3 СӔР
Рӕстдзийнадӕ нӕуӕгӕй куд раргом ӕй?
Библий берӕ раздӕр финст ӕрцудӕй, Киристей мӕлӕти фӕсте киристӕнтти ’хсӕн берӕ мӕнгӕ пахампартӕ ке фӕззиндзӕй ӕма рӕстдзийнадӕ мӕнгӕ ахурӕдтӕй ке ниххӕлӕмулӕ кӕндзӕнцӕ (Гъуддӕгтӕ 20:29, 30). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ рауадӕй. Еци адӕм Киристей ахурӕдтӕ мӕнгӕ динти хӕццӕ исхӕлӕмулӕ кодтонцӕ, ӕма уотемӕй фӕззиндтӕй мӕнгӕ киристон динтӕ (2 Тимофеймӕ 4:3, 4). Мадта уӕд уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма мах Библи раст лӕдӕрӕн?
Рӕстӕг ӕрцудӕй, цӕмӕй Йеговӕ рӕстдзийнадӕ раргом кодтайдӕ. Хуцау загъта, зӕгъгӕ, «кӕрони рӕстӕги... раст зонундзийнӕдтӕ исберӕ уодзӕнцӕ» (Данел 12:4). 1870 анзи, рӕстдзийнадӕ ка агурдта, еци Библиӕртасгути минкъий къуар балӕдӕрдтӕнцӕ, киристон дини ахурӕдтӕй беретӕ Финстадӕмӕ гӕсгӕ раст ке нӕ ’нцӕ, уой. Ӕма цӕмӕй, Библи ӕцӕгӕйдӕр ци дзоруй, уой базудтайуонцӕ, уой туххӕй ӕй лӕмбунӕг ӕртасун райдӕдтонцӕ. Ӕма син Йеговӕ сӕ хъиамӕтӕн райарфӕ кодта.
Рӕстдзийнадӕ ка агурдта, етӕ Библи лӕмбунӕг ӕртастонцӕ. Еци зингзӕрдӕ Библиӕртасгутӕ Финстадӕ куд ӕртастонцӕ, мах дӕр ӕй абони уотӕ ӕртасӕн. Етӕ Библи аллихузи фарстатӕмӕ гӕсгӕ ӕртастонцӕ. Ести скъуддзаг син зин балӕдӕрӕн ку уидӕ, уӕд ӕндӕр стихтӕмӕ ӕркӕсиуонцӕ ӕма ин уотемӕй ӕ гъуди балӕдӕриуонцӕ. Ӕнӕгъӕнӕ Библимӕ гӕсгӕ дӕр раст ка уидӕ, уӕхӕн гъудимӕ ку ӕрцӕуиуонцӕ, уӕд ӕй ниффинсиуонцӕ. Уотемӕй Библи ӕхуӕдӕг ӕхе лӕдӕрун кодта, ӕма ӕ раст ахурӕдтӕ адӕмӕн нӕуӕгӕй раргом ӕнцӕ. Зӕгъӕн, Библиӕртасгутӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, Библи ци дзоруй Хуцауӕн ӕ номи ӕма ӕ Паддзахади туххӕй. Удта ма базудтонцӕ, зӕнхӕ ӕма имӕ адӕми туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес, мӕрдтӕ ци уавӕри ӕнцӕ ӕма сӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой. Финстадӕ лӕмбунӕг ке ӕртастонцӕ, уой фӕрци берӕ мӕнгӕ ахурӕдтӕй ӕма ӕгъдӕуттӕй исуӕгъдӕ ’нцӕ (Иоанни 8:31, 32).
1879 анзмӕ Библиӕртасгутӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, рӕстӕг ке ’рхъӕрдтӕй, цӕмӕй зӕнхӕбӕл еугур адӕм дӕр базононцӕ, Библи ци дзоруй, уой. Ӕма еци анз мухур кӕнун райдӕдтонцӕ, абони уӕнгӕ дӕр ке мухур кӕнӕн, еци журнал – «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг игъосун кӕнуй Хуцауи Паддзахади туххӕй». Абони мах, Библий ци финст ес, уой игъосун кӕнӕн 240 бӕстеми еу-750 ӕвзагебӕл. Рӕстдзийнадӕ нур куд рапарахат ӕй, уотӕ некӕд ма!
-
Библий ахурӕдтӕ, Киристей мӕлӕти фӕсте куд ниххӕлӕмулӕ ’нцӕ?
-
Рӕстдзийнадӕ нӕуӕгӕй куд раргом ӕй?