Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

16 СӔР

Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕбӕл ӕмбурди цӕхуӕн ихӕстӕ ес?

Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕбӕл ӕмбурди цӕхуӕн ихӕстӕ ес?

Мьянмӕ

Ӕмбурди ихӕслӕвӕрди хӕццӕ

Игъосун кӕнуни фембӕлд уадзуй

Зал ӕфснайуй

Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕмбурди аллихузи ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ «цӕстӕдаргутӕ ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕ» (Филиппӕгтӕмӕ 1:1). Арӕхдӕр ӕмбурди фӕууй цалдӕр хестӕр нӕлгоймаги ӕма цалдӕр кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕри. Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕбӕл цӕхуӕн ихӕстӕ ес?

Ӕнхус кӕнунцӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн. Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕ ӕнцӕ, федар ӕууӕндундзийнадӕ кӕмӕ ес ӕма ӕууӕнкӕ кӕбӕл ес, уӕхӕн нӕлгоймӕгтӕ. Еци ӕнсувӕрти астӕу фӕууй ӕригӕнттӕ дӕр ӕма хестӕртӕ дӕр. Ӕмбурди сӕбӕл берӕ аллихузи ихӕстӕ ес. Ӕма си кӕд еуӕй-еутӕ хумӕтӕг гъуддӕгтӕ фӕуунцӕ, уӕддӕр еугурӕйдӕр ӕнцӕ ӕхсидзгӕ. Еци ихӕстӕ сӕхемӕ ке есунцӕ, уой фӕрци хестӕр нӕлгоймӕгтӕн фулдӕр рӕстӕг фӕууй, цӕмӕй Хуцауи дзогӕ хезонцӕ ӕма ’й ахур кӕнонцӕ.

Иннетӕн лӕггадӕ кӕнунцӕ. Еуӕй-еу кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕ фӕуунцӕ ӕмбурди уагдартӕ. Еци ӕнсувӕртӕ, ӕмбурдмӕ ка ӕрбацӕуй, уонӕбӕл бацийнӕ кӕнунцӕ ӕма син ӕгассо фӕззӕгъунцӕ. Иннетӕ музыкӕ исаразунцӕ ӕма микрофонтӕ хӕссунцӕ, кадӕртӕ ба литературӕ, ӕхца, хигъдтитӕ ӕма, ка кӕми игъосун кӕндзӕй, уобӕл дзуапп дӕттунцӕ. Удта ма Паддзахади зал ка фефснайуй ӕма имӕ ка фӕззелуй, уонӕн дӕр ӕнхус кӕнунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма син хестӕр нӕлгоймӕгтӕ баихӕс кӕнунцӕ, цӕмӕй ӕмбурди каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнонцӕ. Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕн цийфӕнди гъуддаг дӕр ку баихӕс кӕнунцӕ, уӕддӕр ӕй ӕнӕзийнадӕй бакӕнунцӕ, ӕма син уой туххӕй ӕмбурди алке дӕр устур аргъ кӕнуй (1 Тимофеймӕ 3:13).

Сӕ киристон менеугутӕй ӕнцӕ фӕнзуйнаг. Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй ке иснисан кӕнунцӕ, уонӕмӕ фӕууй хуарз киристон менеугутӕ. Ӕмбурди син ци радзубандитӕ ӕма ихӕслӕвӕрдтӕ фӕууй, уони фӕрци нин не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнунцӕ. Игъосун кӕнуни гъуддаги дӕр фӕнзуйнаг ӕнцӕ, ӕма е мах дӕр разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй зӕрдиагӕй игъосун кӕнӕн. Удта хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ еумӕ ке архайунцӕ, уой фӕрци ӕмбурди еудзийнадӕ ес ӕма еугурӕйдӕр Йеговӕн зӕрдиагӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ (Ефесӕгтӕмӕ 4:16). Рӕстӕг ку рацӕуй, уӕд кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕн ӕ бон фӕууй хестӕр нӕлгоймагӕй лӕггадӕ кӕнун.

  • Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕмӕ цӕхуӕн менеугутӕ фӕууй?

  • Еци ӕнсувӕртӕ ӕмбурди цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ фӕккӕнунцӕ?