Абони зӕнхӕбӕл Йегови фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй?

Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕнӕгъӕнӕ дуйнебӕл дӕр ӕнцӕ. Етӕ аллихузи адӕмихӕттитӕй ӕнцӕ ӕма аллихузи уавӕрти исгъомбӕл ӕнцӕ. Фал куд адӕм, уотӕ цӕмӕй дессаг ӕнцӕ?

Хуцауи фӕндон цӕй медӕг ӕй?

Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй ин ӕ фӕндон ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр игъосун кӕнонцӕ. Ӕ фӕндон цӕхуӕн ӕй ӕма ’й абони адӕмӕн ка игъосун кӕнуй?

LESSON 1

Йегови Ӕвдесӕнтӕ ка ’нцӕ?

Йегови Ӕвдесӕнтӕй еске зонис? Еци адӕм ӕцӕгӕй ка ’нцӕ, уой туххӕй ци зонис?

LESSON 2

Йегови Ӕвдесӕнтӕ цӕмӕн хуннӕн?

Ӕркӕсӕ еци ном цӕмӕн райстан, уой туххӕй ӕртӕ гъуддагемӕ.

LESSON 3

Рӕстдзийнадӕ нӕуӕгӕй куд раргом ӕй?

Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма мах Библи раст лӕдӕрӕн?

LESSON 4

«Нӕуӕг дуйней тӕлмац» мухури цӕмӕн рауагътан?

«Нӕуӕг дуйней тӕлмац» иннӕ тӕлмацтӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй?

LESSON 5

Не ’мбурдтӕмӕ ку цӕуай, уӕд дин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

Мах еумӕ ӕмбурд кӕнӕн, цӕмӕй Финстадӕ ахур кӕнӕн ӕма кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауӕн. Уоми дӕбӕл зӕрдиагӕй бацийнӕ кӕндзӕнцӕ!

LESSON 6

Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти хӕццӕ цӕмӕн фембӕлӕн?

Хуцауи Дзурд киристӕнтти разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй кӕрӕдземӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ уонцӕ. Базонӕ, еци адӕми астӕу ку уай, уӕд дин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уой.

LESSON 7

Не ’мбурдтӕ куд фӕццӕунцӕ?

Некӕд расагъӕс кодтай, не ’мбурдтӕ куд фӕццӕунцӕ, уобӕл? Дӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццӕудзӕй, Библи си куд фӕййахур кӕнунцӕ, е.

LESSON 8

Не ’мбурдтӕмӕ рӕсугъд кондӕй цӕмӕн фӕццӕуӕн?

Адӕймаг цӕхуӕн дарӕси гъӕуама уа, уомӕ Хуцау цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй? Базонӕ, Библи кӕдзос ӕма рӕсугъд конди туххӕй ци дзоруй.

LESSON 9

Ӕмбурдтӕмӕ цӕттӕ кӕнун куд гъӕуй?

Ӕмбурдтӕмӕ дӕхе рагацау ку цӕттӕ кӕнай, уӕд дин фулдӕр пайда хӕсдзӕнцӕ.

LESSON 10

Ци ӕй бийнонти ахур?

Базонӕ, е дин куд банхус кӕндзӕй Хуцаумӕ ӕма дӕ бийнонтӕмӕ хӕстӕг кӕнун.

LESSON 11

Конгресстӕмӕ цӕмӕн фӕццӕуӕн?

Анзи медӕг нин ӕртӕ хатти фӕууй устур ӕмбурдтӕ. Дӕ бон ци ӕй бакӕнун, цӕмӕй дӕуӕн дӕр еци ӕмбурдтӕ пайда хӕссонцӕ?

LESSON 12

Хуарз хабар куд игъосун кӕнӕн?

Киристе зӕнхӕбӕл куд игъосун кодта, мах дӕр уотӕ игъосун кӕнӕн. Игъосун кӕнуни мадзӕлттӕй еуӕй-еуетӕ цӕхуӕн ӕнцӕ?

LESSON 13

Пионер ка ӕй?

Еуӕй-еуетӕ игъосун кӕнунцӕ 30, 50 кенӕ фулдӕр сахатти мӕйӕмӕ. Ци сӕ разӕнгард кӕнуй?

LESSON 14

Пионертӕн цӕхуӕн скъолатӕ ес?

Хуцауи Паддзахади туххӕй игъосун кӕнунмӕ ӕ рӕстӕгӕй фулдӕр хай ка дӕттуй, уонӕн цӕхуӕн скъолатӕ ес?

LESSON 15

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурдӕн куд лӕггадӕ кӕнунцӕ?

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн се ’ууӕндундзийнадӕ федар ӕй ӕма ӕмбурди дӕттунцӕ разамунд. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ?

LESSON 16

Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕбӕл ӕмбурди цӕхуӕн ихӕстӕ ес?

Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕ ӕмбурди цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ фӕккӕнунцӕ? Базонӕ, ци куст кӕнунцӕ, е ӕмбурди иннетӕн ци пайда хӕссуй, уой.

LESSON 17

Районон цӕстӕдаргутӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ?

Районон цӕстӕдаргутӕ ӕмбурдтӕ цӕмӕн фӕббӕрӕг кӕнунцӕ? Дӕ бон ци ӕй бакӕнун, цӕмӕй дин се ’рбацуд пайда ӕрхӕсса?

LESSON 18

Зин сахат не ’нсувӕртӕн куд банхус кӕнӕн?

Бӕллӕх ку ’рцӕуй, уӕд мах, бӕллӕхи ка бахаудтӕй, уонӕн уайтагъд банхус кӕнӕн ӕма сӕ фарсмӕ бӕлӕууӕн. Кутемӕй?

LESSON 19

Ка ӕй ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар?

Йесо зӕрдӕ байвардта ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг афойнадӕбӕл ка дӕтдзӕй, уӕхӕн цагъарӕй. Ӕ зӕрдӕвӕрд куд исӕнхӕст кодта?

LESSON 20

Разамонӕг совет абони ци куст кӕнуй?

Фиццаг ӕноси Разамонӕг совети лӕггадӕ кодтонцӕ хестӕр нӕлгоймӕгти ӕма апостолти минкъий къуар. Абони ба?

LESSON 21

Ци ӕй Вефил?

Вефил ӕй тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр куст кӕми цӕуй, уӕхӕн бунат. Базонӕ, ка си лӕггадӕ кӕнуй, уони туххӕй.

LESSON 22

Филиалти цӕхуӕн куст кӕнунцӕ?

Алли филиали дӕр фӕууй экскурситӕ. Дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонӕн!

LESSON 23

Нӕ литературӕ куд финсунцӕ ӕма ’й куд тӕлмац кӕнунцӕ?

Нӕ литературӕ уадзӕн 700 фулдӕр ӕвзагебӕл. Еци гъуддаги уойбӕрцӕ цӕмӕн хъиамӕт кӕнӕн?

LESSON 24

Ӕхца нӕмӕ кӕцӕй цӕуй?

Ӕхца нӕмӕ куд цӕуй, уомӕй нӕ организаци иннӕ динтӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй?

LESSON 25

Паддзахади залтӕ цӕмӕн кӕнӕн, удта сӕ куд кӕнӕн?

Йеговӕ Хуцауӕн кӕми ковӕн, еци бунӕттӕ нин Паддзахади залтӕ цӕмӕн хуннунцӕ? Фулдӕр базонӕ, еци залтӕ нин не ’мбурдтӕн куд устур ӕнхус ӕнцӕ, уой туххӕй.

LESSON 26

Паддзахади залмӕ куд фӕззелӕн?

Нӕ Паддзахади залтӕ кӕдзосӕй ке дарӕн, уомӕй Хуцауӕн кадӕ хӕссӕн. Уӕ бунӕттон Паддзахади залмӕ куд фӕззелунцӕ?

LESSON 27

Паддзахади зали библиотекӕ нин ци пайда ӕй?

Фӕндуй дӕ Библи лӕмбунӕгдӕр ӕртасун, цӕмӕй ӕй хуӕздӕр балӕдӕрай? Дӕ бон ӕй испайда кӕнун Паддзахади зали библиотекӕй!

LESSON 28

Нӕ сайти ци ес базонӕн?

Дӕ бон ӕй, ка ан ӕма цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой туххӕй дӕр фулдӕр базонун, удта ма дӕмӕ Библий туххӕй ци фарстатӕ ес, уонӕбӕл дӕр дзуапп иссерун.

Ду дӕр Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕндзӕнӕ?

Йеговӕ Хуцау дӕ берӕ уарзуй. Ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун дӕ ке фӕндуй, уой дӕ бон куд ӕй алли бон дӕр ӕвдесун?