16; 2 Петури 3:9).
КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?
Хуцау аци дуйне хуарзӕрдӕмӕ куд раййевдзӕй?
Библий аци фарстайӕн дзуапп ес МАТФЕЙИ 6:9, 10 ӕма ДАНЕЛИ 2:44.