Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

15 УРОК

Федарӕй дзорӕ

Федарӕй дзорӕ

1 Фессалоникӕгтӕмӕ 1:5

ДӔ НИСАН. Уотӕ дзорӕ, цӕмӕй бӕрӕг уа, ци дзорис, уобӕл дӕхуӕдӕг дӕр ке ӕууӕндис ӕма ’й ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл ке нимайис.

УОМӔН КУД ЕС ГӔНӔН:

  • Дӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕ. Ӕрмӕг цӕттӕ кӕнӕ, цалинмӕ дӕ игъосгутӕн Библий фӕрци раст гъудимӕ ӕрцӕунмӕ банхус кӕнун дӕ бон ке ӕй, уой нӕ балӕдӕрай, уӕдмӕ. Дӕ дзубандий райдайӕни сӕйраг гъудитӕ цалдӕр хумӕтӕг дзурдемӕй зӕгъӕ. Сагъӕс кӕнӕ, е игъосгутӕн куд банхус кӕндзӕй, уобӕл. Хуцауӕй сугъдӕг хъаурӕ корӕ.

  • Федарӕй ке ӕууӕндис, е бӕрӕг кӕмӕй уодзӕй, уӕхӕн дзурдтӕй пайда кӕнӕ. Публикаций ӕрмӕг куд финст ӕй, уотӕ дзоруни бӕсти ’й дӕхе дзурдтӕй радзорӕ. Пайда кӕнӕ уӕхӕн дзурдтӕй, цӕмӕй бӕрӕг уа, ци дзорис, уобӕл дӕхуӕдӕг дӕр федарӕй ке ӕууӕндис.

  • Федарӕй ӕма зӕрдиагӕй дзорӕ. Дӕ дзурд дзӕбӕх куд игъуса, уотӕ дзорӕ. Ку федауа, уӕд дӕ игъосгутӕмӕ кӕсӕ.