Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

11 УРОК

Зӕрдиагӕй дзорӕ

Зӕрдиагӕй дзорӕ

Ромӕгтӕмӕ 12:11

ДӔ НИСАН. Зӕрдиагӕй ку дзорай, уӕд дӕ дзурдтӕ игъосгути зӕрдитӕмӕ гъардзӕнцӕ ӕма сӕ архайунмӕ разӕнгард кӕндзӕнцӕ.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Ӕрмӕг дӕхе зӕрдӕмӕ гъарӕд. Дӕхе ку цӕттӕ кӕнай, уӕд лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ, ци дзордзӕнӕ, е куд ӕхсидзгӕ ӕй, уобӕл. Цӕмӕй зӕрдиагӕй дзорай, уой туххӕй гъӕуама ӕрмӕг дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнай.

  • Дӕ игъосгутӕбӕл расагъӕс кӕнӕ. Ци кӕсдзӕнӕ кенӕ ци амондзӕнӕ, е иннетӕн ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уобӕл расагъӕс кӕнӕ. Удта ма расагъӕс кӕнӕ, дӕ бон куд ӕй ӕрмӕг уотӕ радзорун, цӕмӕй игъосгутӕ балӕдӕронцӕ, ци пайда син ӕрхӕсдзӕй, уой.

  • Дӕ дзурд цардӕгас уӕд. Зӕрдиагӕй дзорӕ. Де ’уӕнгти ’змӕлд ӕнӕуой куд фӕууй, уотӕ уӕд ӕма дӕ цӕсгони ’змӕлдӕй де ’нкъарӕнтӕ ӕвдесӕ.