Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

14 СӔР

Пионертӕн цӕхуӕн скъолатӕ ес?

Пионертӕн цӕхуӕн скъолатӕ ес?

Еугонд Штаттӕ

Галаади скъола, (Паттерсон, Нью-Йорк)

Панамӕ

Йегови Ӕвдесӕнтӕ рагӕй пайда кӕнунцӕ аллихузи скъолатӕй. Еци сӕрмагонд скъолатӕ ӕнцӕ, Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнунӕн берӕ рӕстӕг ка дӕттуй, уонӕн, цӕмӕй сӕ лӕггади иронх маци уадзонцӕ (2 Тимофеймӕ 4:5).

Пионерти скъола. Пионер еу анз ку фӕллӕггадӕ кӕнуй, уӕд ӕй фӕххонунцӕ пионерти скъоламӕ. Еци скъола фӕццӕуй ӕхсӕз бони ӕма арӕхдӕр фӕууй Паддзахади зали. Ӕ нисан ӕй пионерӕн банхус кӕнун, цӕмӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг уа, удта аллихузи мадзӕлтти фӕрци ӕнтӕстгунӕй игъосун кӕна ӕма идарддӕр еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕна.

Хуарз хабар игъосунгӕнгути скъола. Еци скъолай дууӕ мӕйи фӕййахур кӕнунцӕ, ӕ цӕрӕн бунат ниууадзунмӕ цӕттӕ ка ӕй ӕма, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уордӕмӕ ӕ бон кӕмӕн ӕй рандӕ ун, уӕхӕн фӕлтӕрдгун пионертӕ. Етӕ фӕнзунцӕ тӕккӕ кадгиндӕр игъосунгӕнӕги – Йесо Киристей, уомӕн ӕма федарӕй загътонцӕ: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн рарветӕ» (Исай 6:8; Иоанни 7:29). Ӕ хӕдзарӕ ка ниууадзуй ӕма ӕндӕр рауӕнмӕ ка рандӕ уй, уони фӕгъгъӕуй ӕндӕр царди уавӕртӕбӕл исахур ун. Кумӕ рандӕ унцӕ, уоми царди уавӕртӕ, климӕт, сӕ хуӕруйнӕгтӕ ӕма се ’гъдӕуттӕ ӕндӕрхузи фӕуунцӕ. Цӕмӕй сӕ бон адӕми хӕццӕ дзорун уа, уой туххӕй ба сӕ фӕгъгъӕуй се ’взаг исахур кӕнун дӕр. Хуарз хабар игъосунгӕнгути скъолай фӕййахур кӕнунцӕ, 23–65 анзей уӕнгӕ кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн ӕнӕуосӕ ӕнсувӕртӕ, ӕнӕцуд хуӕртӕ ӕма киристон бийнонтӕ. Еци скъола син банхус кӕнуй, Хуцауи зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн менеугутӕ сӕ уодигъӕди ирӕзун кӕнун. Уой фӕрци сӕ бон фӕууй, кумӕ сӕ иснисан кӕнунцӕ, уоми ӕнтӕстгунӕй игъосун кӕнун ӕма Йеговӕн, удта ӕ организацийӕн фулдӕр пайда хӕссун.

Галаади скъола. Дзиуиттагау дзурд «Галаад» нисан кӕнуй «ӕвдесӕн кӕрӕ». 1943 анзӕй абони уӕнгӕ Галаади скъола бацӕттӕ кодта 8 000 игъосунгӕнӕгемӕй фулдӕр. Еци скъола ка фӕууй, уони иснисан кӕнунцӕ миссионертӕй, цӕмӕй хуарз хабар игъосун кӕнонцӕ «сауӕнгӕ ма зӕнхи кӕрӕнттӕмӕ дӕр», ӕма син еци гъуддаги хъӕбӕр берӕ бантӕстӕй (Гъуддӕгтӕ 13:47). Зӕгъӕн, нӕ миссионертӕ Перумӕ ку ’рцудӕнцӕ, уӕд си еунӕг ӕмбурд дӕр н’ адтӕй, нур ба си ес 1 000 ӕмбурдемӕй фулдӕр. Японий ба миссионертӕ игъосун кӕнун ку райдӕдтонцӕ, уӕд си Йегови Ӕвдесӕнтӕ 10 дӕр н’ адтӕнцӕ, нур ба ӕнцӕ 200 000 фулдӕр. Галаади скъола фӕццӕуй фондз мӕйи ӕма си лӕмбунӕг фӕййахур кӕнунцӕ Хуцауи Дзурд Библи. Уордӕмӕ фӕххонунцӕ сӕрмагонд пионерти, миссионерти ӕма районон цӕстӕдаргути, удта ма филиалти ка лӕггадӕ кӕнуй, уони дӕр, цӕмӕй исуонцӕ никки фӕлтӕрдгундӕр ӕма ӕмбурдтӕн ӕнхус кӕнонцӕ.

  • Пионерти скъола цӕмӕн гъӕуй?

  • Хуарз хабар игъосунгӕнгути скъола цӕмӕн искодтонцӕ?