Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

10 СӔР

Ци ӕй бийнонти ахур?

Ци ӕй бийнонти ахур?

Хонсар Корей

Бразили

Австрали

Гвиней

Йегови алкӕддӕр фӕндадтӕй, цӕмӕй бийнонтӕ сӕ рӕстӕг еумӕ ӕрветонцӕ. Уой фӕрци бийнонтӕ ӕнгомдӕр фӕуунцӕ, удта Йеговӕмӕ дӕр хӕстӕгдӕр кӕнунцӕ (Дуккаг закъон 6:6, 7). Уомӕ гӕсгӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ алли къуӕре дӕр рӕстӕг рахецӕн кӕнунцӕ, цӕмӕй бийнонти хӕццӕ еумӕ Библи ахур кӕнонцӕ. Еци рӕстӕг равзарунцӕ, хъӕбӕрдӕр сӕ ка тухсун кӕнуй, уӕхӕн фарстатӕ ӕма си алкедӕр сӕребарӕй ӕ гъудитӕ фӕдздзоруй. Бийнонтӕ кӕмӕн нӕййес, етӕ дӕр Библи сӕхуӕдтӕ фӕййахур кӕнунцӕ. Гъе уотемӕй зӕгъӕн ес, ӕма сӕ рӕстӕг Хуцауи хӕццӕ рарветунцӕ.

Уой фӕрци бийнонтӕ Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнунцӕ. «Бахӕстӕг уотӕ Хуцаумӕ, ӕма уӕмӕ е дӕр ӕрбахӕстӕг уодзӕй» (Иакови 4:8). Библи ахур кӕнгӕй адӕймаг хуӕздӕр базонуй, Йеговӕмӕ цӕхуӕн менеугутӕ ес ӕма, аллихузи уавӕрти куд фӕййархайуй, уой. Дӕуӕн дӕр дӕ бон ӕй дӕ бийнонти хӕццӕ еумӕ Библи ахур кӕнун. Фиццаг бал уӕ бон ӕй Библи гъӕрӕй кӕсун, зӕгъӕн, „Нӕ киристон цард ӕма лӕггадӕ“ фембӕлди программӕмӕ гӕсгӕ. Ци сӕргӕндтӕ кӕсайтӕ, уони уӕ бон ӕй радехтӕ кӕнун, цӕмӕй си алкедӕр фӕйнӕ скъуддзаги бакӕса. Уой фӕсте ба радзубанди кӕнтӕ, ӕхецӕн си зундӕн ка ци райста, уобӕл.

Уой фӕрци бийнонтӕ ӕнгомдӕр кӕнунцӕ. Бийнонтӕ Библи еумӕ ке фӕййахур кӕнунцӕ, уой фӕрци лӕгтӕ ӕма уоститӕ, ниййергутӕ ӕма сувӕллӕнттӕ кӕрӕдземӕ хӕстӕгдӕр кӕнунцӕ. Еци рӕстӕг бийнонтӕ гъӕуама рарветонцӕ цийнӕгӕнгӕй, еци бон син гъӕуама бӕрӕгбони хузӕн уа. «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» ӕма иннӕ публикацити кенӕ ба нӕ сайти ӕнгъезуй иссерун хуарз ӕрмӕг алли кари сувӕллӕнттӕн дӕр. Ӕма ниййергути бон ӕй бийнонти ахури рӕстӕги еци ӕрмӕгӕй пайда кӕнун. Зӕгъӕн, скъолай ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ, уони сӕрти сӕ бон куд ӕй рахезун, уой фӕдбӕл ести темӕ равзарӕ ӕма уобӕл радзубанди кӕнтӕ. Кенӕ ма уӕ бон ӕй нӕ интернет-телеуинунади программӕмӕ бакӕсун ӕма ибӕл радзубанди кӕнун. Удта ма уӕ бон ӕй, ӕмбурди ке зардзинайтӕ, еци зартӕ разарун. Уӕхӕн ахури фӕсте ба хуарз уайдӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ ести гъӕзтитӕй рагъазун кенӕ еу минкъий фингӕ ракӕнун.

Бийноти ахурӕн алли къуӕре дӕр рӕстӕг ку хецӕн кӕнайтӕ, уӕд уин Хуцауи Дзурд ахур кӕнун цийнӕдзийнадӕ хӕсдзӕй, ӕма уин уотемӕй Йеговӕ дӕр арфӕ кӕндзӕй (Псалом 1:1–3).

  • Бийнонти ахурӕн рӕстӕг цӕмӕн рахецӕн кӕнӕн?

  • Ниййергути ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй бийнонти ахур алкӕмӕн дӕр цийнӕдзийнадӕ хӕсса?